Хуссар Ирыстонæй Уæрæсейы Федерацимæ цæуæг шофыртæ Зæрæмæджы таможнæйыл хизгæйæ зындзинæдтæ нал æвзардзысты, сæ машинæтæн «ввоз» кæй хонынц, уыцы гæххæттытæ аразгæйæ. «Ацы фарстыл рагæй цыд куыст. Шофыртæ зындзинад æвзæрстой. Хатт-иу сахатгæйтты фæлæууыдысты рады, цæмæй сын Уæрæсейы таможнæйы бафидар кæной сæ гæххæттыты. Ныр бынаты, таможнæйы агъуысты конд æрцæудзæнис Уæрæсейы таможнæйæн хайад. Специалисттæн хицæн æрцыд фыццаг уæладзыг. Уым ныртæккæ цæуы цалцæггæнæн куыстытæ. Уый фæстæ ифтонг æрцæудзæн ифтонггæрзтæй. Уыцы куыстытæ бирæ нæ ахæсдзысты. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ мæйы бæрц», – зæгъы Хуссар Ирыстоны Сæйраг таможнæйы управленийы сæргълæууæг  Цхуырбаты Мурат.

Ахæм гæххæттытæн сæ пайда кæныны æмгъуыд дæр адарддæр кодтой. Раздæр сæ кæд иу мæйы æмгъуыдмæ лæвæрдтой, уæд ныр та дæттынц афæдзы æмгъуыдмæ.

Ацы фарст зындзинæдтæ кæй æвзарын кодта, уый тыххæй шофыртæ арæх хъаст кодтой РХИ-йы Президентмæ. Махæн-иу хæслæвæрд радта, фæлæ йæ саразын афтæ æнцон нæ уыд. Уымæн æмæ таможнæйы куыстæн ис йæхи уагæвæрд. Нæ уæрæсейаг коллегæтæ хорз æмбæрстой, шофыртæ фæндагыл цæугæйæ, бирæ рæстæг кæй сафынц. Фæлæ йæ аскъуыддзаг кæныны фарст æргъæвд цыд азæй-азмæ. Ныр Бибылты Анатолийы руаджы æмбæлонæй аскъуыддзаг ацы ахсджиаг фарст.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.