Стыр Уæлахизы 75 азы цытæн уырыссаг шашкæтæй уагъдцæуæг ерысты кæрон уагъд æрцыд блиц-турнир. Алкæцы хъазæгæн дæр лæвæрд цыд 5 минуты хъазты партийæн. Æппæт партитæ сæххæст кæнгæйæ, турнирон таблицæйы фыццаг дыууæ бынаты бацахстой Знауыры районы минæвæрттæ Плиты Хазби æмæ Гæджиты Тамаз. Уыдон æрæмбырд кодтой фæйнæ 2,5 очкойы æмæ уæлахиздзау сбæрæг кæныны тыххæй бахъуыд уæлæмхас фембæлд ауадзын. Æнтыстджындæрæй архайдта Плиты Хазби æмæ ссис турниры сыгъзæрин майданы хицау, Гæджиты Тамаз та ацыд дыккаг бынатыл. Æртыккаг бынат бацахста Цхинвалы районы минæвар Тедеты Николай.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, финалы йæхи нысаниуæг уыд Плиты Хазбийы фæлтæрддзинадæн. Фæлæ Гæджиты Тамаз дæр бирæ фæхуыздæр кодта йæ хъазт æмæ хъуыды кæнын афтæ, æмæ æв-вахс рæстæджы йæ фæстиуджытæ дæр кæй фæхуыздæр уыдзысты. Тедеты Николай та у нæ республикæйы стабилондæр хъазджытæй иу», – загъта РХИ-йы шаш-кæты федерацийы президент Лолоты Барис.

***

Профессионалон спорты историйы рекордон контрактыл йæ къух æрфыста  америкæйаг футболæй АИШ-ы сæйраг чемпионаты архайæг командæ «Канзас-Сити»-йы хъазæг Патрик Махоумс. Уый 10 азы æмгъуыдмæ райсдзæн 503 милуан доллары. 24-аздзыд спорт-смены контракт йæ тыхы бацæудзæн 2021 азæй.

Афтæмæй Патрик Махоумс фæразæй  иннæ америкæйаг спортсмен Майк Траутæй. Уый та у бейсболист æмæ ивгъуыд азы кæрон контракт бафыста клуб «Лос-Анджелес»-имæ, кæцымæ гæсгæ 12 азмæ райсдзæн 426,5 милуан доллары. 

Ныр æй куы банымайæм, уæд Махоумс 10 азы дæргъы иу сахат-мæ кусдзæн 521 доллары, иу къуыримæ та – 937 мин доллары.

Кæд футбол дунейы нымад цæуы иууыл популярондæр спорты хуызыл, уæддæр йе стъалытæ Криштиану  Роналду æмæ Лионель Мессийы куыстмыздтæ сты бирæ къаддæр. Зæгъæм,  Forbes æй куыд банымадта, афтæмæй Криштиану 17 азмæ бакуыста 650 милуан доллары, Лионель та – 605 милуан доллары.

Санкт-Петербурджы размæбырсæг Артем Дзюба иу азмæ исы 3 милуан ервойы. Уымæ гæсгæ, цæмæй Махоумсы баййафа, уый тыххæй йæ бахъæуид 148 азы хъазын.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.