Сымах никуы ахъуыды кодтат, цæмæн фехæлынц æвзæр арæзт хæдзæрттæ? Радтæм ма нæхимæ ахæм фарст, цы бакæнын хъæуы, цæмæй саразæм фидар хæдзар. Цæмæй уый фидар æмæ рæсугъд уа, уый тыххæй æрмæст фæндон æмæ бæллицтæ фаг не сты. Райдианы йын саразын хъæуы эскиз, стæй та – проект, ахъуыды кæнын хъæуы æрмæджыты бæрц æмæ гъæдыл, конструкциты фидардзинадыл. Æмæ æрмæстдæр уый фæстæ æрæвналæм уымæн фидар фундамент ныккалынмæ, къултæ амайынмæ, æмбæрзæн куыстытæ бакæнынмæ. Арæзтад фæвæййы мидæгæй бæстонгæнæн куыстытыл. Æппæт уыдæтты фæстæ мах хатæны равæрæм хъæдын æмæ æндæр дзаумæттæ, нæхицæн саразæм комфортон уавæртæ цæрынæн.

Ацы фæткой ахæссæн ис бинонты ‘хсæн ахастытæм дæр.

Хъыгагæн, не ‘хсæнады сарæх сты æмкъайад ныппырх кæныны цаутæ. Æрыгон лæппу æмæ чызг æнцонæй сæ цард баиу кæнынц æмæ афтæ æнцонæй ахицæн вæййынц, йæ фæстиуджытыл ын нæ ахъуыды кæнгæйæ. Бинонты культ бирæбæрцæй дæтты йæ позицитæ. Модæйы хуызæн ссис хæдбар æмæ æнтыстджын уæвын, фæлæ уыимæ иунæгæй цæрын. Цæмæн фесæфтой бинонтæ сæ æнæфæцудгæ авторитет? Ацы ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл нын нæ фарстатæн дзуапп дæтты ХИПУ-йы психологи æмæ педагогикæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Гæбулты Индирæ.

– Бирæ æрыгон адæймæгтæ, цалдæр мæйы кæрæдзиимæ æмбæлгæйæ, аскъуыддзаг кæнынц, цыма уыцы рæстæг фаг у æмæ сæ цард баиу кæнынц. Уый та фылдæр хатт æркæны ахицæн кæнынмæ. Дæ хъуыдымæ гæсгæ, æппынкъаддæр цас рæстæджы хъуамæ æмбæлой æрыгон адæймæгтæ, цæмæй сæ кæрæдзийы хуыздæр базоной æмæ сæ цард ныфсджынæй баиу кæной?

– Æмкъайад ныппырх кæнын, цас рæстæджы дæргъы æмбæлынц æрыгон адæймæгтæ, уымæй кæнгæ нæу. Статистикæ куыд уынын кæны, афтæмæй гæнæн ис æмæ сæ кæрæдзийы зоной æрмæстдæр мæйы бæрц æмæ афтæмæй сæ цард баиу кæной æмæ цæрой амондджынæй. Фæлæ вæййы афтæ дæр, æмæ æмбæлынц цалдæргай азты дæргъы, афтæмæй сæ цард баиу кæнынц æмæ йæ нæ бахъахъхъæнынц. Æрыгон адæймæгтæ, æмкъайад аразгæйæ, ахизынц, раздæр цы цард кодтой, уый сæрты. Дарддæр ралæууынц кæрæдзийы ‘хсæн бынтон æндæр ахастытæ, фæллойы фæндаг æмæ ахæм ивындзинæдтæм хъæуы цæттæ уæвын.

Статистикæмæ гæсгæ æмкъайад фылдæр хатт ныппырх вæййы, æрыгон адæймæгтæ бинонты цардмæ цæттæ кæй нæма вæййынц, уый аххосæй. Цæттæ нæ вæййынц, куыд физикон, афтæ удварнон æгъдауæй дæр, нæма сæм вæййы царды фаг фæлтæрддзинад. Бирæ хатт сæ цард баиу кæнынц хæрзæвзонгæй æмæ ахæмтæн уæлдай тæссаг вæййы сæ цард ныппырх кæнынæй. Æмкъайад саразынæн медицинæйы æмæ зонады цæстæнгасæй иууыл хуыздæр кар у 21 азæй фæстæмæ.

