Мæнæн чиныг цыфæнды стыр лæварæй зынаргъдæр у, уæлдайдæр та мын æй кæд автор йæхæдæг саккаг кæны, уæд. Автографон бафысты ирдæй зыны, йæ зæрдæ дыл кæй дары, æууæнды дыл — раст æй бамбардзынæ, йæ удрæбынмæ йын ныккæсдзынæ æмæ йын йæ рыстыл фæрисдзынæ, йæ циныл фæцин кæндзынæ. Стæй йын цы тæрхон рахæсдзынæ, ууыл дæр разы у, уымæн æмæ дын зоны аив дзырдмæ дæ ахаст. Раст мæм ахæм хъуыды сæвзæрын кодта Джусойты Нинæйы лæвар чиныг «Зæрæхсиды тынтæ».

Ацы радзырдты, новеллæты æмæ миниатюрæты чысыл æмбырдгонд кæсгæйæ, чиныгкæсджытæн сæ фылдæр чизоны ахъуыды кæна — куыд æнцон кæсинаг у, иугъуызон хабæрттыл дзурæг, афтæ æз дæр куы ныффысдзынæн… Бафæлвар, мæ хур, кæддæра дын дзы цы рауаид. Æнцонæй кæсинаг чиныг зындæр фыссинаг кæй у, уый дæр бамбардзынæ.

Джусойты чызг алыбон пайдагæнæн хуымæтæг дзырдты уыйбæрц тых бауадзы, ахæм хъарм зæлтæй сæ сфæлындзы, æмæ автор æргомзæрдæйæ цæуылты дзуры демæ, цытæ дын æвдисы, дæхи уыцы дунейы фæхатдзынæ.

Ирон адæмы хъысмæт, ирон лæджы удыхъæд, ирон æгъдæуттæ дын афтæ арæхстгай æмæ зæрдæмæхъаргæ æвдисы фыссæг æмæ цымыдисгæнгæ цæуыс йæ фæстæ, цæуыс æмæ алцы уыныс, удæгас нывтæм кæсæгау. Райсæм дзы иу радзырд «Лæгдзинады таурæгъ» æмæ йæм æркæсæм. Цæры зæхкусæг лæг, кусы æхсæвæй-бонæй уæхскуæзæй, цæмæй йæ бинонтæ къæбæрцух ма æййафой. Хуыздæр цардмæ тырнгæйæ йæ цæрæн бынат ивыныл дæр разы у. «Мæ куыдз амæла мæгуыр, зæхцух адæймаджы хъысмæтыл, æндæр сæ Къахетмæ цы æрхаста. Раст сын, цыма, ам исчи цæттæ бынтæ ныууагъта, уыйау æрхæццæ сты Хуссар Ирыстоны алы къуымтæй. Ирон адæм, æвæдза, сæ бын никуы хъарм кæнынц. Рагæй фæстæмæ хуыздæр цардагур кæм нæ балæууынц, ахæм нæй. Цуанон, дам, цы ком нæ басгары, уый сырдджын хоны». Æмæ радзырды сæйраг персонаж Хуссайраг Арчил дæр хуыздæрмæ бæлгæйæ Къахеты æрцардис йæ бинонтимæ. Дыууæ фырт ын бавнæлдтой цард аразынмæ. Сæхицæн бацæуæндон самадтой, хъæуæн фалдæр, хъæдрæбын къутæрджын, дурджын бынат дæр ныссыгъдæг кодтой, хор кæм æрзайын кодтаиккой, ахæм фадыг дзы бацæттæ кодтой. Цъусгай сæ къахыл слæууыдысты, хистæр лæппу ус дæр æркодта, тагъд йæхæдæг лæппуйы хицау бауыдаид. Фæлæ хъысмæт сайдæй разылд Арчилыл уыцы цъыфдзаст бынæтты цæрæг адæмыл ризæг сыстад, Арчилы дыууæ фырт дæр фæрынчын сты æмæ амардысты. Фырмæтæй сæ мад æруатон æмæ знаг бавзарæд, ацы бинонтæ цы бавзæрстой, уый. Фæлæ бæрндзинад æмæ лæгдзинад æцæг иронæн йæ туджы сты. Нæ басаст хæдзардарæг, цард дарддæр хъуамæ ацæуа, йæ чындзæн лæппу райгуырд æмæ йын ныр бындар уыд, уый дæр ын тых лæвæрдта. Чындз дæр йæ тых æй куыд хаста, афтæ йæ фарс лæууыд хæдзары дæр æмæ быдыры кусгæйæ дæр.

