4 октябры горæт Цхинвалы Кады Аллеяйы мидхъуыддæгты органты æрыгон кусджытæн уагъд æрцыд Ард бахæрды цытджын церемони. Ардæм æрбамбырд сты Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад, барадхъахъхъæнæг органты ветерантæ æмæ курсантты ныййарджытæ, хиуæттæ æмæ æмбæлттæ. Мадзалмæ фæуазæг сты бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, нæ республикæйы къухдариуæгады æндæр бæрнон кусджытæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

Ацы аз Мидхъуыддæгты министрады хаххыл Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм æрвыст æрцыдысты 20 адæймаджы – 17 лæппуйы æмæ 3 чызджы. Бибылты Анатоли зæрдиагæй раарфæ кодта курсанттæн æмæ сын ныффæдзæхста, цæмæй уой æгъдауджын, зæрдæргъæвд æмæ æнтыстджын сæ дарддæры ахуыры æмæ стæй та сæ службæйон архайды.

Ард бахордтой стыр æмæ бæрнон хæсы тыххæй

«Уæ ныййарджытæ дæр æмæ мах дæр сымахæй стæм сæрыстыр, æвæрæм уæ стыр ныфс. Уæ зæрдыл кæддæриддæр хъуамæ дарат, Ард бахæрын, фыццаджыдæр, кæй у бæрндзинад уæ Райгуырæн бæстæйы раз, уе ‘ввахс адæмы раз. Сымахæн ис хорз уавæртæ, цæмæй æмбæлон зонындзинæдтæ, фæлтæрддзинад райсат   æмæ уат уæ Райгуырæн бæстæйы патриоттæ. Мидхъуыддæгты министрад стыр хайбавæрд бахаста нæ æрыгон Республикæйы рæзтмæ, хъахъхъæдта йæ æддагон знæгтæй æмæ ма уыимæ иумæ æмбæлон фæтк æвæрдта æхсæнады дæр. Абоны бон кæд ацы ведомство æмбæлы зындзинæдтыл, уæддæр сын ис аиуварсгæнæн цыбыр æмгъуыдмæ. Æмæ уый та баст у сымахимæ, уымæн æмæ сымах стут барадхъахъхъæнæг органты фидæн. Мæн фидарæй уырны, иттæг хорз кæй равдисдзыстут уæ тырнындзинад ахуырмæ, уæ арæхстдзинад куысты, æмæ Хуссар Ирыстоны ном кæй никуы фæхудинаг кæндзыстут Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр кæнгæйæ», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Пухаты Мераб дæр йæ раныхасы æрдзырдта Ардбахæрды нысаниуæгыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йæ ныфс ис фидæны кæй уыдзысты барадхъахъхъæнæг органты аккаг кусджытæ.

«Сымах уæхимæ райстат стыр хæс ахæм професси равзаргæйæ, бацыдыстут адæмы бæрны æмæ сын нырæй фæстæмæ хъуамæ хъахъхъæнат сæ æдасдзинад, се ‘нæниздзинад, макæй уадзат Конституци æмæ закъоны сæрты хизын. Сымахæн ацы Ардбахæрд хъуамæ баззайа уæ зæрдæты, цæмæй уæ уæ службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ æфтауа раст фæндагыл», – загъта ведомствойы сæргълæууæг.

Ард бахордтой стыр æмæ бæрнон хæсы тыххæй

  Ныхасы ма рацыдысты æмæ курсанттæн арфæйы ныхæстæ загътой милицийы ветерантæ æмæ курсантты ныййарджытæ. Æрæмбырдуæвджытæ ма иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой барадхъахъхъæнæг органты кусджытæй йæ службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ.

Кæронбæттæны курсанттæ къамтæ систой бæстæйы Президентимæ æмæ сæ ведомствойы сæргълæуджытимæ.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.