АЛАН ӔМӔ БУРИ КУЫД СХӔЛАР СТЫ

Радзырд

Алан ӕмӕ Бури ахуыр кӕнынц дыккаг къласы. Алан у ӕгъдауджын, коммӕгӕс лӕппу, ахуыр кӕны тынг хорз. Скъоламӕ кӕддӕриддӕр цыд цӕттӕйӕ ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ахуыргӕнджытӕ бирӕ уарзтой. Бурийӕн та йӕ уд, йӕ дзӕцц уынджы хъазын уыд. Сӕрд фылдӕр йӕ велосипедыл хъазыд, зымӕджы та къахдзоныгътыл бырыд. Хӕдзармӕ-иу куы бацыд, уӕд-иу хӕринаг бахордта, ӕфсоны кӕстытӕ ма-иу ӕркодта йӕ уроктӕм, стӕй-иу хуыссынмӕ фӕци. Йӕ уроктӕ ӕнӕахуырӕй задысты ӕмӕ ӕдзӕттӕйӕ цыд алыбон дӕр скъоламӕ. Уымӕ гӕсгӕ арӕх иста ӕвзӕр нысӕнттӕ.

Ноджы схӕлар ис, ӕвзӕр чи ахуыр кӕны, ӕдзух уынгты чи хъазы, ахӕм сабитимӕ ӕмӕ ахуырмӕ бынтон йӕ хъус нал дардта. Уыдонӕй сӕ иу уыд, йемӕ чи ахуыр кодта, уыцы лӕппу Габе. Зивӕггӕнаг, никӕйы коммӕ каст, ӕрмӕст ӕй ауадз ӕмӕ йӕхицӕн хъаза. Йӕхицӕй кӕстӕрты дӕр-иу фӕнадта.

Аланы тынг фæндыд Бурийæн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хорз ахуыргӕнинаг суыдаид, фӕлӕ дзы уый йӕхи дӕрдты ласта. Нӕ уарзта Аланы, ахуыргӕнджытӕ дзы иууыл ӕппӕлгӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй. Хӕлӕг ӕм кодта.

Иухатт, зымӕджы карзы, Бури фӕрынчын ис. Йӕ тӕвд нал ӕмӕ нал хауд. Хуыфгӕ дӕр кодта. Цалдӕр боны скъоламӕ куынӕ бацыд, уӕд иуахӕмы, фӕсурокты Алан йӕ фӕндаг ракодта Буритыл. Уый хуыссыд сынтӕджы. Хӕдзары ма уыд ӕрмӕст йӕ фыдымад Бурийӕн. Йæ мад ӕмӕ йæ фыд сæ куыстæй нӕма ʻрбаздӕхтысты.

– Цу-ма, дӕ нывонд ӕрбауон, уӕртӕ аптекӕйӕ тӕвды хостӕ ӕрбадав, – загъта зæронд ус Аланӕн.

Алан иу каст фӕкодта йӕ рынчын иукъласоны фæлмӕст цæсгоммæ æмæ сæ кæрæдзимӕ бахудтысты, стæй, ӕхца йӕ къухы, афтӕмӕй феддӕдуар. Чысыл фестӕдӕр ӕрбаздӕхт хостимӕ ӕмӕ йæ рынчын æмкъласонимæ бирӕ фӕныхӕстӕ кодтой.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕрвылбон дӕр бӕрӕг кодта Бурийы Алан. Ӕмӕ рынчын куы фӕсӕрӕндӕр, уӕд ын Алан райдыдта амонын рацӕугӕ ӕрмӕг – йӕхӕдӕг сӕ куыд ӕмбӕрста, афтӕ. Бакаст-иу ын, кӕнӕ та-иу хиныхӕстӕй радзырдта, цы уроктӕ- иу рацыдысты, уыдон, бацамыдта-иу ын, хӕдзармӕ сын цы рардтӕ лӕвӕрдтой, уыдоны ӕмӕ-иу ӕм Бури дӕр зӕрдиагӕй хъуыстайæ зæрдыл-иу сæ бадардта. Зӕрдӕргъӕвд лӕппу уыд, ӕрмӕст зивӕггӕнаг.

Бури афтӕ сахуыр Аланыл ӕмӕ ӕппынӕдзух йӕ цуры куы уыдаид, уый йӕ фӕндыд.

