Абон куыд цæры Хуссар Ирыстоны фæсивæд æмæ алы фадыджы дæр цахæм у сæ архайд, уый тыххæй нæ уацхæссæг ныхас кодта Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентинæимæ.

– Валентинæ, цахæм уыдзæнис дæ дзуапп Хуссар Ирыстоны æрыгон фæлтæрты цард æмæ куысты уавæрты тыххæй?

– Абоны уавæртæ Советон дугимæ нæ абардзынæн, уæд ницы хъæстаг уыдысты, фæлæ хицæн фарстытæ скъуыддзаг кæныны абоны хуызæн хорз уавæртæ никуы уыдис. Уыимæ ма банысан кæндзынæн уый дæр, æмæ абоны фæсивæдæн сæ домæнтæ дæр зынгæ кæй фæфылдæр сты, уый. Ис сын хорз фадæттæ, цæ-мæй сæ къухты хорз æнтыстытæ æфта ахуырад æмæ зонады, спорты, аивады æмæ æндæр къабæзты. Абоны æвзонг фæлтæртæй, иу стæмтæй дарддæр, алчи дæр равзаргæ хъуыддаджы архайы æнтысгæйæ. Æрыгæттæн куысты бынæттæй ифтонг кæныныл куы дзурæм, уæд банысан кæндзынæн уый æмæ ацы фарсты кæд ис зындзинæдтæ, уæддæр паддзахады разамынад архайы йæ аскъуыддзаг кæныныл. Уырны мæ, кæй ничи баззайдзæнис, алчи дæр кæй ссардзæнис царды йæ бынат.

– Паддзахады ‘рдыгæй, бæлвырддæрæй та уæ комитеты ‘рдыгæй исты æххуыс райсынц, фæсивæдæй уæлдай тынгдæр æххуыс кæй хъæуы, уыдон?

– Махæн нæй уыцы фадæттæ æмæ скъуыддзаг кæнæм ахæм фарстатæ, фæлæ бахатæм бæрнон æмæ амалиуæггæнæг æмбæстæгтæм æмæ би-рæтæ райсынц ахæм æххуыс. Цы фæрæзтæ нын рахицæн æрцæуы, уыдон бахъæуынц фестивалтæ, конкурстæ, ерыстæ æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ организаци кæнынæн.

– Ацы азæй рацæугæ рæстæджы нæ фæсивæды минæвæрттæ цахæм мадзæлтты райстой хайад?

– Нæ æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ ацы аз хайад райстой цалдæр нысаниуæгджын мадзалы. Уыцы нымæцы Уæрæсейаг – Ирон форумы. Нысаниуæгджын æй уымæн схуыдтон æмæ ма форумы хайад райстой Абхаз, Донецк, Луганск æмæ Арцахы минæвæрттæ, æдæппæт – сæдæ æвзонг адæймагæй фылдæр. Уæд банысангонд республикæты фæсивæды минæвæрттæ бадзырдтой æмгуысткæнынадыл. Уый тыххæй ныридæгæн куыст цæуы бадзырдты проекттæ саразыныл.

Цы мадзæлдтæ ауагътам уыдон ‘хсæн ма стыр бынат бацахста грантон конкурс. Хуссар Ирыстоны фæсивæды минæвæрттæ конкурсмæ æрбав-дыстой, æхсæнадæн ахсджиаг чи у, ахæм сæдæ проектæй фылдæр. Уыдонæй жюрийы уæнгтæ равзæрстой фондз. Хуыздæр проекты хицауæн лæвæрд æрцыдис преми.

Уымæй дарддæр ма сорганизаци кодтам этнолагер. Æрцыдысты нæм, Ирыстонæн æдтæйæ цæрæг ирон адæймæгтæ. Базонгæ сæ кодтам Ирыстоны фендтаг бынæттимæ. Зонгæ сæ кодтам не ‘гъдæуттæ æмæ культурон бынтимæ.

– Нæ фæсивæд уын тынгдæр цахæм æн-тыстытæй барухс кодтой уæ зæрдæтæ?

– Хицæн æмæ хицæн здæхтыты нæ фæсивæд, азæй рацæугæ рæстæджы, хорз æнтыстытæ равдыстой. Мæхæдæг дæр, куыд æппæт нæ адæм, стыр цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдтæн, нæ футболисттæ æнæнымад паддзахадты ‘хсæн Арцахы уагъдцæуæг турниры кæй фæуæлахиз сты, уыцы цауыл. Стыр цины æнкъарæнтæ нæм сæвзæрын кодтой нæ хъæбысæйхæцджытæ Бестауты Андрей æмæ Зассеты Арсæмæгы æнтыстытæ дæр.

– Нæ ахуырдзау фæсивæд, сæ иуæй иуты йеддæмæ, архайынц алыгъуызон кружоктæ æмæ секциты, фæлæ хъыгагæн се’хсæн æм-бæлон æмвæзадыл нæ цæуы патриотикон, хæрзæгъдауон, хъомылады фæдыл куыст. Цас раст у æрыгæттæм ахæм ахаст?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, уый раст нæу. Къуыри цалдæр боны пуртиимæ архайын амынд кæм цæуы, уым цæмæннæ ис гæнæн æмæ цалдæр сахаты та семæ ахæм куыст кæной. Фарстыл, куыд æмбæлы афтæ куыст куы цæуид, уæд иуæй-иу хатт нæ горæты уынгты цы ‘нæуаг митæ фенæм, уыдон уаиккой бирæ къаддæр.

– Дæ хъуыдымæ гæсгæ чи сты, йæ уагахаст мæгуырау кæмæн у, хистæртæн кад æмæ аргъ кæнын чи нæ зоны уыцы æрыгон адæймæгтæ?

– Мæ хъуыдымæ гæсгæ, сывæллон сæйраг хъомылдзинад исы бинонты ‘хсæн. Æппæтмæ дæр ныййарджытæн цахæм ахаст вæййы, ахæм вæййы сæ сывæллæтты хъомылад дæр. Кæстæр хъомыл кæнын, уый раст фæндагыл бафтауыны хъуыддаджы сæ разы стыр хæстæ лæууы скъолатæ æмæ æхсæнадæн дæр æмæ уыдон дæр сæ хъарутæ æмæ зонындзинæтæй хъуамæ пайда кæной ацы ахсджиаг хъуыддаджы.

– Азы фæудмæ ма баззад цалдæр мæйы, цахæм мадзæлтты ма райсдзысты хайад нæ фæсивæд?

– Куыд зонæм афтæмæй ацы аз у Къостайы аз. Иннæ азтæм абаргæйæ, Къостайы юбилей нысан цæудзæнис уæрæхдæрæй. Нæ комитет дæр ацы бонмæ цæттæ кæны йæхи сæрмагонд программæ æмæ мæ уырны æнтысгæйæ æххæст кæй æрцæудзæнис.  Ис ма нын æндæр аразинаг        хъуыддæгтæ дæр.

                                                                                    ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.