Брюсселы Европарламенты бæстыхайы ауагъдæуыд XI Европæйаг уырыссаг форум «Евроцæдис-2017 æмæ 1917 азы уырыссаг революци: æнæсахуыргонд уроктæ».

Форумы куысты хайад райста РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр. 4 декабры панелон дискусситы рæстæджы, цыран дзырд цыдис нациты хисбæлвырд кæныны тыххæй, уый сарæзта доклад «Хуссар Ирыстон – Уæрæсе: дыууæ æмæ æрдæг æнусы иумæйаг истори», зæгъгæ.

Медойты Димитр бузныг загъта форумы организатортæн, фадат ын кæй фæцис Европарламенты бæрзонд трибунæйæ европæйаг æмæхсæнадмæ æрсидын æмæ йæ бæстæ – Республикæ Хуссар Ирыстоны тыххæй, сыхæгтимæ, æдтаг дунеимæ йæ ахастыты тыххæй радзурын, афтæ ма цымыдис чи æвзарын кæнынц, ахæм фарстытыл æрдзурын.

Йæ раныхас уый райдыдта ирон-уæрæсейаг ахастыты райдиантæй. «2017 азы сæххæст 265 азы Санкт-Петербурджы Ирыстоны фыццаг минæварады миссийыл. Мисси куыста вазыгджын рæстæджы – 1749 азæй 1752 азмæ.

Уыцы дард рæстæджыты, куыд ныртæккæ, афтæ Кавказ уыдис егъау регионалон бæстæтæн карз тохы аренæ. 1741 азы уæрæсейаг престолмæ императрицæ Елизавета Петры чызг куы бахызт, уæд Уæрæсейы политикæ Кавказмæ ахасты райдыдта ивын æмæ йын уыд фæдфæдылон, стратегион характер», – банысан кодта Медойы фырт.

Цымыдисон факттæ ссардæуыд Уæрæсейы империйы æддагон политикæйы архивы  1742 азы ноябры архиепископ Иосиф æмæ Мæскуыйы Знаменскы кувæндоны архимандрит Николай ныффыстой императрицæмæ, цыран уыдон хъусдард здæхтой уымæ, зæгъгæ, ирæттæ никæйы дæлбар сты: «Ныртæккæ ацы бирæнымæц адæм… сты уæгъдибар. Куыд туркæгтæ, афтæ персæгтау уыдоныл дæр ничи къухдариуæг кæны».

Уыдон ма бацамыдтой, цæрджыты бæрц цас у, уымæ. «… Сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ сты 200 мин адæймагæй фылдæр». Афтæ ма уым банысан кодтой, зæгъгæ, «… Рагзамантæй фæстæмæ ацы адæм уыдысты чырыстон динылхæст…».

Форумы хайадисджытæн министр радзырдта, зæгъгæ, «1751 азы 9 февралы ирон минæвæртты цытджын æгъдауæй райстой хицауиуæггæнæг Сенаты æмбырдмæ. Уыцы азы декабры мæйы та ирон миссийы уæнгтæн императрицæйы хайадистæй уыдис официалон химæрайст.

Ирон минæвæртты дипломатон балцæн Уæрæсемæ уыдис стыр нысаниуæг. Фыццаг ирон минæвæрттæн уæды рæстæджы вазыгджын политикон уавæрты бантыстис сбæлвырд кæнын, Ирыстонæн Уæрæсеимæ цæдисы ахсджиагдзинад æмæ дыууæ фарсæн дæр æнæмæнгхъæуæг кæй у, уый.

Афтæ ахаста 1917 азы зындгонд цауты онг. Уæд ирæттæ бахаудтой тæссаг уавæры ног Уæрæсе æмæ 1918 азы йæхи хæдбарæй чи расидтис, уыцы Гуырдзыстоны демократон республикæйы ‘хсæн дих куы ‘рцыдаиккой, уымæй. Гуырдзыстонимæ ахастыты историон фæлтæрддзинад хынцгæйæ, хуссайраг ирæтты раз слæууыд национ-паддзахадон ориентацийы фарст».

