Президент Бибылты Анатоли фæуазæг Артекмæ. Сывæллæтты зындгонд дунеон центры хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн экскурсси сарæзта йæ директор Алексей Каспржак.

Артекы территорийыл Бибылты Анатоли бакодта табличкæ Цхинвалмæ дæрддзæджы нысанимæ æмæ ныссагъта сæрмагонд бæлас.

Ацы аз сентябры Артекы баулæфдзысты хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ. Президент фæндон бахаста, цæмæй 20 сентябры сывæллæттæ уым саразой бæрæгбон Республикæ Хуссар Ирыстоны боны цытæн.

Артекы алыгъуызон улæфæг къордты минæвæрттæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ радтой фарстатæ йæ куысты, йæ сæрибар рæстæг куыд æрвиты, астæуккаг æмæ уæлдæр ахуырады, республикæйы æнæнизгæнæн центрты тыххæй.

Бибылты Анатоли радзырдта Хуссар Ирыстоны улæфæн лагертæ саразыны плæнтты тыххæй, Алексей Каспржак та ныфс бавæрдта, кæй йын баххуыс кæндзæн, абон Артекы цæмæй пайда кæнынц, ахæм ахуыргæнæн программæтæ саразыны хъуыддаджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.