Алан дӕр ӕм, скъолайӕ рацӕугӕйӕ, бауайы, сцӕттӕ кӕнынц иумӕ сӕ уроктӕ ӕмӕ стӕй сӕхимӕ ацӕуы.

Йӕ фӕрынчыны фӕстӕ фыццаг хатт куы растад сынтӕгӕй Бури, уӕд бацыд рудзынджы цурмӕ ӕмӕ ӕддӕмӕ каст. Уым, уынджы, йӕ къахдзоныгътыл бырыд Габе цалдӕр лӕппуимӕ.

– Гыцци, кӕс-ма, уартӕ та Габе кӕйдӕр нӕмы, – Габейы уыцы лӕппутӕй сӕ иуы схойгӕ куы ауыдта, уӕд бадзырдта иннӕ хатӕнмӕ йӕ мадмӕ. Фӕлӕ цалынмӕ Ханиффӕ рудзынгмӕ цыд, уӕдмӕ Габейӕн уынджы цӕуджытӕй чидӕр бауайдзӕф кодта ӕмӕ йӕ хыл фӕуагъта.

– Габе ӕвзӕр лӕппу у. Ӕз уыимӕ никуыуал ахъаздзынӕн. Алан мӕм алыбон цӕуы, уый та нӕм иу хатт дӕр никуы æрбацыд, – рахъаст кодта йӕ мадӕн Бури.

– О, о, мӕ лӕппу. Алан дзӕбӕх лӕппу у ӕмӕ уӕ рӕстӕг дӕр хъуамӕ иумӕ ӕрвитат. Ныр та уал хуысгӕ скӕн, ӕндӕра дыккагӕй фӕрынчын уыдзынӕ, – йӕ бурдзалыг сӕрыхъуынтыл ын йӕ къух ӕрхӕсгӕйӕ, бакодта Ханиффӕ.

Бури куы адзӕбӕх, уӕдӕй фӕстӕмӕ уынгмӕ арӕх нал цыдис, фылдӕр ахуыр кодта йӕ уроктӕ. Куы Алантӕм, куы та сæхимæ.

Афтӕмӕй ахуыры азы дыккаг семестры Бурийӕн йӕ бонӕджы ӕвзӕр нысӕнттӕ нӕ, фӕлӕ ӕртӕтӕ дӕр нал уыд. Иууылдӕр ын уыдысты цыппартӕ ӕмӕ, ӕгӕрыстӕмӕй, фӕндзтӕ дӕр.

Афтӕ схӕлар сты Алан ӕмӕ Бури.

———————————–

 

УРС АРС ӔМӔ БУР АРСЫ ФЕМБӔЛД

Аргъау

Урс арс цӕгатӕй, ихджын океанӕй, радзӕгъӕл тундрӕйы ‘рдӕм. Бур арс та цӕгатырдӕм адзӕгъӕл. Сӕ кӕрӕдзийыл сӕмбӕлдысты ӕмӕ дыууӕ дӕр дис кӕнынц иу хъуыддагыл: «ау, нӕ дыууӕ дӕр, цыма, ӕрсытӕ стӕм, афтӕмӕй та нӕ хуызтӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕргьуызӕттӕ сты». Сӕ цӕстытыл нӕ баууӕндыдысты ӕмӕ:

– Ды арс нӕ дӕ? – фӕрсы урс арсы иннӕ.

– Арс дӕн, уӕдӕ цы, – дзуапп дӕтты цӕгаттаг арс.

– Ӕмӕ мӕхуызӕн цӕуылнӕ дӕ, исчи дӕ чъырӕй сцагъта? – бацымыдис кодта бур арс.

– Нӕ, мӕнӕн уый мӕхи хуыз у, фӕлӕ мӕм ды дӕр арсы хуызӕн кӕсыс ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд мӕнау урс цӕуылнӕ дӕ? Ӕви дӕ исчи фӕздӕгмӕ сбур кодта? – дзуаппимӕ баиу кодта йӕ фарст урс арс дӕр.

– Ӕрдзӕй рахастон ӕз дӕр ахӕм хуыз, фӕлӕ мӕм диссаг кӕсы, нӕ дыууӕ дӕр ӕрсытӕ стӕм, афтӕмӕй нӕ хуызтӕ иугъуызон цӕуылнӕ сты? – бадис кодта бур арс.