XX æнусы 20-æм азты национ хæдуагæвæрды сæрыл хусссайраг ирæтты тох, кæцы фадат нæ лæвæрдта Ирыстоны цæгат æмæ хуссарыл адих кæнынæн, рахызтис тугæйдзаг террормæ гуырдзиаг меньшевикты хицауады æмæ Гуырдзыстоны ног хæлæртты – Антантæйы бæстæты æххуысы руаджы. Ирыстоны куынæг кæнынæн кæрон æрцыд æрмæстдæр 1922 азы февралы, большевикон хицауад хицауиуæгадмæ куы ‘рцыд, уæд.

«Фæлæ, ног хицауиуæгады руаджы Хуссар Ирыстон, йæ адæмы фæндон нæ хынцгæйæ большевикты партийы Кавказаг бюройы уынаффæмæ гæсгæ тыхæй баконд æрцыд ног республикæ – Советон Гуырдзыстоны скондмæ.

Ирыстон йæ историйы фыццаг хатт дих æрцыд цæгатыл – Уæрæсейы Советон Республикæйы сконды æмæ хуссарыл – Советон Гуырдзыстоны,  Советон Цæдисы чысыл империйы сконды. Афтæ йæ рахуыдта академик Андрей Сахаров.

1989 азы, ССР Цæдисы ныппырхы агъоммæ, ногæй райтынг конфликт. Демо-кратон Гуырдзыстоны посткоммунистон ног хицауиуæгад ногæй бабырста Хуссар Ирыстонмæ, сæвæрдта карз блокадæ, Цхинвалы горæт æдзух уыд ракетон-артиллерион æхстыты бын. Æмæ æрмæстдæр Уæрæсейы активон дипломатон æмæ æфсæддон хифæхæццæкæнынады фæстиуæгæн, 1992 азы июлы Сочæйы бадзырдтыл къухтæ æрфыссыны фæстæ, урæд æрцыд тугкалд», – банысан кодта Медойты Димитр.

Æрбалæууыд абаргæйæ сабыр рæстæг, æмхæццæ къамисы фæлгæтты бадзырдон процесс ныфс лæвæрдта, ацы тенденци кæй фидардæр кæндзæн. 12 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны æрфидар сæртæг стабилондзинад.

«О, фæлæ 2003 азы Гуырдзыстоны хицауиуæгадмæ Михаил Саакашвилийы æрцыдæй уавæр ивын райдыдта. Иу азы фæстæ  2004 азы июль-августы дæргъы Хуссар Ирыстоны ныхмæ райдыдта ног интервенци масштабон хæстон операцитимæ, массон æгъдауæй ракетон-артиллерион хæцæнгарзæй цæрæн пункттæ æмæ горæт æхсгæйæ. Радон хатт дæр та Хуссар Ирыстон уыцы интервенцийæн бафæрæзта. НАТО-йы хæстон инструкторты ахуыргонд гуырдзиаг батальонты бахъуыд стыр зиæнттимæ фæстæмæ алæууын.

Саакашвилийы фæкъуыхцыуæвæг хæстон авантюрæ равдыста Гуырдзыстоны ног режимы æцæг цæсгом, кæцыйæ Европæйы активонæй имидж арæзтой «демократи кæм фæуæлахиз, уыцы бæстæйæн», Гуырдзыстоны ног хæлæрттæ та йæ рекламæ кодтой, куыд адæмуарзон, толерантондзинад æмæ гуманизмы сакъадах, афтæ.

О, фæлæ Ирыстоны ногдæр историйы иууыл вазыгджындæр рæстæг, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд 2008 аз, Пекины Олимпиадæйы бакæнæны бон – 7-æм августæй 8-æм августмæ æхсæвы НАТО-йы бæстæты хæцæнгæрзтæй ифтонггонд Гуырдзыстоны æфсæдтæ райдыдтой бомбæтæ згъæлын горæт Цхинвалыл, уæрæхмасштабонæй Хуссар Ирыстоны территоримæ æрбабырсгæйæ. Фæлæ та уæддæр Саакашвилийы «блицкриг» радон хатт дæр састы бынаты баззад.

2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федераци официалонæй банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ уымæй Хуссар Ирыстон райста хæдбар паддзахады æхсæнадæмон-барадон статус.

