Нæ хистæр фæлтæр, се `взонгад Советон Цæдисы азтæм кæмæн æрхауд, уыдон хорз хъуыды кæнынц æмæ абон дæр сæ зæрдыл дарынц, сабитæй сæ куыд истой окябронты рæнхъытæм. Уый фæстæ та -иу систы ногдзаутæ æмæ дарддæр та цыдысты фæскомцæдисы рæнхъытæм. Фæсивæды организациты хайадист æнæферохкæнинаг тæлмæнтæ уагъта алы адæймаджы зæрдæйы дæр. Æмæ кæд абон зæронды кармæ ахæццæ сты, уæддæр æхцонæй æрæмысынц уыцы рæстæджытæ. Фæлæ ныппырх Советон Цæдис æмæ уыимæ  ныппырх сты уыцы организацитæ дæр. Ныр куыд Уæрæсейы, афтæ нæ республикæйы дæр архайынц, куыд ногдзауты, афтæ фæскомцæдисонты организациты сæндидзын кæныныл.

Ацы хъуыддаджы хорз цæвиттон æвдисы нæ горæты 5-æм астæуккаг скъола.    Ногдзауты организацийы архайд ацы скъолайы сног ис 2008 азы августы хæсты фæстæ, фæскомцæдисон организаци та ногæй сæндидзыдта иу азы размæ биологийы ахуыргæнæг Гæбæраты Екатеринæйы хъæппæрисæй.

Æмæ, Советон Цæдисы фæсивæды æппæтцæдисон ленинон коммунистон цæдисы (ФÆЛКЦ) сырæзтыл ацы бонты 105 азы кæй сæххæст, уый цытджын æгъдауæй банысан кодтой ацы скъолайы ахуыргæнджытæ сæ ахуыргæнинæгтимæ.

Бæрæгбонмæ æрбацыдысты раздæры бæрнон партион æмæ фæскомцæдисон кусджытæ Коцты Станислав, Хъуылымбегты Доменти æмæ Тадтаты Таймураз, скъола-интернаты раздæры директор Тедеты Роланд, сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Джиоты Аэлитæ, полиграфион-кондадон баиугæнды генералон директор Икъаты Мадинæ æмæ ацы скъолайы рауагъдон историон зонæдты кандидат Хъуылымбегты Роберт.

Бæрæгбоны раныхасгæнджытæй алкæмæн дæр йæ раныхас баст уыдис фæскомцæдисимæ. Хистæр кары фæлтæр æхцонæй æрымысыдысты сæ фæскомцæдисон азтæ.

Æппæтцæдисон фæсивæдон организацийы сырæзты историйыл лæмбынæг æрдзырдта хистæркъласон Джиоты Эдуард. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй фæсивæды ацы æхсæнадон-политикон организаци арæзт æрцыдис 1918 азы 29 октябры æмæ баиу кодта хицæн æмæ хицæн фæсивæдон цæдистæ. Организацийы сæйраг нысан уыд кусæгон æмæ зæхкусæгон фæсивæды ног царды арæзтадмæ активонæй бакæнын. Фæскомцæдис ссис коммунистон партийы активон æххуысгæнæг æмæ йын ахъаз кодта алыварсон æгъдауæй размæдзыд адæймæгты хъомыл кæныны хъуыддаджы. Йæ рæнхъытæм ист цыдысты фæсивæды иууыл активондæртæ 14 азæй 28 азы кармæ. Йæ райдиан, организацитæ архайдтой куыстуæтты, уагдæтты æфсæддон хæйтты.

