Президент Бибылты Анатоли Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны наз бæласы цур фембæлд Хуссар Ирыстоны скъолаты хистæркъласонтимæ. Фембæлды ма хайад райстой Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ Галуаны директор Джиоты Арянæ. Хистæркъласонтæ Президентæн дзырдтой се ‘нтыстыты æмæ се скъолаты историйы тыххæй. Афтæ ма Президентмæ лæвæрдтой алыгъуызон фарстытæ, кæцытæ хаудтой политикæ æмæ социалон фадыгмæ. Фембæлд рауад цымыдисон æмæ аххæссыд дыууæ сахатæй фылдæр. 10-æм скъолайы ахуырдзаутæ бафарстой Бибылты Анатолийы, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгады плæнтты ис се скъолайы хæрзарæзтад æви нæ? «Советон цæдисы хъайтар Цоциты Василийы номыл скъола хъуамæ хæрзарæзт æрцæуа æндæр гæнæн нæй», – сдзуапп кодта Президент. Уавæрæй спайда кæгæйæ, ацы скъолайы ахуырдзаутæ бузныджы ныхæстæ загътой паддзахады сæргълæууæгæн скъоламæ цæуæг уынгты хæрзарæзт кæй скодтой, уый тыххæй.

Гимназ «Альбион»-ы хистæркъласонтæ Бибылты Анатолийæн радзырдтой, зæгъгæ, ахуырдзауты инициативон къорд æмбырд кæнын райдыдта чи нал бæззы, ахæм, спайдагонд батарейкæтæ. «Батарейкæтæ æмбырд кодтам æппæт Цхинвалы æмæ æрæмбырд кодтам 100 килограммæй фылдæр. Фæлæ сæ Цæгат Ирыстонмæ аласынмæ куы бафæлвæрдтам, цыран  утилизаци кæнынц батарейкæтæ, уæд нæ æрдомдтой сæрмагонд барлæвæрд. Цæмæй сæ æнæныхдуртæй аласæм, уый тыххæй нын дæ бон у баххуыс кæнын?», – бафарста Президенты хистæркъласонтæй сæ иу. Бибылты Анатоли рахæцыд ацы хорз идейæйы æвварс æмæ æрсидт гимназисттæм, цæмæй адарддæр кæной ацы хæрзаудæн архайд. Афтæ ма сын ныфс бавæрдта фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнынæй.

Бибылты Анатолийы ма бафарстой, зæгъгæ, Президенты куысты иууыл зындæр цы у? «Иууыл зындæр у уынаффæ райсын, уымæн æмæ уыимæ бирæ баст у. Райсгæ уынаффæ хъуамæ уа раст. Сымахæн дæр уæ сомбоны царды кæддæрты зын уыдзæн раст уынаффæтæ исын. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ», – загъта уый.

Дзауы астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ паддзахады сæргълæууæджы бафарстой районы центры 1991 азы тыхджын зæххæнкъуысты фæстиуæгæн чи ныппырх, уыцы санаторийы хъысмæты тыххæй. Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ног санаторийы арæзтад хъуамæ уа хъæуæг, æмæ абон афтæ нæу. «Фæлæ уын фехъусын кæндзынæн æхсызгон хабар, æввахс рæстæджы Дзауы районы райдайдзæн сывæллæтты лагеры арæзтад, кæцы уыдзæн тынг хъæуæг. Уым улæфдзысты æмæ сфæлдыстадон куыст кæндзысты æрмæст Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ нæ, фæлæ Уæрæсе, Донецк æмæ Луганскы сывæллæттæ дæр», – загъта Бибылты Анатоли.

Президентмæ ма радтой фарст Хуссар Ирыстоны архайæг иунæг сотон оператор «Остелеком»-ы тыххæй æмæ республикæмæ æндæр сотон бастдзинады операторты æрбакæныны фадаты тыххæй. Бибылты Анатоли сдзуапп кодта, зæгъгæ, сотон бастдзинады æндæр оператортæн абон Хуссар Ирыстон цымыдисон нæу, фæлæ «Остелеком»-имæ баныхæстæ цæуынц тарифон политикæмæ ногæй æркæсыны тыххæй. «Адæм «Остелком»-ы тарифтæй разы кæй не сты, уымæ гæсгæ мах райдыдтам баныхæстæ тарифон политикæмæ ногæй æркæсыны тыххæй. Фидарæй уын зæгъын, дыууæ мæймæ  ацы фарст скъуыддзаг кæй æрцæудзæн», – фехъусын кодта уый. Хистæркъласонты ма бацымыдис кодтой ацæугæ, 2019 азы иууыл ирддæр цаутæм. Президент радзырдта, зæгъгæ, нысаниуæгджын цаутæ æрцыдысты республикæйы цардархайды алы фадыджы дæр, куыд социалон-экономикон, спортивон, культурæ æмæ æндæр фадгуыты дæр.

Беседæйы кæрон Бибылты Анатоли ногазон лæвары хуызы Сывæллæтты сфæлдыстадон центры директор Джиоты Арянæйæн радта æхцайы сертификат оргтехникæ самал кæныны тыххæй. Джиоты Арянæ фæндон бахаста Хуссар Ирыстоны хистæркъласонтимæ паддзахады сæргълæууæджы ногазон фембæлдтытæ традицион скæ ныны тыххæй. Бибылты Анатоли сразы ацы фæндыл.  Йæ рады Джиоты Арянæ та Президентæн балæвар кодта Галуаны эмблемæимæ сахат æмæ майдан, кæцыйæ схорзæхджын кæнынц æрмæстдæр уагдоны хæлæртты. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæн æвдыст æрцыд концертон программæ, кæцы бацæттæ кодтой Галуаны хъомылгæнинæгтæ. Фембæлды кæрон æрæмбырдуæвджытæ Президентимæ акафыдысты ирон национ кафт «Симд».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.