– Бирæ хатт хистæр кары адæймæгтæ усгур адæймæгтæн фæамонынц, цæмæй искæй ракурой æмæ кæд нæ фæбæзза, уæд æй асур, зæгъгæ. Мах афтæ æнцонæй цæмæн фæамонæм ахæм зонд, куы зонай, стæй йын царды зын кæй уыдзæнис? Хистæр фæлтæр цæуылнæ архайынц æмæ тыхсынц, цæмæй æрыгон адæймаг фидар бинонтæ сараза?

– Ахæм зондамонæнтæ гæнæн ис дæттой, дардмæ чи нæ уынынц, ахæм адæймæгтæ. Ахæм фæдзæхстытæ бынтондæр раст не сты. Æрыгон адæймæгты царды хистæртæ æмæ ныййарджытæ сæхи куы хæццæ кæной, уæд уый алы хатт æвæрццаг фæстиуджытæ нæ радты. Æрыгон æмкъæйттæ сафын райдайынц сæ конфеденциалондзинад, сæ бон нал вæййы æнæ искæй æххуысæй. Хистæрты фæдзæхстытæ хорз сты, фæлæ бинонты хъуыддæгтæ хъуамæ скъуыддзаг кæной дыууæйæ, сæхи куыд фæнды, афтæ. Афтæ кæнын та нæ нæ фæнды ахæмты, кæцыты нæ фæнды, фидар бинонтæ саразыныл кусын. Уый у зын хъуыддаг, æрвылбонон куыст.

Афтæ мачи хъуыды кæнæт æмæ цардæмбал равзарыны хъуыддаджы иу хатт кæмæн нæ «атылд» æмæ æмкъайад чи ныппырх кодта, уый дыккаг хатт сæмбæлдзæн хуыцауысконд адæймагыл. Цы аразы ахуыргæнæг ахуыргæнинагæн, æвзæр нысан куы æвæры, уæд. Уый йын æвзæры нысаны бæсты хорз нысан нæ нывæрдзæн, фæлæ дзы домдзæн, цæмæй куса йæ рæдыдтытæ сраст кæныныл. Ахæм домæнтæ æвæрдзæн цард дæр æрыгон адæймæгты раз.

– Ахицæн уæвын æвзæр хъуыддаг у. Цæуылнæ ис гæнæн æмæ сæ ахæм хъуыддагмæ цы æркодта, уый кæрæдзийæн ныххатыр кæной, ныууадзой йæ ивгъуыды æмæ æппæт дæр ногæй райдайой?

– Алчи дæр зоны, ныхас «фæхъыг» уæвын, «уый мæн фæхъыг кодта», кæнæ «уый мæн нæ бамбæрста». Цыбыртæй ма æрдзурæм, цы у фæхъыг уæвын æмæ цæмæн у зын уый ныххатыр кæнын? Æцæгæй та ахæм хъæстытæ раст не сты. Гæнæн ис адæймагмæ цыдæр раст нæ фæкæса, фæлæ куыд фæтк, афтæ мах ничи хъыг кæны, мах нæхæдæг фæхъыг вæййæм. Нæ хъуыдыты, нæ бæллицты уæвы адæймаджы бæрæг фæлгонц æмæ йæ уагахаст. Кæд æмæ уæ цардæмбалы архайдтыты уæ зæрдæмæ цыдæр нæ фæцыд, уæд – равзарут «фæхъыг уæвын». Рауайы афтæ, æмæ ды дæхи мæн куыд фæнды, афтæ нæ дарыс – уæд ды мæн нæ уарзыс æмæ дын мæ бон нæу ныххатыр кæнын, цалынмæ мæн куыд фæнды, афтæ саразай, уæдмæ. Афтæмæй фæхъыг уæвыны руаджы мах фæлварæм кæйдæр зондахастыл æмæ уагахастыл æндавын. Проблемæ агурын хъæуы кæмæдæр нæ, фæлæ дæхимæ. Æмæ æндæр хатт бафæрсдзыстут уæхи, «цæй тыххæй фæхъыг дæн, æцæгæйдæр ын мæ бон цæуылнæ у ныххатыр кæнын?».

