Хуыцаубоны спортивон комплекс «Олимп»-ы уагъд æрцыдис æрвылазон турнир Советон Цæдисы спорты мастер, Республикæ Хуссар Ирыстоны физикон культурæйы сгуыхт кусæг, Хуссар Ирыстоны аивадон гимнастикæйы секцийы бындурæвæрæг Гæбæраты Людмилæйы рухс ном арыны сæраппонд.

Турниры фæстиуджытæм гæсгæ фæбæрæг сты Цхинвалы хуыздæр гимнасттæ, уыдон райстой 8 сыгъзæрин майданы æмæ систы йæ уæлахиздзаутæ. Цæгатирыстойнаг гимнасттæ та ахастой цыппар сыгъзæрин майданы.

Номарæн æрвылазон турниры хайад райстой куыд Цхинвалы, афтæ Цæгат Ирыстон-Аланийы гимнасттæ дæр. Æдæппæтæй дзы хайадисджыты нымæц уыдис 60 бæрц. Æрыгон спортсментæй алкæцы дæр йæхиуыл æнæауæрдгæйæ, тынг тырныдта, цæмæй максималон æгъдауæй равдыстаид спорты ацы хуызы йæ арæхстдзинад æмæ дæсныйад. Æрæмбырдуæвджыты зæрдæтæ радысты сывæллæтты стыр æнтыстытыл, уымæн æмæ ацы спорты хуыз Хуссар Ирыстоны у ног фæзынгæ æмæ йын азæй-азмæ ис фылдæр æнтыстытæ. Уыдон арæх хайад райсынц Уæрæсейы Федерацийы уагъдцæуæг алыгъуызон турнирты æмæ вæййынц æнтыст-джын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Аивадон æмæ эстетикон гимнастикæйы федерацийы президент Цхуырбаты Земæ йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй спортсменты цæттæдзинад ацы спорты хуызы азæй-азмæ кæны бæрæг хуыздæр, афтæ ма спортивон мадзæлттæ уадзыны æмвæзад дæр. «Мах куыд уынæм, уымæ гæсгæ нæ хъомылгæнинæгтæн, стабилон æгъдауæй, хуыздæр кæны сæ арæхст, сæ дæсныдзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый та махæн у тынг æхсызгон, уымæн æмæ нæ куыстæн ис хорз фæстиуджытæ æмæ фидæн. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын æппæт ахуыргæнджытæн,  мæ коллегæтæн, ахæм хорз куыст кæй бакодтой сывæллæттимæ», – банысан кодта Цхуырбаты Земæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй турниры хæдразмæ хуссарирыстойнаг гимнасттимæ бакуыста дзæуджыхъæуккаг, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт тренер Инна Никитина. Цхуырбаты Земæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уыцы тренировкæтæ стыр ахъаз фесты нæ спортсменкæты цæттæдзинадæн.

«Абон мæн фæнды зæрдиаг арфæйы ныхæстæ зæгъын нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ «Олимп»-ы къухдариуæгадæн, куыд мæхи, афтæ мæ коллегæтæ æмæ æрыгон спортсменты номæй дæр, ахæм стыр æххуыс кæй кæнынц аивадон æмæ эстетикон гимнастикæйы райрæзтæн», – загъта Цхуырбайы чызг йæ ныхасы кæрон.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.