Ирон лæг фæдисы кæм нæ балæудзæн, уæлдайдæр та æфсымæрон адæмы æххуысы сæр куы бахъæуы, уæд. Афæдз æмæ фараст мæймæ æввахс цæуы сæрмагонд æфсæддон операци æмæ дзы Ирыстоны фæсивæд æвдисынц æнахуыр сгуыхтдзинæдтæ, сæ кады ном дардыл айхъуыст, афтæмæй. Ирон лæджы кад, фыдæлты намыс дæлæмæ нæ уадзынц. Сæ риуы ‘мбæрц размæ цæуынц фронты раззаг хæххыты æмæ хъæбатырæй дæрæн кæнынц нацистты. Фыдæлтæй фæстæмæ ирон лæгæн йæ туджы ис хъайтардзинад, худинаг йæ сæрмæ никуы схаста.

Уый æнхъæл чи уыд æмæ фашист Бандерайы фæдонтæн сæ фашистон туг афтæ тынг райхъал уа æмæ Стыр Уæрæсейы Украинæйы зæххыл нацизм, фашизмæн йæ уидæгтæ стоныны тыххæй сæрмагонд æфсæддон операци уадзыны сæр бахъæуа. Ирыстоны æнусон æмцæдисон, йе стратегион партнер – Стыр Уæрæсейы æххуысы сæр куы бахъуыд, уæд ирон сахъгуырд лæппутæ дæр фæстæ кæцæй хъуамæ фæлæуыдаиккой.

Абон нæ дзырды сæр у, уыцы хъæбатыр гуырдтæй сæ иуыл. Уый нæм фæуазæг редакцимæ. Майор Котолиты Сослан Солтаны фырт райгуырд горæт Цхинвалы 1992 азы 10-æм октябры фæрнджын бинонты хæдзары. 2009 азы 5-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта горæт Омскы автобронетанкон инженерон институты. Ирон лæджы кад бæрзонд сисгæйæ, ахуыр кодта хорз æмæ институт æнтыстджынæй  каст фæцис 2014 азы. Цхинвалмæ куы æрæздæхт, уæд уайтагъд службæ кæнын райдыдта РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады. 2019 азы хистæр лейтенанты номимæ та службæ кæнын райдыдта  4-æм æфсæддон базæйы. Баслужбæ дзы кодта 2021 азы ноябры онг. Уый фæстæ йæ арвыстой Дагъыстанмæ горæт  Буйнакскы æфсæддон хаймæ.

2022 азы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы размæ уал сæ февралы мæйы райдианы акодтой Хъырыммæ æмæ сæ уым цæттæ кодтой. Радтой сын цы сæ хъуыд, уыдон иууылдæр. Æмæ 24-æм февралы райсомы дæс сахатыл Чонгары донкъубалыл бахызтысты Украинæмæ. Сосланы ныхæстæм гæсгæ, æфсæддон операцийы фыццаг бонтæ уыдысты иууыл зындæр. Уыд мотоæхсæг ротæйы (90 адæймагæй фылдæры) командир. Нацистты ныхмæ хæцыдысты Запорожьейы æмæ Донецкы областты. Иу мæй æмæ æрдæг алы бон дæр размæ цыдысты.

Абон  та сты Запорожьейы областы цæрæн пункт Работинойы районы. Ныр та Сослан у мотоæхсæг батальоны (500 адæймагæй фылдæр) командир. Нацистты ныхмæ тохты рæстæджы фæцæф æртæ хатты. Фыццаг хатт 2022 азы 9-æм апрелы Донецкы областы цæрæн пункт Новомихайловкайы районы. Йе згъæрхудыл (шлем) сæмбæлдысты егъау снаряды схъистæ æмæ йæ сæ иу цæртхуынкъ фæкодта. Схъис нынныхсти йæ сæры. Абоны онг дæр уыцы схъис ис йæ хъусы сæрмæ. Дыккаг хатт та фæцæф 2023 азы 12-æм марты Донецкы областы горæт Авдеевкайы цур тохты рæстæджы. Сæ хæстон машинæ минæйыл спырх, йæ сæр фæцæф æфсæйнагыл æмæ йæ сæрымагъз фенкъуыст. Æртыккаг хатт та фæцæф æхсæз мæйы фæстæ, 2023 азы 26-æм сентябры Запорожьейы областы. Асаст йæ цонджыхъул æмæ йын ныртæккæ ис гипсы.

