Президент Бибылты Анатоли фембæлд æнæниздзинады арæнгонд фадæттимæ сывæллæтты ныййарджытимæ.

Фембæлды ма хайад райстой Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан æмæ сывæллоны барты фæдыл Президенты цур æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ.

Паддзахады сæргълæууæгæн информаци радтой уыцы проблемæты тыххæй, кæцытыл ныййарджытæ æмбæлынц Республикæ Хуссар Ирыстоны медицинон уагдæттæм бахатыны рæстæджы, сæрмагондæй, функционалон хæстæ цæсгомджынæй æххæст куынæ фæцæуынц, афтæ ма сывæллæттæм æмбæлон ахаст куынæ равдисынц, иуæй-иу медицинон лæггæдтæ радтынæн сын æмæ уатон рынчынты хæдзарон уавæрты басгæрст рацæуынæн «нæ» куы фæзæгъынц, ахæм цауты рæстæджы.

Ныййарджыты хъæстытæм байхъусгæйæ, Бибылты Анатоли сæвзæргæ проблемæты тыххæй æруынаффæ кодта Наниты Сосланимæ æмæ хæслæвæрдтæ радта сæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Министр фæндон бахаста æнæниздзинады арæнгонд фадæттимæ сывæллæттæн уæлхыгъд саразыны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, къуыримæ арæзт æрцæудзæн хыгъдон номхыгъд, æмæ уый фæстæ райдайдзæн ацы сывæллæтты диспансеризаци басгæрсты æппæт стандартон методтæм гæсгæ. «Æнæниздзинады арæнгонд фадæттимæ æппæт сывæллæттæн мах сараздзыстæм хицæн хыгъд, афтæ хицæн хыгъд арæзт æрцæудзæн уатон рынчын сывæллæттæн дæр. Уыдонæн арæзт æрцæудзæн хи-цæн специалистты къорд басгæрсты цæугæ методтимæ, афтæ ма сын хæдзæртты исдзысты анализтæ дæр. Алы сывæллонæн дæр бæрæг æрцæудзæн диспансеризацийы график. Алкæцы сы-вæллонæн дæр снысан кæндзысты хосгæнæн курс, хицæн специалистты цахæмдæр уæлæмхас консультацитæ. Сæ басгæрсты хатдзæгтæм гæсгæ, кæд рабæрæг уа цахæмдæр специалистты дефицит, уæд  уал сæ фæхондзыстæм Цæгат Ирыстонæй æхцайыл. Райдианы, цæмæй специалисттæ хатгай æрцæуой æмæ сын снысан кæной хос кæныны процесс, æмæ уый фæстæ та астæуккагæмгъуыдон перспективæйы домындзинæдтæм гæсгæ агурдзыстæм специалисттæ æдзухон куысты бынæттæм», – загъта Наниты Сослан.

Фембæлды рæстæджы ма дзырд цыд инвалидтæн æвджидарты тыххæй. Бибылты Анатоли бахæс кодта Цхуырбаты Татьянæйæн Парламентмæ фыстæг ныффыссыны тыххæй, цæмæй тагъдыл æркæсой æвджидарты тыххæй Закъонмæ. «Фылдæр дзырд цæуы дохтырты хъусдарды тыххæй. Æз уый тыххæй дзырдтон Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады хыгъдон æмбырды рæстæджы дæр. Дзырд цæуы дохтырты хуымæтæджы адæймагон ахастыл сæ пациенттæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон уæлдай хицæн сывæллæттæ сты, уыдонæн сæ бон нæу иннæ сывæллæттау саразын, цы сын дзурынц, уый. Æмæ сæм дохтырты ‘рдыгæй хъуамæ уа æмбæлон ахаст æмæ æмбарынад», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый баныфсæвæрдта, зæгъгæ, цы проблемæтыл дзырдæуыд, уыдон скъуыддзаг æрцæудзысты. «Мах нæ фадæттæм гæсгæ максималон хъусдард здахæм ахæм сывæллæттæм. Æз уæ нымайын хъайтартыл. Мах уыдзыстæм уæ фарсмæ. Сымах уæ проблемæимæ иунæгæй нæ баззайдзыстут. Æххуыс уын кæндзыстæм æмæ æппæт дæр араздзыстæм, цæмæй арæзт цæуа уæлдай комфортон уавæртæ сымахæн æмæ уæ сывæллæттæн. Уыдон сты нæ сывæллæттæ, æмæ ныййарджытæ хъуамæ æнкъарой не ‘ххуыс», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.