Хуссар Ирыстоны делегаци Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолийы сæргълæудæй хайад райста Æхсæнадæмон форумы ахæм номимæ: «Дыккаг трекыл. Æмбæстагон æхсæнад æмæ æхсæнадон дипломатийы нысаниуæг Шанхайаг æмгуыстады организацийы дарддæры рæзт æмæ рауæрæх кæныны хъуыддаджы». Форум уагъд цыди 19-20 апрелы горæт Сочийы. Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон Палатæйы æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæс-тæты институты хъæппæрисмæ гæсгæ Уæрæсейы хуссайраг сæйраг горæты æрæмбырд сты Шанхайы æмгуыстады организацийы (ШОС) хайадисæг бæстæты минæвæрттæ, ШÆО (ШОС)-ы цур хъусдарæг бæстæты минæвæрттæ, диалогы фæдыл æмæ организацийæн Европæйы 26 перспективон бæстæйы, Ази æмæ Африкæйы Непал, Пакистан, Сири, Шри-Ланка, Китай, Монгол, Малайзи, Камбоджа, Иран, Инди, Израиль, Индонези, Египет, Вьетнам, Афганистан, Азербайджан, Сомихстон, Беларусь, Казахстан, Хъыргъыз, Таджикистан, Узбекистан, Лаос, Уæрæсе æмæ æндæр бæстæтæ.

Уыдон нымæцы фыццаг хатт уыдысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Форумы оргкомитет, кæцыйы сконды уыди УФ-йы РХИ-йы фыццаг минæвар, ХПÆ-йы бæстæты инстиуты Кавказы хайады гæс Медойты Димитр, сифтонг кодта ахæм ахсджиаг æхсæнадæмон мадзалы куысты æнтыстæн æппæт уавæртæ дæр.

Форумы дыууæбонон куыст райдыдта пленарон рабадтæй. Уый баст уыди рæзгæ æхсæндунеон æндыгъддзинады уавæрты организацийы раз лæууæг проблемæтæ æмæ ног уæнгты райсыны фæрцы Организаци рауæрæх кæныны фарстытимæ — уыдон сты Инди æмæ Пакистан, фæстæдæр та Иран дæр.

Форумы бæрнон нымæрдар æмæ модератор, Евразийаг интеграци æмæ ШÆО-йы рæзты фæдыл УФ-йы Æхсæнадон Палатæйы кусæгон къорды къухдариуæггæнæг Константин Затулин бакаст форумы хайадисджытæн УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фидиуæн. Уымæй дарддæр ма Константин Затулин банысан кодта, зæгъгæ, мадзал фыццаг хатт уагъд цæуы ахæм авналæнтимæ æмæ афтæ уæрæхæй. «Фæнды мæ райгонды ныхæстæ зæгъын æрæмбырдуæвджытæн, мах абон ахæм бæрцæй — 300 адæймаджы — кæй æрæмбырд стæм, уый тыххæй. Ахæм уæрæх æхсæндунеон форум никуыма ауагътам, уымæй дæр ахæм нысæнттимæ — æркæсинаг та нын ис канд „хорз цæрын куыд хъæуы“-йы темæ нæ, фæлæ, ныридæгæн йе сконды æнæхъæн зæххы къорийы æмбисы бæстæтæ кæмæн сты, уыцы конкретон организации куыд райтынг кæнæм, уыцы фарст дæр. Ныртæккæ дунейы тынг скарз конкуренци, АИШ-ы тынг тагъд кæнынц — æрæджы райхъуысти Ног Зелландийы Транссабырденджызон æмæхсæнад кæй рæзы, уый, европæйæгтæн тыхми кæнынц, цæмæй Транссабыратлантикон æмæхсæнад арæзт æр-цæуа. Адон, цыма, экономикон æмæхсæнадтæ сты, фæлæ мах хорз æмбарæм, уыдоны æрмæст экономикон цымыдис кæй нæй. Уыдон уый тыххæй арæзт цæуынц, цæмæй тарнснационалон корпорацитæн, сæйраджыдæр америкæйæгтæн уа нывæстытæ æмæ фæндтæ сæххæст кæнынæн, æфтиаг райсынæн æмæ æндæртæн уа сæрибар тыгъдад. АИШ-ы нæ фæнды Уæрæсе æмæ Китайы уым фенын. Мах ахæм æртхъирæны иувæрсты нæ ахиздзыстæм», — банысан кодта Константин Затулин.