Уыцы рæстæджы (дзырд цæуы æнудæсæм æнусы 80-90 азты) Гуырдзыстонмæ арæх лæбурдтой Лекъ рафсад-иу кодтой æмæ сæ стыгътой, сæ фос сын истой, сæ сылгоймæгты, сæ чызджыты сын уацары кодтой, сæ рæсугъдты сын дыккаг устытæн æвзæрстой, иннæты уæй кодтой. Афтæ уынгæджы уыдысты гуырдзы, æмæ ма цин дæр кодтой, арæнгæрон хъæуты ирæттæ кæй æрцардысты — хъахъхъæнæг сын фæзынд. Ирæттæ-иу карз тох самадтой æмæ афтæ æдæрсгæ нал уæндыдысты лекъ. Фæлæ абырæг йæ кæнон кæм уадзы — уæддæр сусæг-æргомæй сæ кæнон кодтой.

Иу ахæмы Арчил æмæ йæ рæсугъд чындз Лези сæ зæххы фадыг куыстой, афтæмæй сæм лекъаг абырджыты къорды зындгонд хистæр фæзынд. Лези йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ йæхи бакæнын æрфæндыд, фæлæ зæронд лæг тохы бацыд абырæг Нажудинимæ. Кæд знаг æвзонгдæр уыд æмæ бирæ тыхджындæр, уæддæр зæронд лæг худинаг йæ сæрмæ нæ бахаста. Мæлæтдзаг цæф фæци, фæлæ абырæджы дæр мæрдтæм барвыста. Радзырд афтæ фæуд кæны: «Абон дæр Арашпераны уæлмæрдмæ куы бацæуай, уæд иу ран фендзынæ дæргъæццон дойнаг дур, йæ уæлæ латинаг алфавитæй фыст: «Ацы ран ныгæд ис Лалыты Арчил Несторы фырт. Уый амардта лекъаг тæссаг абырæг Нажудины, фæлæ йæхæдæг дæр хъæбатырæй фæмард. Кад æмæ ном скодта ирон адæмæн. Рухсаг у. июлы мæй, 1907 аз».

Ахæм у хæрз цыбыртæй радзырды мидис. Кæд радзырд ирон адæмы царды историйы æрмæст иу чысыл скъуыддзаг у, уæддæр дзы автор æргом æмæ ирдæй равдыста Ирыстоны хъысмæт, (XIX æнусы 80-90 азтæ) ирон адæмы æнæбасæтгæ тых, лæгдзинад, æгъдау æмæ намыс. Кæмфæнды ма уа, цыфæнды зын тухæнты ма бахауа, уæддæр ирон нæлгоймаг никæмæн ныббардзæн сылгоймаджы ном æмæ кад чи чъизи кæны, уымæн. Фæлтау йæ уд мæлæтмæ ратдзæн. Иу хатт ма йæ зæгъын, æппæт ацы цаутæ нын автор ахæм бауырнинаг фæрæзтæй æмæ хуызтæй дзуры, æмæ дæ хъуыдыйæ нал ахаудзысты. Фыссæгæн йе стыр æнтыст дæр уый мидæг ис йæхæдæг куыд лыстæггай æмæ арф уыны царды алы фæзилæнтæ, цинтæ æмæ хъыгтæ, дæуæн дæр сæ афтæ равдиса.

