РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр хайад райста Æхсæнадæмон ассоциаци «Друзья Крыма»-йы рабадты, кæцы уагъд æрцыд Ялтайы IV-æм Æхсæнадæмон экономикон форумы фæлгæтты. Уый тыххæй фехъусын кодтой РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы.

Ассоциацийы рабадты Медойты Димитр фæндон бахаста, цæмæй «Друзья Крыма» – «Крым-Кавказ»-ы егидæйы бын реализаци æрцæуа ног проект, кæцы æххæсса æмгуысткæнынады æппæт приоритетон здæхтытыл.

«Майы кæрон уникалон инженерон арæзтад Хъырымы хид баиу кæндзæн уæрæсейаг дыууæ донбылы. Уымæй байгом уыдзысты ног фадæттæ Уæрæсейы регионтимæ Хъырымы æххæст интеграцийæн, кæцыты нымæцы ис æввахсдæр регион – уæрæсейаг Цæгат Кавказ.

Фæндон хæссын, цæмæй куыст райдайа «Друзья Крыма» – «Крым-Кавказ»-ы егидæйы бын гуырахстджын проект, кæцымæ бацæуиккой æмархайды æппæт приоритетон программæтæ – куыд экономикон фарстыты, афтæ культурон æмæ гуманитарон фарстыты фæдыл дæр», – банысан кодта Медойты Димитр.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстон цæттæ у, æппæт цымыдисгæнæг фæрстимæ иумæ проект бакусыны хайад райсынмæ.

Медойы фырты ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстон уыдис Æхсæнадæмон ассоциаци «Друзья Крыма»-йы аразджытæй сæ иу, кæцыйæн бындур æвæрд æрцыд ивгъуыд аз. Уыимæ ма Хуссар Ирыстон æмгуыст  кæны Республикæ Хъырымимæ дыууæфарсон ахастыты форматы æмæ уымæн та æвдисæн у, Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй хуссарирыстойнаг делегацийы хайадист Ялтайы Æхсæнадæмон экономикон форумы куысты.

«Форумы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Хъырымы ‘хсæн фæндæтты тыххæй Суагъæйыл къухтæ æрфыссын, æнæдызæрдыгæй, ахъаз кæндзæн уæрæх æмархайд райдайынæн», – загъта РХИ-йы æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг.

Медойты Димитр ма радзырдта хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастыты уавæры тыххæй æмæ банысан кодта дыууæфарсон æмархайды хорз динамикæ æмæ позитивон характер.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.