Арфæйы ныхасимæ Форумы хайадисджыты раз ралæууыдысты УФ-ы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг, УФ-йы Уæлвæткон æмæ Ӕххæстбарджын минæвар Игорь Моргулов, Краснодары крайы губернаторы хæдивæг Юри Бурлачко æмæ горæт Сочийы мэр Анатоли Пахомов.

Уый фæстæ Шанхайы æмгуыстады организацийы рæзт æмæ размæцыды фарстыты фæдыл докладимæ раныхас кодтой Уæрæсейы Президенты уынаффæгæнæг Сергей Глазьев, Китайы æхсæнадон зо-нæдты академийы Уæрæсейы, Скæсæн Европæйы æмæ Астæуккаг Азийы Институты директор Юнцюань Ли (Китай), сенатор, хъахъæнынады, хæстон кондады, адæй-маджы барты æмæ федералон ахуырады комитеты уæнг, Пакистан æмæ Персы донбакæлæны бæстæты ахуыр кæныны центры президент Сехар Камран (Пакистан), Скæ-сæн Ази æмæ Мæскуыйы æхсæнадæмон ахастыты институты Шанхайы æмгуыстады организацийы центры директор Александр Лукин, УФ-йæ ШÆО-йы Хъуыддагон советы националон хайады сæрдары хæдивæг Азат Фазлыев, Египты политикон æмæ стратегион раиртæстыты центры азиаг хъуыддæгты эксперт æмæ энергетикæйы фадыджы къухдариуæггæнæг Ахмед Мухамед Кандил.

Сергей Глазьевы ныхæстæм гæсгæ, ШÆО-йы организаци уæрæх кæй кæны æмæ йе ‘ндæвдад кæй рæзы, уый ахсджиаг дзуапп у ныртæккæйы геополитикон æртхъирæнтæн. Уый хъуыдымæ гæсгæ, ШÆО-йы бындурыл регионалон æмгуыстад гæнæн ис æмæ суа америкæйаг гегемони æмæ иуполярон дунейы уагæвæрды ныхмæлæууæг тых. Евразийаг интеграцийы хайадисæг бæстæты æмбардзинад æмæ националон интерестæн аргъ кæныны бындурыл арæзт ШÆО-йы организаци тынг хицæн кæны, АИШ æмæ ИНО-йы бæстæтæ кæй аразынц, уыцы хæстон блоктæй, уымæн æмæ не ‘ркæндзæн бæстæтыл æдтейæ разамынад кæнын, националон валютæ аивын, æмбæстæгты интерестæ иу кæнæ иннæ экономикон кæнæ политикон цæдисы дæлбар бакæнынмæ.

Юнцюань Ли дæр йæхи рады радзырдта Уæрæсе æмæ Китайы ахастыты размæцыды тыххæй, стæй ШÆО-йы стратегион нысаниуæджы тыххæй. Йæ раныхасы рæстæджы рæгъмæ хаст æрцыдысты ШÆО-йы ахсджиагдзинады классикон тезистæ æмæ ацы æмхæларады фæлгæтты æмахастытæ аразынмæ тырнындзинад. Уый ма æрымысыд, фыццаг ацы хъуыддаг Шанхайаг фондз бæстæйæ, стæй Уæрæсеимæ фæстиуæгджын диалог сног кæнынæй кæй райдыдта. Ацы дыууæ хъомысджын паддзахады æмгуыстад Юнцюань Ли схуыдта быцæуаг фарстытæ, уыцы нымæцы арæнгæрон ныхмæдзыдтæ куыд скъуыддзаг кæнын хъæуы, уымæн цæвиттон. Ныхасы рацæуæджы хъуыдымæ гæсгæ, ШÆО гæнæ ис æмæ суа ахæм фæзуат, цыран скъуыддзаг цæудзысты æнгæс фарстытæ. Китайы минæвар загъта ахæм хъуыды, зæгъгæ, ШÆО-йы скондмæ бацæуыны агъоммæ Пакистан æмæ Инди хъуамæ аскъуыддзаг кæной се ‘хсæн уæвæг ныхмæдзыдтæ. Уый ныхæстæм гæсгæ, Турци раздæр ШӔО-йы скондмæ тырнгæйæ, уый фæстæ æрæппæрста уæрæсейаг хæдтæхæг, æмæ уы та æвдисы, ШÆО-йы хайадисæг бæстæты ‘хсæн конфликттæ цæмæ æркæнынц, уый.

