Стыр зиан æрцыд нæ газеты чысыл коллективыл. Йæ цардæй ахицæн, газетцæттæгæнæг, газетаразæг сфæлдыстадон кусджытæй сæ иу – Туаты Ларисæ. Амард, йæ цард аразыны, йе сфæлдыстады тыхы куы уыд, раст уыцы рæстæджы.

Бирæ зынтæ, хъыгтæ нын бавзарын кодта нæ цард æмæ нын сæ, хъыгагæн, абон дæр æвзарын кæны. Уыдонæй иууыл уæззаудæр кæстæры рис, йæ мæлæт ын бавзарын у. Ларисæ æртæ хъæбулы мад бацис, фæлæ кæстæрыл нымад уыд, цы хæдзары схъомыл æмæ йæ йæ амонд цы хæдзармæ бакодта, уыдонæн. Уыд, нæ газетмæ кусынмæ цы кæстæр фæлтæр æрбацыдысты, уыдонæй.

Стыр хъыгагæн… Уыд.

Дзурæм ныр ивгъуыд афоны Ларисæйы тыххæй. Фæстаг мæйты йын йæ уды цы уæззау низ æвдæрзта, уымæй фервæзыны ныфс йæ зæрдæйы æмæ нæ зæрдæты дæр куы бацыд, йæ хъæбултæм, уæлдайдæр та цардмæ кæй ракодта, фæлæ зæрдæйы фæндиаг кæуыл нæ ацин кодта, йæ уыцы ноггуырдмæ, йæ хиуæттæм дард Мæскуыйæ куы ратагъд кодта, уæд аскъуыдис йæ цард… нал сæм фæхæццæ. Хуыцауы цæст ын уыцы хорздзинад нæ бауарзта, æмæ мады ‘рдыгæй сидзæр уæвгæйæ, сидзæрæй ныууадзын кодта йæ хъæбулты дæр…

Фæзæгъынц, зæгъгæ, не ‘хсæнæй чи фæхъæуы, уымæй – цахæмфæнды адæймаг ма уа – хорз фæзагъдæуы. Ларисæйæ, не ‘хсæн цæргæйæ æмæ кусгæйæ, хорзæй дарддæр ницы загътаис. Хиуылхæцгæ адæймаг, зæрдæхæлар æмбал, аудаг, æнкъараг ныййарæг, бинонтæн лæггадгæнæг – ахæмæй баззайдзæн нæ зæрдæты. Цард æй кæд тынг нæ рæвдыдта, уæддæр йæхæдæг йæ фæлмæн ныхасæй, йæ райгæ цæсгомæй рæвдыдта, кæй æхсæн цард, уыдоны, уарзта сæ æмæ йын уыдон дæр дзуапп лæвæрдтой ахæм ахастæй, ахæм æнкъарæнтæй.

Нæ газеты культурæйы хайады кусгæйæ, Ларисæ æнæзæрдæхудтæй æххæст кодта, журналисты раз цы зын æмæ бæрнон хæстæ ис, уыдон. Æндæр æмæ æндæр темæты фæдыл ын йæ уацтæ кастысты нæ газеткæсджытæ. Фæлæ адæймаг йæ хъуыддаджы цахæмфæнды дæсны ма уа, уæддæр сæйрагдæр йæ адæймагон миниуджытæ сты æмæ Ларисæ та, куыд адæймаг, афтæ дзы бирæ цæмæйдæрты уыд цæвиттон райсæн.

Ныр сау мæлæт дæр не ‘хсæнæй фæхицæн дæу кодта, Ларисæ, æмæ цæуыс де ‘нусон бынатмæ. Зын у дæумæ ахæм æгъатыр ныхæстæ дзурын, фæлæ сын æнæзæгъгæ дæр цы ис. Цæуыс, дæ хæдзары, дæ куысты къæсæрæй дæ къах нал бавæргæйæ, цæуыс дæ хъæбултæ, дæ бинонтæм зæрдæхсайгæйæ. Цы ма дын у нæ бон, рухс дзæнæты бад зæгъынæй дарддæр…

Рухсаг у, нæ зынаргъ Ларисæ…

Газет «Хурзæрин»-ы коллектив

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.