Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыд делегаци Уæрæсейы Федерацийы экономикон райрæзты министры фыццаг хæдивæг Михаил Бабичы сæргълæудæй. Фыццаг сæ фæндаг ракодтой дыууæ бæстæйы Мидхъуыддæгты министрадты иумæйаг информацион-координацион центрыл. Уазджытимæ æрбацыд Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекойты Геннади дæр.

Цытджын уазджытыл ИКЦ-йы ногарæзт административон бæстыхайы сæмбæлд центры директор Болататы Алан æмæ сын æрдзырдта йæ дæлбар хайады æнтыстытыл æмæ дарддæры плæнттыл. Фенын сын кодта кусджыты кусæн уавæртæ, командировкæйы нæм Уæрæсейæ цы специалисттæ æрцыдысты, уыдоны цæрæнуæттæ æмæ ма кусæгон лабораторитæ дæр. Ныридæгæн ацы центры цы лабораторитæ уæвынад кæнынц, уыдон стыр пайда хæссынц фыдракæндтæ раргом кæнынæн æмæ бæрæг фæрогдæр кодтой слестгæнæн кусджыты къух.

Уыимæ ма иумæ уазджытæ азылдысты центры арæзтады дыккаг этапы объекттыл.  Ам та фидæны уыдзæн автотехникон экпертизæйы боксты бæстыхай, æхгæд спортивон зал, æхсæнгарзæй æхсæн тир, цæрæн бæстыхай æмæ стадион, алыгъуызон спортивон ерыстæ уадзынæн. Центры территорийы ма уыдзæн аргъуан дæр æмæ ацы объекты арæзтад дæр ис йæ тæмæны. Дыккаг этапы арæзтад дæр фæхæццæ кæны йæ кæронмæ æмæ тагъд рæстæджы объекттæ лæвæрд æрцæудзысты эксплуатацимæ. Михаил Бабич куыд банысан кодта, афтæмæй æгас Кавказы ахæм иттæг хорз уавæртæ никæцы барадхъахъхъæнæг органтæн цæуы арæзт.

Иумæйаг информацион-координацион центр арæзт æрцыд Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæн интеграци æмæ æмгуысткæнынады бадзырды фæлгæтты, кæцы бафыстой 2016 азы 4 июлы. Йæ сæйраг нысаниуæг у, цæмæй барадхъахъхъæнæг органтæ аккаг ныхкъуырд  дæттой фыдгæнджытæн æмæ алыгъуызон криминалон элементтæн.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.