Камран Семхар йæ раныхасы банысан кодта ШӔО-йы скондмæ бацæуыны хорз фæстиуджытæ. Сехар равдыста йæ ныфсы æнкъарæнтæ, организацийæн йæ бон кæй у æмæ райрæза Евроцæдисæй уæрæхдæр, æмæ æрымысыд европæйаг иугæнды æвæрццаг цæвиттон. Уый фехъусын кодта, Пакистанæн йæ бон кæй у ног интеграцион иугæндæн ахсджиаг транзитон «коридор» суæвын, цæмæй евразийаг партнертæ Раззаг Азийы регионмæ æнцонтæй æфтой. Пакистаны минæвар банысан кодта, зæгъгæ, ШÆО Пакистаны хуызы йæхицæн ссардта æууæнкджын æмцæдисоны, кæцыйæн йæ бон у æмæ суа ацы регионы йе ‘ндæвдад фæтыхджындæр кæныны амал, стæй суа ШÆО-йы партнер терроризм, экстремизм æмæ трансарæнон наркотрафикы карз проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы. Гарантийы хуызы та уый æрхаста, Исламабад Китаимæ æмгуыстады фæдыл цы æндæр æхсæнадæмон оранизациты уæнг уыди, уыдоны æвæрццаг цæвиттон. Уый ныхæстæм гæсгæ, Пакистан ШÆО-йы æххæст уæнг куы уа, уæд йæ бон хайад исын уыдзæн бирæ пайдайаг программæты, афтæ ма ахъаз фæуыдзæн Индиимæ ныхмæдзыд æрнывыл кæнынæн.

Александр Лукин йæхи рады банысан кодта, ШÆО-йы дарддæры рæзты уавæрты кæй хъæуы формулæ «ШÆО=æдасдзинад+экономикæ+культурæ æмæ ахуырады формулæ ма фехалын. Уый хъуыдымæ гæсгæ ШÆО-йы фæлгæтты экономикон æмгуыстады фарстытæм хъæуы сæрмагонд тыхджын хъусдард. Йæ раныхасы кæронбæттæны Александр Лукин ракодта, фидæны организацийы скондмæ Ираны райсыны кой, уымæй ист æрцыдысты санкцитæ.

Египеты минæвар Кадер Фарид сæрмагондæй банысан кодта терроризмы ныхмæлæууыны фарст, Египеты цæвиттонмæ бацамонгæйæ. Уый ныхæс-тæм гæсгæ, ИНО хъуамæ бæстон хъусдард аздаха ацы проблемæмæ æмæ райса æмбæлон сразыгонд фæндон, уыцы нымæцы — æппæт дунейыл терроризм финанс кæныны хъуыддаг æруромынмæ дæр.

