Ирон адæм æнусты дæргъы кæмæн табу кæнынц, уыцы Джеры дзуары бæрзонддзинад, хъомыс, хохы рæгътæ æмæ кæмтты диссаджы рæсугъддзинад хисæрмагонд цæстытæй фенын, Хуыцаумæ куывдтыты ритуал банкъарын сæхиуыл бавзæрстой Турк, Казахстан, Уæрæсейы, Свердловск æмæ Пермы областты ирæттæ. Уыдон Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты дунеон проект «Этнолагерь – 2018. Аланты фæд»-ы фæлгæтты.

Не ‘мфыдыбæстæйонтæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты 27-æм июлы, æмæ уæдæй фæстæмæ сæ фарсмæ сты æмæ сыл аудынц РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады, Президенты Администрацийы æмæ парти «Иугонд Ирыстон»-ы фæсивæдон хайы минæвæрттæ.

Нырма уал Джеры дзуары цур фæсивæд сарæзтой хъазт. Национ кæфтытæ цы-рынгæнæг мелодиты бын æххæст цыдысты тынг арæхстджынæй. Национ хореографийы дæсныдзинад æвдыстой иууылдæр, кæцы бæстæйы цæрынц, уымæ нæ кæсгæйæ. Алкæмæндæр зындгонд у иу хъуыддаг – ирæттæ кæмфæнды ма цæрой, уæддæр тырнынц национ традицитæ бахъахъхъæнынмæ æмæ сæ сæ фæстагæттæм адæттынмæ.

Стæм дурæй арæзт асинтыл уазджытæ дзуармæ схызтысты æнæсыбырттæй æмæ цахæмдæр æнаахуыр æнкъарæнтимæ. Дзуар сыл йæхæдæг дæр ныууагъта стыр тæлмæнтæ. Æртæ традицион уæливыхы, ритуалон нуазинаг, зынгыл сцæттæгонд нывонд фосы фыдызгъæл, Хуыцау æмæ Дзуармæ куывдтытæ, кæцытæ æххæст цæуынц æнусты дæргъы, проекты хайадисджытæн æнæдызæрдыгæй  систы ногдзинад. Уазджыты нæ фæндыд сыгъдæг бынатæй ацæуын, фæлæ сæм дæлдæр æнхъæлмæ каст дзадджын фынг, цыран адарддæр сты традицион куывдтытæ. Проекты хайадисæг Григорий Зиновьев радзырдта йæ тæлмæнты тыххæй. «Абон фæзынд ноджы иу бынат, кæцы тынг фæцыд мæ зæрдæмæ. Уыдыстæм Пятигорскы комы æмæ ныр та – Джеры дзуары. Уый у тыхдæттæг бынат, ардæм, ацы сыгъдæг бынатмæ схизынæй  адæймаджы удæн фенцондæр вæййы», – радзырдта уый журналисттæн.

Зиновьев банысан кодта, зæгъгæ, проект реализаци цæуы бæрзонд æмвæзадыл. Иумиагæй сисгæйæ, уыцы бон «Этнолагерь-2018. Аланты фæд»-ы проекты хайадисджытæн уыд хъæздыг алыгъуызон программæтæй. Райсомæй уыдон бацыдысты Цхинвалы 5-æм скъолайы кæрты Мемориалон уæлмæрдмæ æмæ Хуссар Ирыстоны историйы трагикон бонтимæ баст æндæр бынæттæм. Республикæйы сæрыл фæмардуæвæг хъахъхъæнджыты æмæ сабыр цæрджыты ном ссаргæйæ.

Хъысмæты бархъомысæй ирæттæ ныппырх сты æппæт дунейыл, фæлæ историон Райгуырæн бæстæйæ дард кæй сты, уымæ нæ кæсгæйæ, уыдонæн сæ фылдæрæн сæ бон ссис национ традицитæ бахъахъхъæнын. Абон, глобализмы эрæйы, æвæлхатт этникон хæдбындурдзинадимæ адæмты бахъахъ-хъæныны фарст актуалон куы ссис, уæд проект «Аланты фæд»-ы  сарæзт у  афойнадыл.

Проект райдыдта 2015 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ уæдæй фæстæмæ йæ хайадисджытæ систы Уæрæсе, Украинæ, Герман, Турк, Венгри, Сири, Латви, Гуырдзыстон, Казахстан, Таджикистан æмæ æндæр бæстæты ирæттæ.

Циндзинад æмæ дисæй цæхæркалгæ цæстытæ, хæлардзинады æмæ цымыдисдзинады атмосферæ, сæрыстырдзинады æмæ патриотизмы тырнæнтæ æмæ Джеры дзуары цур фæсивæды æцæг хъарм эмоцитæ систы проект «Этнолагерь-2018. Аланты фæд»-ы æнтыстдзинады хуыздæр æвдисæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.