УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

7-9 декабры Дзæуджыхъæуы уагъд æрцæудзæн уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон турнир «Аланы-2018». Йæ уæлахиздзаутæ райсдзысты UWW-йы рейтингон турнир Гран-при «Иван Ярыгин-2019»-ы хайад райсыны бар. Турниры тыххæй сæ хъуыдытæ загътой Уæрæсейы Спортивон Хъæбысхæсты федерацийы вице-президент Фадзайты Арсен æмæ УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат.

«Турниры хайад райсдзысты дунеон æмвæзады стъалытæ, уыдоны нымæцы Олимпион хъæзтыты уæлахиздзаутæ, – банысан кодта Фадзайты Арсен.  Æдæппæтæй турнирмæ хуынд сты 33 бæстæйы хъæбысæйхæцджытæ. Бирæ бæстæтæ æркæндзысты  сæ иууыл тыхджындæр богалтæ. Ацы турнирæй ма райдайдзыстæм нæ спортсментæй тыхджындæрты æвзарын, кæцытæ ног азы хайад исдзысты сæйраг стартты. 2019 азы та нæм дунейы æмæ Европæйы чемпионатты, Дунейы Кубок, афтæ ма UWW-йы рейтингон турниртæй дарддæр æнхъæлмæ кæсынц Европæйаг хъæзтытæ, кæцытæ уагъд æрцæудзысты Олимпион уæзы категориты».

Тедеты Дзамболат та куыд загъта, афтæмæй иу мæйæ чысыл фылдæры фæстæ райдайдзæн 2019 азы сезон æмæ, зæгъ, ныридæгæн райдайдзыстæм нæ спортсменты фæлварын.

«Турнир «Аланы»-йы хайад райсдзысты нæ богалтæ иууылдæр, æрмæстдæр ссæрибар кодтам ацы аз дунейы чемпионты, мæнмæ гæсгæ сæм æмбæлы, цæмæй иучысыл баулæфой. Турнирæн ис бæрзонд статус. Йæ уæлахиздзаутæн лæвæрд цæудзæн дунеон къласы спорты дæсныйы кадджын нæмттæ, афтæ ма сын уыдзæн бæстæйы æмбырдгонд командæмæ бахауыны тыххæй фыццаг къахдзæф», – загъта уый.

Тедеты Дзамболат ма фехъусын кодта, Гран-при «Иван Ярыгин»-мæ, кæцы ныр дыккаг аз фæд-фæдыл у рейтингон, кæй бауаддзысты, уый тыххæй дæр. «Хъыгагæн та ацы турнирмæ дæр алы бæстæйæ дæр  æмæ алы уæзмæ дæр уаддзысты æрмæстдæр æртæ адæймаджы æмæ махæн нæ бон ницы у уыцы хъуыддаг фæивыны тыххæй. Нæ командæйæ уым хайад райсдзысты турнир «Аланы-2018» уæлахиздзау, Миндиашвилийы турниры уæлахиздзау æмæ Уæрæсейы æмбырдгонды фыццаг номыр, ома, уыцы богал, кæцы нæ бæстæйы спортивон кад хъахъхъæдта Будапешты дунеон чемпионаты. Зæгъæм, нæ фыццаг номыртæй исчи сфæнд кодта йæ уæзы категори фæивын, уæд уый дæр бахъæудзæн æвзæрстытæ рацæуын æмæ йын уый тыххæй ис дыууæ шансы  турнир «Аланы» æмæ Миндиашвилийы турнир», – банысан кодта Тедеты Дзамболат.

УФ-йы æбырдгонды сæйраг тренер ма фехъусын кодта сæ разылæууæг хæсты тыххæй. «Нæ сæйраг хæс у Олимпион хъæзтыты размæ лæппуты бафæлварын. Разæй нæм æнхъæлмæ кæсы тынг ахсджиаг дунеон чемпионат, цыран рамбулын хъæудзæн Олимпион лицензитæ. Æвæццæгæн, Европæйы чемпионатмæ командæ ацæудзæн иу скондæй, Европæйаг хъæзтытæм та æндæр скондæй, цæмæй серьезон ерысты бафæлварæм, цас фылдæр гæнæн ис, уыйбæрц спортсменты. Алкæмæн дæр ратдзыстæм ахæм фадат, уымæн æмæ ма Олимпион хъæзтытæм баззад æрмæстдæр иу аз», – банысан кодта Тедеты Дзамболат.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ фарон аз турниры хайад кæй райстой хъæбысхæсты дунейы стъалытæ –  Гуырдзыстонæй Олимпион чемпион Владимир Хинчегашвили, Азербайджанæй Олимпион чемпион Шариф Шарифов, 2016 азы Олимпион хъæзтыты призер, дунейы бирæ хæттыты уæлахиздзау италиаг Франк Чамизо, афтæ ма зындгонд уæрæсейаг богалтæ.

Уæд ерысты уæлахиздзаутæ систы Тусхъаты Азæмæт, Исмаил Мусукаев, Ахмед Чакаев, Магомед Курбаналиев, Зассеты Алан, Найфонты Артур, Байцаты Владислав æмæ Билял Махов.

Алы  уæзы  призон  фонд  уыдзæн 10 мин  доллары,     5 мин доллары райсдзæн уæлахиздзау, 2 мин – æвзист призер, æмæ фæйнæ 1 мин доллары та  – бронзæ майданы хицæуттæ æмæ уæлахиздзауы тренер.

7-8 декабры ерыс кæндзысты 57, 65, 74, 86 æмæ 97 кг уæзы категориты архайæг богалтæ. 8-9 декабры та 61, 70, 79, 92 æмæ 125 кг уæзты спортсментæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.