Форумы пленарон хайы фæуыны фæстæ райдыдта секциты куыст. 1-аг секциийы куыст баст уыд ахæм фарстытимæ, куыд «Дунейы фæтк, æдасдзинад æмæ терроризмимæ тох». 2-аг секци уынаффæ кодта экономикæ, амалхъомдзинад, афтæ ма экологи æмæ æрдз бахъахъхъæныны фарстытыл. Форумы 3-аг секцийы хайадисджытæ сæ хъусдард аздæхтой культурæ æмæ дины æмархайд, афтæ ма ШÆО-йы бæстæты, стæй иумæйагæй Евразийаг тыгъдады ахуырад æмæ зонады темæйы ‘рдæм. Дыууæ боны дæргъы секциты форматы Форумы 300 хайадисæджы уынаффæ кодтой ШÆО-йы проблемæтæ æмæ рæзты фидæны, уавæр анализ гæнгæйæ æмæ экспертон аргъ сконды æмæ рекомендацитыл кусгæйæ. Уыдоны бындурыл адарддæр уыдзæн куыст, уыцы политикон æмæ дипломатон структурæты куыст дæр. Æдæппæтæй байхъуыс-тæуыд 120 экспертон докладмæ дунейы фæткы, æдасдзинад æмæ терроризмы ныхмæ тохы, экономикæ æмæ амалиуæгад, экологи æмæ æрдз бахъахъхъæнын, ахуырад æмæ зонад, культурæтæ æмæ динты æмархайды фарстыты фæдыл. Форум сси 26 бæстæйы экспертон æмæхсæнады, бизнес структурæты, институты, зонадон æмæ æхсæнадон организациты хъуыдытæ кæрæдзийæн дзурæн фæзуат.

Хайадисæг бæстæты политиктæ æмæ æхсæнадон архайджыты дыууæбонон куысты фæстиуæг сси «Сочийаг декларации»-йыл къухфыст кæй æрцыд, уый. Сочийы форум та ногæй уагъд кæд цæудзæн, уый бæстон бæлвырд нæма у, фæлæ йæ хъæппæрисы хицау Константин Затулины ныхæстæм гæсгæ, сочийаг фæзуат нырæй фæстæмæ кусдзæн æнæрлæугæйæ. Хатдзæгон декларацийы нысангонд у, зæгъгæ, ШÆО-йы фæлгæтты æмгуыстад арæзт у регионы сабырдзинад бахъахъхъæнын, Евразийаг бæстæты экономиикон рæзт сифтонг кæнын æмæ сæ традицион культурæтæ бахъахъхъæнынмæ.

Форумы Хуссар Ирыстоны делегацийы хайадистæн уыди ахсджиаг фæстиуджытæ. Дыууæ боны дæргъы делегацийы сæргълæууæг, РХИ-йы Парламенты спикер Бибылты Анатоли Форумы фæзуæттыл ауагъта иукъорд фембæлды Хæдбар Паддзахадты Ӕмхæларад, Ази æмæ Ӕввахс скæсæны бæстæты минæвæрттимæ. Фембæлдты рæстæджы дзырд цыди регионалон æдасдзинады проблемæты фæдыл. Парламенты спикер банысан кодта Уæрæсейы ахадындзинад, куыд Евразийаг тыгъдады, æмæ сæрмагондæй та Кавказы регионы сабырдзинады фактор. Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе фæдфæдылонæй æххæст кæны фидауынгæнæджы функцитæ куыд Кавказы, афтæ Сирийы æмæ æндæр регионты дæр, æхсæнадæмон терроризмы экспансийы æмæ дунейы тыхæй байуарыны ныхмæ лæугæйæ. Хуссар Ирыстоны уæлдæр закъондæттынадон органы разамонæг ма банысан кота ахсджиагдæр фарстыты фæдыл дунеон боны фæткы тыххæй республикæйы позици. Уымæй дарддæр ма, Бибылты Анатоли Абхазы минæвæрттимæ фембæлгæйæ, сæрмагондæй та зындгонд абхазаг политик æмæ дипломат, парти «Единая Абхазия»-йы раздзог, Абхазы Парламенты депутат Сергей Шамбаимæ, æрдзырда дыууæ æфсымæрон республикæйы æхсæн-парламентон æмæ æхсæн-партион бастдзинæдтæ рауæрæх кæныныл. Сергей Шамба дæр йæхи рады равдыста цæттæдзинад парти «Иугонд Ирыстон»-имæ бастдзинæдтæ фæрæвдздæр кæнынмæ, уыцы нымæцы — дыууæ партийы фæсивæдон хайадты хаххыл.

Уымæ гæсгæ, Форумы Хуссар Ирыстоны делегацийы хайадист фæахъаз ис иукъорд бæстæты дипломатон архайджытæ æмæ экспертон æмæхсæнадтимæ æхсæнадæмон бастдзинæдтæ рауæрæх кæныны хъуыддагæн.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.