Ирыстоны кæддæриддæр бæрзонд аргъ кæндзысты Уæрæсейы къухдариуæгады ныфсхастдзинадæн, кæцы фæбæрæг, зын, фæлæ иунæг раст уынаффæтæ кæй рахаста, уымæй. Уыимæ иумæ ма ноджыдæр банысан кæндзынæн уый, æмæ уыцы уынаффæтæн аивæн кæй нал ис», – загъта министр.

2018 азы августы 10 азы æххæст кæны, Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл.

«Уый у нæ адæмы ногдæр историйы ахсджиагдæр цау. Абоны реалондзинад у ахæм: Уæрæсейы Федераци æмæ ноджы цалдæр паддзахад, кæцытæ сты  ИНО-йы уæнгтæ, Хуссар Ирыстоны банымадтой, куыд суверенон паддзахад, афтæ. Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ размæ цæуынц динамиконæй – абоны онг къухтæ æрфыстæуыд 100-йæ фылдæр дыууæфарсон æхсæнхицауадон сразыдзинадыл уæрæх спектры фарстаты фæдыл.

Æрæджы, 2017 азы ноябры, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли официалон балцы уыд Мæскуыйы, цыран къухтæ бафыстæуыд ноджы цалдæр ахсджиаг документыл. Уыцы процесс дарддæр кæндзæн.

Фæстаг дыууæ æнус æмæ æрдæджы дæргъы ирон-уæрæсейаг ахастытæ рацыдысты рæстæджы вазыгджын æвзарæнты фæндагыл. Цард фенын кодта уыцы фæндаджы рæст-дзинад – ирон-уæрæсейаг цæдис æрмæст йæхи нæ бахъахъхъæдта, фæлæ ма бирæ хатт фæтыхджындæр æмæ рахызт æмкуысткæнынады ног æмвæзадмæ. Вазыгджын рæстæджы фæлварæнтыл рацæугæйæ, уыдон систы æрмæст æфсымæрон нæ, фæлæ ма хæларсыхагон ахастытæ, уыдон райрæзтысты æмæ сфидар сты, абоны бон та систы æххæстхъомыс æхсæнпаддзахадон ахастытæ», – банысан кодта Медойты Димитр.

Йæ раныхасы кæрон Медойты Димитр бахахх кодта, зæгъгæ, «махæй алкæмæн дæр ахсджиаг хъуамæ суа постсоветон тыгъдады уæвæг реалиты æмхуызондзинад, нæ адæмтæ нæ иумиаг историйы дæргъы иумиаг тыхтæй цы историон æмæ культурон бынтæ арæзтой, уыдон бахынцгæйæ.

Йæхи стыр постсоветон тыгъдады хай æнкъаргæйæ, Хуссар Ирыстон бирæ хæттыты фехъусын кодта йæ фæндон, Уæрæсеимæ æнгом цæдисæй æххæстхъомысджын демократон суверенон паддзахад аразыны тыххæй, уымæй дæр æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæнынмæ æмæ æргомдзинадмæ тырнгæйæ, æппæт цымыдисгæнаг фæрстимæ уæрæх диалогмæ цæттæдзинад æвдисгæйæ».

Форумы куысты хайад райстой раззагон политиктæ, дипломаттæ æмæ эксперттæ Европæйы алы бæстæтæй æмæ Уæрæсейæ: Евроцæдисы Уæрæсейы æдзухон минæвар Владимир Чижов, Хæдбар паддзахадты æмхæ-ларады бæстæты Институты директор Константин Затулин, Европæйаг парламенты депутат Андрей Мамыкин, Европæйаг парламенты депутат (2004-2009 азты) Джульетто Кьеза, Мæскуыйы Æхсæнадæмон ахастыты паддзахадон институты кафедрæйы сæргълæууæг Оксана Гаман-Голутвина, Европæйаг парламенты депутат Елеонора Форенца, Парижы Демократи æмæ æмкуысткæнынады институты къухдариуæггæнæг Наталья Нарочницкая, ЦРУ-йы аналитик (1963-1990 азты) Реймонд Макговерн, Приднест-роваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев, Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Сæйраг Советы Сæрдары хæдивæг Галина Антюфеева, Европæйаг парламенты депутат Хосе-Мария Террикабрас (Каталони), Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Ду-мæйы депутат Вячеслав Никонов æмæ æндæртæ.

Дунеон информацион агентад  “Хуссар Ирыстон абон”

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.