Цы дзуапп ын радтаид, уый нӕ зыдта урс арс дӕр, фӕлӕ хицон, ӕрвад кӕй баххӕссынц, ууыл нал дызӕрдыг кодтой ӕмӕ кӕрӕдийыл бацин кодтой.

– Кӕм, цы бӕсты цӕрыс, нырмӕ дыл куы никуы амбӕлдтӕн? – фӕрсы бур арс урс арсы цымыдисгӕнгӕ.

– Ӕз цӕгаты, океаны, ихты сӕрыл цӕрын…

– Ихты сӕрыл?! – бадис та кодта бур арс.

– О…

– Ӕмӕ дзы хӕргӕ та цы кӕныс?

– Ис дзы тюлентӕ, моржтӕ, кӕсӕгтӕ. Цуан сыл кӕнын. Бахъӕуы мӕ раззаг дзæмбытæй их ныссӕттын дӕр, цӕмӕй дзы донӕй мӕхицӕн сласон.

– Ӕмӕ ӕппын уазал дӕр нӕ кӕныс, куыд дзы фӕразыс?

– Уазал та мын цы хъуамӕ ракӕна? Мӕ кӕрц – хъарм, бӕзджын. Уыимӕ мӕ хъыгдарӕг ничи ис, мӕхицӕн паддзахы цардӕй цӕрын… Дӕхӕдӕг та кӕцӕй ӕрбафтыдтӕ ацы бӕстӕм, кӕм цӕрыс? – куыннӕ бацымыдис кодтид урс арс дӕр.

– Ӕз хуссарӕй, тайгайӕ ӕрбафтыдтӕн.

– Уый та цавӕр бӕстӕ у?

– Бӕстӕ – хорз бӕстӕ, ме ʻфсымӕр. Дӕ алыварс – хъӕд, хӕринаг – цас дӕ хъӕуы, уый бӕрц…

– Тюлентӕ, моржтӕ, кӕсӕгтӕ дӕр дзы ис?

– Уыдон дзы не сты, фӕлӕ алыгъуызон хъӕддаг сырдтӕ, дыргътӕ, халсӕрттӕ – бирӕ…

Дзӕвгар фӕныхӕстӕ кодтой урс арс ӕмӕ бур арс. Ӕппынфӕстаг дзы иу иннӕйы йӕхимӕ хонын райдыдта:

– Рацу мемӕ ӕмӕ дын тайгайы цард фенын кӕнон, – зӕгъы бур арс, – уым цард ӕхсидгӕ кӕны – сырдты, хъæлæба мӕргъты зарын, зайӕгойты сыбар-сыбур… Ӕнкъард нӕ кӕндзынӕ.

– Гъе, ме ʻфсымӕр, уыдӕттӕ дӕуӕн, ӕвӕццӕгӕн, ӕхцондзинад хӕссынц, фӕлӕ мӕ уд уым ӕнцойад не ссардзӕнис. Мӕ бон нӕу ӕнусон ихбыдыртӕй, сӕрибарӕй судзгӕ уазал кӕм улӕфын, хицау кӕм дӕн, уыцы бӕстӕйӕ фӕиппӕрд уӕвын. Дӕхӕдӕг рацу мемӕ ӕмӕ дӕ мӕ цардимӕ базонгӕ кӕнон, бауырнӕд дӕ, фӕцӕудзӕнис дӕ зӕрдӕмӕ.

– Ӕз демӕ ацӕуон? Ӕмӕ цы хъуамӕ кӕнон ихы сӕрыл уыцы судзгӕ уазалы? Стӕй ды цы хӕрыс, уыдон ӕз куыд бахӕрон, кӕд ӕмӕ сӕ уынгӕ дӕр никуы фӕкодтон? Нӕ, ахӕм цард мӕн нӕ хъӕуы…

Нӕ бафидыдтой, иу хъуыдымӕ не ʻрцыдысты, кӕй райгуырӕн бӕстӕ сӕ хуыздӕр у, уыцы фарсты ӕмӕ сӕ сынӕгтӕ кӕрӕдзимӕ фездӕхтой: урс арс цӕгатырдӕм, йӕ ихджын бӕстӕйы ʻрдӕм араст, бур арс та – хуссарырдӕм, сырдтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕй хъӕздыг тайгамӕ.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.