ФÆЛКЦ-йы истори æнгом баст уыдис ССР Цæдисы историимæ. Фæскомцæдисонтæ стыр сгуыхтдзинад равдыстой Фыдыбæстæйон Стыр хæсты азты. 3,5 фæскомцæдисонæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном, 3,5 милуаны та хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй. Фæскомцæдис стыр бавæрд бахаста хæсты фæстæ адæмон хæдзарад сæндидзын кæныны хъуыддагмæ дæр. Ацы организаци хъомысджын кæй уыд, ууыл дзурæг у уый дæр æмæ æппæт йæ историйыл, йæ рæнхъытыл кæй рацыдысты 200 милуан адæймагæй фылдæр. Уыдон æхсæн уыдысты нæ раздæры областы æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ дæр. Уыдон сæ уæзгæ бавæрд хастой адæмон хæдзарад рæзын кæнынмæ, хъазуат куыст кодтой фабрикты æмæ заводты, фосдарды фермæты, быдырты, арæзтады. Стыр æнтыстытæ сын уыд культурæйы къабазы, спорты. Æгæрон уыдис йæ нысаниуæг фæсивæды хæрзæгъдауон-моралон æмæ патриотон хъомылады хъуыддаджы. Фæлæ Советон Цæдис фехæлд æмæ ныппырх ацы организаци дæр. Уæззау рæстæджытæ ныккодта æппæт Советон Цæдисы адæмтау нæ адæмыл дæр. Ныддихтæ ис нæ раздæры хъомысджын бæстæ. Уæрæсейы зынын райдыдтой хицæн æмæ хицæн фæсивæдон организацитæ. Райдианы сырæзт Уæрæсейы фæсивæды цæдис, кæцыйы гæнæн уыд рахонæн Фæскомцæдисы фæдон. Æрæджы та арæзт æрцыдис ног организаци «Движение первых», зæгъгæ, кæцы æрбаиу кодта бæстæйы æппæт фæсивæдон организациты æмæ йæ нысан у гъæд-джын ахуырад исын, культурон царды, волонтерондзинады, историон мысынад ба-хъахъхъæныны, æнæниз цард кæныны, экологион проекттæ рæзын кæныны, æрдз хъахъхъæныны æмæ æндæр ахæмты хайад исын.

Нæ республикæйы фæсивæдæн нырма, хъыгагæн, ахæм иумæйаг фæсивæдон организаци нæй æмæ хорз уаид, æндæр ахуыргæнæн уагдæтты æмæ куыстуæтты дæр куы сырæзиккой ахæм райдиан организацитæ. Уый фæахъаз уаид, рæзгæ фæлтæры æппæтварсон рæзтæн æмæ хъомыладæн. Ахæм хъуыды загътой раныхасгæнджытæй бирæтæ. Фæскомцæдисы обкомы раздæры фыццаг секретарь Хъуылымбегты Доменти йæ раныхасы, фæскомцæдисы ахсджиагдзинадыл дзургæйæ, æрæмысыд, цахæм активон хайад истой нæ фæсивæд æхсæнадон царды, сæудæджерадон куыстуæтты, хъæууон хæдзарады, афтæ ма ахуыр кæнынæй дарддæр уыдон активон хайад кæй истой бирæ хорз хъуыддæгты. Цæвиттон, уыдон æмбырд кодтой макулатурæ, æфсæйнаджы згъæлæнтæ, хъæддаг дыргътæ æмæ гагадыргътæ.

Фæскомцæдисы бæрæгбон – 5-æм астæуккаг скъолайы

Ахæм хъуыдыйыл хæст уыдысты  республикæйы коммунистон партийы лидер Коцты Станислав, Хъуылымбегты Роберт, Икъаты Мадинæ, Тедеты Роланд æмæ Джиоты Аэлитæ.

Скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ стыр цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты сæ раздæры директор Бестауты Азæйыл. Уый сын зæрдæбынæй раарфæ кодта ацы бæрæгбоны цытæн.

Бæрæгбонмæ æрбацæуджытæн раарфæ кодта скъолайы ныры директор Туаты Мадинæ дæр.

Фæскомцæдисы цытæн скъоладзаутæ кастысты æмдзæвгæтæ, зарыдысты зарджытæ, æххæст кодтой хицæн æмæ хицæн кæфтытæ æмæ бæрæгбон уæлдай фæрæсугъддæр.

Ацы зæрдылдарæн боны ма фæсивæ-дон организацийы рæнхъытæм райстой ног уæнгты дæр. Уыдон уыдысты скъолайы хуыздæр ахуыргæнинæгтæ.

     БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.