РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн фембæлд уыд фыд Пухатэ Георгиимæ. Паддзахады сæргълæууæг ын бузныджы ныхæстæ загъта 2008 азы августы Гуырдзыстоны хæстон агрессийы рæстæджы  Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырдзинады тыххæй Стыр Хуыцаумæ  кæй куывта, уый сæраппонд.

«Уыцы бонты ды нæ ныууагътай аргъуанмæ цæуджыты, уыдтæ семæ æмæ куывтат Ирыстоны зæххыл сабырдзинады тыххæй. Уый хъайтардзинад   у æмæ дын уый фæдыл дзурын стыр бузныг. Хъыгагæн, ахæм хъæбатырдзинæдтæ бирæ хатт айрох вæййынц æмæ сын аргъ не’ рцæуы, фæлæ раджы уа æви æрæджы, уыдоны тыххæй базоны алчидæр.

Зонын уый дæр, æмæ ды бирæ рæстæджы дæргъы кæй нæ дæ Хуссар Ирыстоны, фæлæ мæн тынг фæнды, цæмæй ды уай ам де ‘ввахс хиуæттимæ æмæ хæлæрттимæ, аргъуанмæ цæуджытимæ, кæцытæ дæм æнхъæлмæ кæсынц. Æз хъуыды кæнын афтæ, æмæ ды бирæ кæй сараздзынæ Хуссар Ирыстоны чырыстондзинады тыххæй», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны алыхатт дæр сæ зæрдыл дардзысты дæс азы размæйы цаутæ, кад кæндзысты, Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы хъайтартæн, æмæ уыдоны тыххæй мысынад дæтдзысты фидæны фæлтæртæм.

Йæ рады, фыд Пухатэ Георги арфæ ракодта паддзахады сæргълæууæгæн ахæм хъарм ныхæсты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, тынг зын у 2008 азы августы цаутæ мысын. «Уый хуымæтæджы хæстон конфликт нæ уыд, æххæстæй йæ æмбæрстам, федтам æмæ æнкъардтам, мах кæй куынæг кæнынц, уый. Тынг тæссаг уыд, æмæ йæ æз не ‘мбæхсын. Фæлæ мах æууæндыдыстæм Хуыцауыл. Хуыцаумæ фехъуысынц æфхæрд зæронд адæймæгты æмæ сывæллæтты куывдтытæ. Æмæ уый уыд нæ зæрдæты дæр, æндæр мæ ницыуал ныфс уыд. Мæн уырныдта, хæстæй ныккæндты чи æмбæхст,  уыцы адæмы цæссыгкалгæйæ куывдтытæ æнæхъусдардæй кæй нæ ныууадзæн Дунескæнæг Хуыцау. Æмæ нæм Хуыцау æрцыд æххуысмæ», –  загъта уый.

Фембæлды ма хайад райста дины хъуыддæгты фæдыл Президенты цур æххæстбарджын Хуыбиаты Соня.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.