– Цы хъуыды кæныс ахæм æмбарынады тыххæй «алы стыр нæлгоймаджы фæстæ агурут стыр сылгоймаджы», зæгъгæ?

– Нæлгоймаг дæтты идеятæ, сылгоймаг та уыдонæй æххæст кæны, йæ зæрдæмæ дзы чи цæуы, уыдоны. Уый диссаг нæу, фæлæ æцæгдзинад. Нæлгоймаг хъуамæ лæггад кæна сылгоймагæн. Сылгоймаг та йæ куырыхонæй уарза – æрмæстдæр уæд уыдзæнис се ‘хсæн хорз ахастытæ. Кæд æмæ нæлгоймаг стыр гоймаг у, уæд ын сылгоймаг райсы æппæт йæ идеятæ æмæ йын сæ уарзы. Æмæ растдæр уымæн схизы стыр бæрзæндмæ нæлгоймаг.

– Куыд нымайыс, ныгуылæйнаг æгъдæуттæ махмæ дæр бынат кæй арынц, уыцы фæзынд? Социалон хызæгты активон пропагандæ цæуынц æмкъайад фехалыны фæстæ иунæгæй цæрыны «хуыздæрдзинæдтæ». Арæзт цæуы тыхджын, хæдбар сылгоймаджы фæлгонц кæнæ та йæхиуыл тынг чи æууæнды, ахæм нæлгоймаджы фæлгонц, кæцы æдзух балцыты цæуы, бизнесыл хæст у, рæстæг æрвиты йæ хæлæрттимæ. Биноныг цæуы ахæм хъуыды, зæгъгæ,  хъуамæ цæрай дæхицæн, де ‘мкъайæ ахицæн уай, маст нæ кæнгæйæ, хатыр дæр дзы нæ ракургæйæ. Гæнæн ис иугъуызон саргъгæнæн бинонты амонд æмæ дæхицæн иунæгæй комфортонæй цæрынæн?

– Уыдонæн кæрæдзиимæ абарæн нæй. Иунæг адæймæгтæй æцæг амондджын ничи разын-дзæн. Уый у иллюзи. Æцæгæйдæр, махмæ æрбацыдысты ныгуылæйнаг æргъадтæ æмæ сæ тынг пропагандæ кæнынц. Уыдонмæ хъæуы критикон цæстæй кæсын æмæ сын фадат фæ-дæттын нæ хъæуы нæ цардыл æндавынæн. Æмбарынад халыны теори архайы æнæдуховон æргъадтæ тыхæй хъарыны руаджы. Нæ удварны хæрзиуджытæ кæддæриддæр хицæн кодтой ныгуылæйнаг æргъæдтæй æмæ дарддæр дæр хъуамæ хицæн кæной. Адæймаг куы райса ныгуылæйнаг æргъадтæ, уæд уый скъуыдтæ кæны йæ уидæгтимæ бастдзинад. Æмæ ма зæгъут, цы уыдзæнис, бæласæн йæ уидæгтæ куы ныллыгтæ кæнæм, уæд. Афтæ у адæймаджы психикæ дæр.