 

Фыды уæзæг дæ уды бæрц куы уарзай

Æрдз иуæй-иу адæймæгты сфæлдисы сæ радтæг адæмы æцæг патриоттæй, æмæ ахæмтæ æнахуыр уарзтæй фæуарзынц сæ фыды уæзæджы.  Ахæм адæймаг у нæ абоны хъайтар дæр. Диссаг нæу, реабилитацийæн ын цы æхцайы фæрæзтæ радтой, уыдон йæхиуыл бахардз кæнын йæ цæст нæ бауарзта. Уый хыгъд сæ нæ бавгъау кодта йæ уарзон хъæу Дзрияйы рагон кувæндон сæндидзын кæныны тыххæй. Фарстæуы, цахæм тыхджын уарзтæй хъуамæ уарзай дæ фыды уæзæг æмæ йын мацы хæлæг кæнай.

Кувæндон саразыны тыххæй аскъуыддзаг кодта  2022 азы апрелы мæйы фыццаг хатт Донецкы Адæмон Республикæйы Новомихайловкайы цур куы фæцæф, уæд. Реабилитацийы тыххæй хæстонтæн паддзахад рахицæн кæны уæлæмхас фæрæзтæ. Йæхимæ куы æрцыд, уæд аскъуыддзаг кодта, уыцы æхцатæ йæхиуыл нæ, фæлæ йæ райгуырæн хъæу Дзрияйы Кувæндон сæндидзын кæныныл бахардз кæнын.

«Нымайын афтæ æмæ мын  Стыр Хуыцау баххуыс кодта сæрæгасæй аирвæзынæн. Мæ иумиагæфсæддон згъæрхуд мын куы фенын кодтой, уæд мæм дисау фæкаст сæрæгасæй куыд баззад-тæн, уый. Госпиталы мæхицæн хос кæнгæйæ, мæм æхцайы ахыгъдтытæ куы æрбацыдысты, уæд мæм уайтагъд фæзынд ахæм хъуыды, зæгъгæ, мын Хуыцау радта, æппынфæстагмæ мæ фыдæлты кувæндон саразыны фадат. Æмæ Хуссар Ирыстонмæ реабилитацимæ куы æрцыдтæн, уæд аныхас кодтон мæ кæстæр æфсымр Болаимæ ку-вæндон ногæй саразыны   тыххæй», – радзырдта хъæбатыр хæстон.

1991 азы Хуссар Ирыстоны тыхджын зæххæнкъуысты фæстиуæгæн ныппырх Дзрияйы хъæуы кувæндон æмæ цалдæр дæс азы дæргъы лæууыд  пырхæнтæй. Хъæу дæр куыдфæстагмæ æдзæрæг кæнын райдыдта æмæ ма дзы абон цæрынц æрмæстдæр иу хæдзары бинонтæ. Фæлæ Сосланы уырны, зæгъгæ, кувæндон куы сæндидза, уæд суыдзæн даргъ фæндаджы райдиан æмæ цард фæстæмæ æрбаздæхдзæн йæ райгуырæн хъæумæ.

Кувæндон сæндидзын кæныны тыххæй хабар уайтагъд айхъуыст Хуссар Ирыстоны. Профессионалон сисамайæг Цхуырбаты Валери загъта, зæгъгæ, йын йе ‘мзæххон хъайтары истори йæ зæрдæ тынг бацагайдта. Хъуыддагæй иуварс æрлæууын йæ бон не ссис. «Ацы хабар куы фехъуыстон, зæгъгæ, хæсты фæцæф æмæ йын реабилитацийæн цы æхцайы фæрæзтæ радтой, уыдонæй кувæндон хъуамæ сæндидзын кæна, уæд ахъуыды кодтон, зæгъын, уый диссаджы æцæг ирон лæппу у æмæ йæм фæзындтæн æххуысмæ», – зæгъы уый.

Ныридæгæн кувæндоны къултæ амад фесты. Баззад ма дзы  дзæнгæрæджы бынат самайын æмæ уый фæстæ æрæвналдзысты йæ сагъуындынмæ. Къултæ самадтой  дзуарæн йæхи дуртæй æмæ сын цы не сфаг, уыдон та æрбаластой Къодибыны хъæуы къæдзæхæй. Кувæндонæн йæхи дуртæ дæр уырдыгæй ласт уыдысты. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын комбæсты адæм æххуыс кæнынц. «Мæ кæстæр æфсымæр Бола ныр цалдæр азы кусы РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады æмæ йæм йе ‘мслужбæгæнджытæ дæр фæкæсынц, афтæ ма нын баххуыс кодтой Гафезы уынджы нæ сыхы лæппутæ дæр. Йæ сагъуындынæн дæр нын æрмæг закъазгонд у. Иу къуыримæ йæ æрласдзысты Цæгат Ирыстонæй. Æз хæсты вæййын æмæ кувæндоны арæзтадыл фылдæр ме ‘фсымæр архайы», – загъта Сослан.

