Рагæй фæстæмæ дæр адæймаджы царды ахсджиаг нысаниуæг ис фæндæгты арæзтадæн, уымæн æмæ хорз æмбарæм, фæндаг æмæ дон кæм нæй, уым цард нæй.

Куыд зонæм, афтæмæй фæстаг 27 азы Цхинвал-Къуайсайы фæндаг æрцыд бынтон æдзæллаг уавæрмæ. Цалцæг-иу æрцыд ранæй-рæтты, фæлæ та-иу зымæджы салд бонты згъæлын райдыдта. Къуайсайæгтæ рагæй домдтой, цæмæй сын хицауад сæ фæндагмæ хъус æрдарой. Уæлдай зын æмæ тæссаг уавæры фæндаг уыд зымæгон бонты. Хатт-иу къуыригæйтты нæ уыд цæуæн æхсæнадон транспортæн, бынтон æдзæллаг уавæры та уыдысты хъæутæм бацæуæнтæ.

2016 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы фæндæгтæ хъуамæ арæзт æрцыдаид, уыдон номхыгъдмæ бахауд Къуайсайы фæндаг дæр. Ивгъуыд аз уый сырæзт Гуфтайæ Уæллаг Хъемултайы онг. Хицæн ын æрцыд 546 милуан сомы. Аразы йæ Фæндæгты арæзтад æмæ автомобилон фæндæгтæ эксплуатацимæ дæттыны фæдыл комитет. Комитеты дæлбаруæвæг «Дорэкспострой»-ы кусджытæ ивгъуыд аз æрæвнæлдтой фæндаджы арæзтадмæ æмæ йын азы кæронмæ фесты йæ сæйраг хай. Уæд, фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацимæ дæттыны фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард куыд загъта, афтæмæй фæндаг аразджытæ бакодтой егъау куыст. Цыдæриддæр фыццаг этапыл саразын æмбæлд, уыдон арæзт æрцыдысты афоныл. Гуфтайæ Уæллаг Хъемултайы онг сæвæрдтой фондз хиды. Уыцы хид-тæн проектон-сметæйон документаци сарæзтой Цæгат Ирыстон-Аланийы Хидарæзтады проектон институт.

Гуфта-Къуайсайы фæндаг хæхты фæрсты кæй цæуы, уымæ гæсгæ дзы бирæ уыд проблемон бы-нæттæ. Цъыфзæйтæ-иу арæх фехæлдтой фæндаджы уæлцъар æмæ уый хъыгдардта автотранспортон змæлды. Ам раздæр цы уромæн къултæ арæзт æрцыд, уыдон фидар нæ разындысты. Проектон институты техникон амынд-мæ гæсгæ проблемон бынæтты æвæрд æрцыд, æртæ метры йæ диаметр кæмæн у, ахæм бетонæй хæтæлтæ, цæмæй цъыфы зæйæн ацæуæн уа. Цыбырдзырдæй, арæзт æрцыд æппæт дæр, цæмæй трассæйыл цæуæг адæм зындзинæдтæ мауал æвзарой. Иуæй-иу бынæтты конд æрцыд æфсæн хызтæ дæр. Фæндаджы уæлцъар æрцыд асфальтæй æмбæрзт. Йæ арæзтадыл бынæттон адæм  кæй куыстой, уымæ гæсгæ йæм нæй фау æрхæссæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, къуайсайæгтæ хуыздæр зонгæ сты фæндаджы проблемон бынæттимæ, уымæ гæсгæ ахæм бынæттæм цыд уæлдай хъусдард.

Ивгъуыд аз ма фæндагæй аразинаг цы 10 километры баззад, уымæ дæр та бавнæлдтой ацы комитеты кусджытæ. Хъуамæ куыстытæ фæуыдаиккой октябры райдианы,  фæлæ ам нырма баззад бакусинæгтæ.

3-æм октябры уыдонмæ фæуазæг РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ бæстон бабæрæг кодта фæндаджы уавæр.

«Дорэкспострой»-ы сæргълæууæг  Лалыты Мурат куыд загъта, афтæмæй  куыстытæ  чысыл  бакъуылымпы сты чысыл аххосæгтæм гæсгæ, фæлæ фæндаг æмткæй эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис ноябры райдианты. Ныртæккæ фæндаджы арæзтадыл кусы  техникæйы цалдæр иуæджы, боныгъæд хус кæй хæссы, уымæ гæсгæ  уыдонæн сæ куыст ницы къуылымпы кæны.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.