Тыхджын æмæ хæдбар сылгоймаджы тыххæй дзургæйæ, уый у феминизм. Фæлæ уый актуалон нал у нырыккон дунейæн. Астæуккаг æнусты тар рæстæджыты-иу сылгоймаджы рахуыдтой кæлæнгæнæг, сыгътой сæ æртыты. Уæдæй фæстæмæ сылгоймаджы психологи фæивта. Фæстæдæр сылгоймæгтæ хъуыды кæнын райдыдтой, зæгъгæ, нæлгоймæгтæн сæ пайдайæ сæ зиан фылдæр у. Зонад куыд нымайы, афтæмæй ног стандарттæ кæнынц зондахасты деградацимæ. Алы нæлгоймаг æмæ сылгоймаг дæр афтæ куы нымайа, зæгъгæ, нæ нæ хъæуынц бинонтæ æмæ сывæллæттæ, уæд адæймагад нал уæвдзæнис.

– Æмкъайад ныппырх кæнын у серьезон психологион травмæ. Цы хуызы базонын кæны уый йæхи æмæ хи куыд бахизын хъæуы йæ фæстиуджытæй?

– Ахицæн уæвын у иууыл тыхджындæр психикон травмæтæй сæ иу. Алкæмæн дæр – хицæн цард, хицæн психикæ, ахицæн кæныны аххосæгтæ дæр алыгъуызон сты, уымæ гæсгæ алы ахицæнуæвæг бинонтимæ дæр кусын хъæуы индивидуалонæй. Фæлæ ис иумæйаг фæтк, кæцыйы æххæст кæнгæйæ, нæй гæнæн алцы ногæй райдайын – нæ хъæуы кæрæдзийы æфхæрын. Уымæй ницы ис срастгæнæн. Адæймаджы нæ рацараздзынæ, стæй рох кæнын нæ хъæуы, дæхимæ дæр дын кæй хъыг кæны. Хъуамæ дæ архайдтытæн дæхæдæг аргъ кæнын фæразай. Сæйраг у химидæг нæ аныгъуылын. Хъæуы исты хъуыддæгтæ архайын, хæлæрттимæ фылдæр рæстæг æрвитын.

– Цы амындтытæ ратдзынæ, йæ цард баиу кæнынмæ чи хъавы, гъе та йæ чи баиу кодта, уыдонæн, цæмæй ахицæн кæныны тасдзинадæй хызт уой?

– Бинонтæ саразыны фæнд чи кæнынц, уыцы æрыгон адæймæгты хъуамæ фидарæй уырна, кæрæдзийы, æцæгæйдæр, кæй уарзынц æмæ кæрæдзийæн тынг кæй аргъ кæнынц. Уый уæлдай тынгдæр хауы сылгоймæгтæм. Уый нæлгоймагæн куынæ аргъ кæна, уæд йæ уарзты æнкъарæнтæ дæр тагъд ахуысдзысты. Аиуварс кæнын хъæуы ахæм фактортæ, куыд рæсугъд бакаст, æхцатæ, ахуырдзинад – уыдон сты æрмæстдæр иллюзитæ. Æрмæстдæр уын уе ‘нкъарæнтæ баххуыс кæндзысты, разæй уæм цытæ æнхъæлмæ кæсы, уыдоны сæрты ахизын æмæ уын цы нæ фаг кæны, уыдон ссарын.

Ис ахæм æмбарынад: «Нæлгоймаг уарзы зондджын нæ, фæлæ куырыхон адæймаджы». Нæлгоймаджы раз сылгоймаг йæ зондджындзинад ма хъуамæ æвдиса, фæлæ хæсджын у, цæмæй куырыхон уа. Куырыхон сылгоймаг кæддæриддæр зоны, цы саразын хъæуы æмæ цы дзурын хъæуы. Кæд æмæ æмкъайады стут  æмæ кæрæдзи хорз не ‘мбарут, уæд афтæ ма хъуыды кæнут, æмæ куы ахицæн уат, уæд уын цард тæбæгъыл амонд æрбахæсдзæн. Цы уыдис, уый уын хъуамæ зондзонæн уа æмæ рараст уат. Амонды сæрыл æрвылбон дæр тохгæнгæйæ у.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.