Хъуырмæ над у цард цымыдисæфтауæг уæззау цаутæй, фæлæ сæ алы адæймаг дæр йæхирдыгонау æмбары, фыссæг та архайы, куыд растдæр, зæрдæмæхъаргæдæр сæ равдиса, ууыл. Хорз æнтысы ацы хъуыддаг Джусойты Нинæйæн. Йæ радзырд «Ссады дзæкъул» дæр ууыл дзурæг у. Уацмысæн йæ ном йæ дарддæры хъысмæтыл баст у — алæма кæддæра цы расайдзæн йæ фæстæ ахæм ном. Æмæ, фæстæдæр рабæрæг, ацы ссады дзæкъул йæхи хуылфы куыд æгæрон бирæ маст æмæ рыст фæхаста Фыдыбæстæйон хæстæй — конфликт кæй рахуыдтой (1989-2008 азты) уыцы тугæйдзаг, æгасæй цъаммардæр æмæ æгъатырдæр хæсты онг, уый.

Фашистон Германы æфсад Украинæ куы бацахста æмæ басыгъта, уæд ницыгæнæг адæмæй удæгасæй чи аирвæзт, уыдон лыгъдысты алырдæмыты æмæ дзы Хуссар Ирыстонмæ дæр æрбахаудта къордтæ-къордтæ æххормаг æмæ æфхæрд сылгоймæгтæ, сабитæ. Зылдысты мæгуыргур æмæ кæд нæхи адæм дæр тыхст уыдысты, уæддæр ирон уазæгуарзондзинад никуы сæфы æмæ сын сæ фæстаг къæбæр дæр не ’вгъау кодтой. Ацы хъæуы, лигъдонтæ кæдæм æрбахаудтой, уым цардысты æнæзæнæг ус æмæ лæг Болатон æмæ Вазно. Вазно хæсты уыд. Болатоны къæсæрыл балæууыдысты лигъдонтæ. Иу сылгоймаг йæ чысыл сывæллон йæ риумæ балхъывта, афтæмæй йæ къæхтыл тыххæй лæууыд æмæ Болатонæн къухты æххуысæй æмбарын кодта, айс мын мæ хъæбулы, зæгъгæ, сыдæй мын амæлдзæн, мæнæн та «хлеб» кæнæ «мука» радт. Цæрæнбонты сывæллонмæ чи бæллыд, уыцы Болатон райста сабийы æмæ усæн дзæкъулыдзаг ссад радта. Ацыд мад дыдæгътæгæнгæ æмæ фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ. Уыцы æхсæв Вазно дæр фæзынд лæдзгуытимæ — йæ иу къах хауд, афтæмæй. Ацы ныв афтæ зæрдæмæхъаргæ фыст у æмæ дæ никуы ферох уыдзæн. Саби уыйбæрц цин радта сæ дыууæйæн дæр, æмæ сæ хæст дæр ферох, йæ фæстиуджытæ дæр, кæмдæр хæсты быдыры цы лыг къах баззад, уый дæр. Цин кодтой сабийыл æмæ йыл ном та цы сæвæрæм, зæгъгæ, фæстагмæ загъта Вазно. Болатон афтæ: “Ном ыл ис, йæ мад æй Мука хуыдта… «Лæг алцыдæр бамбæрста æмæ сразы — Мука, уæд Мука уæт йæ ном.

Иу къуыри, æрмæст иу къуыри ахаста сæ цин Вазно æмæ Болатонæн. Къуырийы фæстæ сæм фæзынд сабийы мад кæугæ æд ссады дзæкъул. «Айсут уе ссад, æрмæст мын мæ хъæбулы фæстæмæ раттут…» Куыдта иукъахыг лæг, ставд цæссыгæй куыдта, фæлæ дзы цы гæнæн уыд — акодта мад йæ сывæллоны, адон та фырмастæй хатгæ дæр нæ фæкодтой, ссады дзæкъул уым кæй ныууагъта ус.