Кадджын бинонты хъæбул Котолиты Сос-ланæн йæ фыды фыд Илья Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй уонгцухæй, ома, иукъахыгæй æрæздæхт йæ хæдзармæ. Йæ куырыхон Дада йын алыхатт дæр уыд цæвиттойнаг. Æмæ ныр Сослан басгуыхт ноджы хъæбатырдæр хæстонæй.

Йæ хъæбатырдзинæдтæ æмæ удуæлдайдзинады тыххæй Котолиты Сослан хорзæхджын æрцыд цирхъытимæ 2-аг къæпхæны «За заслуги перед Отечеством»-ы майданы орденæй, «За боевые отличия»-йы майданæй.

Æфсæддон афицеры хъæбатырдзинад æмæ хæрзаудæн архайды тыххæй базыдтой телеканал «Звезда»-йы дæр. Каналы уацхæссæг Виталий Акиньшин сæрмагондæй æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ Сосланы видеокадртæ фæиста программæ «Главное с Ольгой Беловой»-йæн.  Афтæмæй ирон лæппуйы æгæрон адæймагдзинад, хъæбатырдзинад æмæ сгуыхтдзинæдты тыххæй базыдтой Уæрæсейы зæххыл дæр.

Сослан кæм службæ кæны, уым – Буйнакскы 136-æм хицæн гвардион мотоæхсæг бригадæйы ма йемæ службæ кæнынц Цхинвалæй цыппар лæппуйы – Тедеты Сослан, Гаглойты Таймураз (афицертæ), дыууæйæ – Плиты Гамлет æмæ Джыккайты Азæмæт та  сты контрактонтæ æмæ иу та – Къуайсайæ – Зассеты Сæрмæт (афицер). Тынг хорз сæхи æвдисынц, хæцынц хъæбатырæй. Иу дзырдæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы куыд уыд, афтæ та ныр дæр  ирон лæппутæ цæстæвæрæн фесты.

Сослан æмæ йæ цардæмбал Цыбырты Зитæ хъомыл кæнынц дыууæ лæппуйы, сæ иуыл цæуы æхсæз азы, иннæйыл та февралы мæйы сæххæст уыдзæн цыппар азы. Арфæйы аккаг куыннæ сты Котолийы фырты ныййарджытæ – сæ мад Хæбæлаты Ленæ æмæ сæ фыд Солтан (дзæнæттаг) ахæм æгъдауджын æмæ ныфсы хъæбултæ кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.

Ныртæккæ майор Котолийы фырт реабилитаци цæуы Цхинвалы æмæ ныридæгæн йæхи æппары фронтмæ, йæ хæстон æмбæлттæм. Сосланы куы афарстон, зæгъын, фæстæмæ хъуамæ аздæхай, уæд мын дзуапп радта. «Хъæуы ма мæ иу операци саразын, хъуамæ мын сисой мæ цонджыхъулы мын дохтыртæ цы æфсæйнæгтæ нывæрдтой, уыдоны æмæ дыууæ къуырийы фæстæ аздæхдзынæн».

Сослан, Ирыстоны æппæт дзуæрттæ дын æххуысгæнæг уæнт! Тагъд рæстæджы уæлахизæй æрæздæх дæ уарзон Ирыстонмæ!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

P.S: Уац мыхуырмæ цæттæ куы уыд, уæд Президент Гаглойты Алан фембæлд Котолиты Сосланимæ æмæ йæ схорзæхджын кодта «Защитнику Отечества»-йы майданæй.

«Ды бæрзонд систай ирон хæстоны ном, скад кодтай дæ мыггагæн. Фыццаг рады дын бузныг дæ хъайтардзинады тыххæй. Уæлдай бузныг та дын зæгъын дæ хæрзаудæн архайды тыххæй. Нæ ферох кодтай фыды уæзæг æмæ дзы аразыс кувæндон. Уый хæрзиуæгон хъуыддаг у. Ахæм хæстонтæ æмæ патриоттимæ мах фæуæлахиз уыдзыстæм», – загъта Президент.

Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы фæнд кæны фронты хах-хмæ ацæуын æмæ уырдæм гуманитарон æххуысы радон парти аласын.

«Мах бахынцæм нæ хæстонты домæнтæ æмæ афтæмæй саразæм æнæмæнгхъæуæг дзаумæтты номхыгъд. Ацы гуманитарон партиимæ уыдзысты автомобилтæ дæр, уымæн æмæ нæ фаг кæнынц нæ хæстонтæн. Фæндид мæ иуы дзы дæуæн радтын, ды уым куы уай, уæд», – загъта Президент.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.