Цытджын фидауынгæнджытæ! Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын Фидауынгæнæджы боны цытæн!

1992 азы июлы мæйы Хуссар Ирыстоны территоримæ æртæварсон æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты æрбацыд сарæзта æнæмæнгхъæуæг уавæртæ конфликты зонæйы хæстон архайдтытæ æруромын æмæ нæ зæххыл сабырдзинад сфидар кæнынæн.

Нæ республикæйы фидауынгæнæн операцийы фæлтæрддзинад нымад цæуы сабырдзинад æмæ стабилондзинад сфидар кæныны иууыл эффективондæр æмæ æнтыстджындæр фидауынгæнæн миссийыл. Куыд фидауынгæнæн операцийы комкоммæ хайдисæг, афтæ мæн уырны, растддæр Уæрæсейы фидауынгæнæн тыхты хайадист фылдæрбæрцæй кæй ахъаз кодта сабырдзинад сфидар кæнынæн, æдасдзинад æмæ не ‘мбæстæгты хъахъхъæнынад сифтонг кæнынæн. Хæстон-фидауынгæнæджы хъæддыхдзинад, хъайтардзинад æмæ æхсардзинады фæрцы фадат фæзынд райгуырæн зæххыл цæрын æмæ кусынæн.

Нæ адæм бузныг сты хæстон-фидауынгæнæгæй ардбахæрдыл æнувыддзинады, службæ æмæ æрвылбонон сгуыхтдзинады тыххæй, уыдон кад æмæ намысимæ кæй æххæст кодтой сæ хæс æмæ нын кæй æрхастой сабырдзинад æмæ æдасдзинад, кæй нын балæвар кодтой растдзинады уæлахиз ныфс, уый тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй стыр бузныджы ныхæстæ дзурын Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырдзинад сфидар кæныны фæдыл Æмхæццæ тыхты хæстонтæ-фидауынгæнджытæн æмæ сын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад, сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.