Рацыд чысыл рæстæг Вазно æмæ Болатон аскъуыддзаг кодтой, цæмæй æнæхицау сывæллæтты хæдзарæй ракодтаиккой сæхицæн сывæллон. Бацыдысты æмæ диссаг — Мука ам разынд. Куыд ын радзырдтой, афтæмæй ацы сабийæн йæ мад фæндагыл амарди æмæ йæ иннæ лигъдон устытæ ардæм æрбакодтой. Афтæ фæстæмæ бафтыд Мука Вазнотæм. Схъомыл æй кодтой, бинонтæ дæр ын æрхастой æмæ цыд сæ цард адджынæй, фæлæ райдыдта хæст — æрбафсæрстой гуырдзиæгтæ, басыгътой ирон хъæуты, Вазно æмæ Болатоны дæр сæ хæдзары басыгътой. Мука аирвæзт æмæ Дзæуджыхъæумæ ахауд. Ссады дзæкъул та…

«Дзæуджыхъæуы сахары хуссайраг лигъдæттæн æххуыс кæм лæвæрдтой, уым рады лæууыд Мука æмæ зæрдæхæлдæй дзырдта ацы хабæрттæ: — Æртæ хæсты басыгъд мæ хъысмæт. Фыдыбæстæйы стыр хæст мын мæ ныййарджыты байста æмæ мæн — украинаг чысыл сабийы, схъомыл кодтой ирон бинонтæ. Уыцы ныййарджыты та мын нæуæдзæм азты гуырдзыйы фашисттæ æдхæдзар басыгътой. Ногæй та хæдзар фæцарæзтон, æмæ та мын æй æртыккаг хатт гуырдзы украинаг танктæй ныппырх кодтой. Ныр æз цы фæуон, кæдæм ма фæцæуон, кæм ис царды, кæм ис адæмы рæстдзинад? — куыдта Мука, афтæмæй хызыны æвæрдта, æнæхъæн бон æм рады фæлæууыны фæстæ цы æрхауд, уыдон.

— Мæнæ кæсут ацы ссады тыхтонмæ? — хæрдмæ сдардта ссады чысыл дзæкъул, — уыйбæрц ссадыл мæ кæддæр баивта мæ рухсыбадинаг мад æмæ ныр та мæн бахъуыд ирвæзыны хосæн…»

Хæрз цыбыртæй та æрхастæуыд радзырды мидис, фæлæ йæ сæрæй кæронмæ хъуамæ бакæсай, цæмæй йын автор йæ аивадон тых, ахадындзинад, куыд цымыдисон амæлттæй амайы цауты кæрæдзийыл, уый зæрдæбынæй банкъарай.

Чиныджы ма цы радзырдтæ, новеллæтæ, цардæй ист хабæрттæ, фыссæгæн йæ сабибонты мысинæгтæ ис мыхуыр, уыдон ноджы арфдæр хъарынц зæрдæмæ. Реалон царды æрцæугæ æмæ бавзаргæ цаутæ афтæ удæгас нывтæй, рог юморимæ дзуры фыссæг, æмæ æгæрон æхцондзинад æнкъарыс. Иудзырдæй, «Зæрæхсиды тынтæ» фыссæджы сфæлдыстадон æнтыст у цæстуынгæ æнтыст. Ис дзы иуæй-иу фиппаинæгтæ, фæлæ сæ рæгъмæ рахæссыны аккагыл нæ нымайын — хуры цæсгомыл дæр ссардзынæ хъæнтæ. Фыццаджы-фыццаг уал дзы хорзæй цы ис, ууыл хъæуы дзурын, æмæ ацы чысыл чиныг та, æцæгæй, стыр удыхцондзинад хæссы чиныгкæсæгæн.

Цхуырбаты Мэри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.