Программæ «Здравствуй, Россия!» – йы проектмæ гæсгæ ацы аз Санкт Петербурджы уыдысты 14 азæй 19 азмæ кары сабитæ. Ацы мадзалы хайад исынц 23 бæстæйæ, æввахс æмæ дард фæсарæнты æвзонг æмфыдыбæстæйонтæ. Ахæм балцы рæстæджы сывæллæттæн фадат вæййы æрмæст Уæрæсеимæ нæ, фæлæ ма бæстæйы культурæ æмæ традицитимæ зонгæ кæнынæн.

Уый цытæн “Спутник-Хуссар Ирыстон”-ы пресс-центры уагъд æрцыд чысыл пресс-конференци, цыран йæ хайадисджытæ дзырдтой сæ балцы фæдыл тæлмæнтæ.

Ахуырадон-зонынадон балцыты рæстæджы уагъд цæуынц экскурситæ, лекцитæ-дискусситæ, Уæрæсейы историйы фæдыл мастер-къластæ, истори, культурæ, спорты фадыджы зындгонд адæмимæ фембæлдтытæ. Ацы программæйы хайад райсын фадат дæтты æндæр бæстæты æмфыдыбæстæйонтимæ уырыссаг æвзагыл ныхас кæнын, Уæрæсейы истори æмæ йæ хъæздыгдзинæдтыл æнувыддзинад банкъарын.

Программæйы хуссарирыстойнаг хайадисджыты къухдариуæггæнджытæй иу – Туаты Тамарæйы ныхæстæм гæсгæ ацы проекты фæлгæтты уагъд цыд Уæрæсейы Федерацийы историон бынæттæм ахуырадон-зонынадон балцытæ, кæцытæ 2014 азæй фæстæмæ организаци кæны Федералон агентад Россотрудничество. Йæ нысан у арæнтæй дарддæр æвзонг фæлтæры æмархайд, бирæнацион уæрæсейаг культурæ ахуыр кæныны хъуыддаджы.

Проекты хайадисджытæй иу – Плиты Олег, уæлахиздзау ссис конкурсы номинацитæй иуы  – Уæрæсейы историйы фæдыл – «иу горæты истори». Уый бацæттæ кодта Дзæуджыхъæуы горæты историйы фæдыл проект, цыран радзырдта, горæт куыд рæзы, йæ фенддаг бынæттыл. Уый абарст сарæзта, Дзæуджыхъæу цахæм уыд, æмæ абон та цыхуызæн у, бирæ азты ацы горæты цы адæм цæрынц æмæ дзы æрæджыйæ чи цæры, уыдон тыххæй.

Ацы æвзонг лæппу ма арæхстджынæй цæгъды укулелейыл (гитарæйы хуызтæй сæ иу) æмæ уымæй йæхимæ æркæсын кодта иннæ хайадисджыты. Ацы музыкалон инструмент разынд æндæр бæстæйы хайадисджытæм æмæ Олег ахæм профессионалон цагъд кæй кодта, уыцы хъуыддаг сæ дисы баппæрста, ома, Хуссар Ирыстоны дæр зонынц ахæм инструмент.

Хуссар Ирыстонæй къорды къухдариуæггæнджытæй иннæ  – Мулдарты Аллæйы ныхæстæм гæсгæ проекты хайадисджытæ Плиты Олег æмæ Цхуырбаты Мария улæфт рæстæджы зарыдысты иумæ, æгæрыстæмæй, зарынмæ зæрдæргъæвд хъыргъызæгтæй дæр хицæн кодтой.

«Нæ сывæллæттæ  ма сæххæст кодтой, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы ирон кафт “Симд”, кæцы проекты алы хайадисæджы зæрдæйы дæр ныууагъта стыр фæд.

Ног хæлæрттæ скодтой сæхицæн

Цхуырбаты Мария ма Спутникы пресс-центры радзырдта, хъæздыг экскурсион программæйæ дарддæр уыдонæн фадат кæй уыд æндæр бæстæты фæсивæдимæ аныхас кæнынæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ уым уагъд цыдысты командон хъæзтытæ, æмæ уый æххуыс уыд кæрæдзи хуыздæр базонынæн. «Мæнæн æхсызгон у фæсарæйнаг æмбæстæгтимæ ныхас кæнын, æмæ мын Петербурджы уыцы фадат уыд. Ныртæккæ дæр уыцы хæлæрттимæ социалон хызæджы фыссæм кæрæдзимæ  æмæ кæрæдзи хонæм уазæгуаты», – дзырдта йæ мысинæгтæ Мария.

Проекты æндæр хайадисæг Джиоты Къоста банысан кодта, иууыл тынгдæр сæ хæлардзинад кæй фергом хъыргъызтæ æмæ абхазæгтимæ.

Туаты Тамарæйы ныхæстæм гæсгæ ма ацы аз дæр мадзæлттæ Россотрудничествойы хаххыл уагъд цæудзысты, сæйраджыдæр уыдон уыдзысты поэттæ æмæ фысджыты юбилейтæ, æмæ нысаниуæгджын цаутæ.

Акци æмæ лæвæрттæ

22 августы у Уæрæсейы тырысайы бон, уый цытæн уагъд æрцæудзæн акци, кæцыйы фæлгæтты сывæллæтты зонгæ кæндзысты тырысайы истори æмæ триколоры нысаниуæгимæ.

Тамарæ ма бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы къухдариуæггæнæг Сергей Скворцовы номыл. Уый балцы размæ алы хайадисæгæн дæр балхæдта ирон триколоримæ панамæтæ.

«Мах ныр дыккаг аз цæуæм уыцы панамæты, æмæ махæн, къухдариуæггæнджытæн, уый тынг ахсджиаг у. Уымæн æмæ нæ делегаци дæр хицæн кæнынц, иннæ делегациты æхсæн æнцонзонæн сты.

Проекты хайадисджытæ ма куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ æндæр бæстæты минæвæрттимæ кæрæдзийæн лæвæрттæ бакодтой, уæлахиздзаутæ систы алыгъуызон викторинæтæ æмæ конкурсты.

Спутник-Хуссар Ирыстон дæр фæстæ нæ фæлæууыд æмæ мадзалы хайадисджытæн бакодта чысыл лæвæрттæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.