Хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ тынг хорз сæхи равдыстой уæгъдибар хъæбысхæстæй æппæтуæрæсейон турнир «Моздокский ковер»-ы. Бантыстис сын 4 сыгъзæрин, 4 æвзист æмæ 8 бронзæ майданы рамбулын. Уый фæстиуæгæн командон ерысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ бацахстой фыццаг бынат. Турниры ма хайад истой Кæсæг-Балхъар, Цæцæн, Мæхъæл, Дагъыстан æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы спортсментæ.

Уæлахиздзаутæ систы Галуанты Арсæмæг, Хуыбиаты Асан, Болататы Дзамболат æмæ Кокойты Денис. Æвзист призертæ систы Тедеты Артур, Галуанты Æхсæртæг, Багаты Аслан æмæ Хъотайты Руслан. Бронзæйон хорзæхтæ та фесты Гæджиты Аслан, Гæджиты Валери, Хъæцмæзты Арсен, Собаты Сергей, Хъуылымбегты Арсен, Плиты Дмитри, Бекъойты Валери æмæ Санахъоты Алены.

Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Гæджиты Артур, Гæззаты Алан, Джиголаты Андрей, Коцты Тамерлан, Гæджиты Марат, Бикойты Азæмæт, Хъесаты Петр æмæ Багаты Вадим.

Тренер Гæджиты Артур нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй бузныгæй баззадысты РЦИ-Аланийы Праламенты депутат Быценты Станиславæй, хуссарирыстойнаг командæмæ стыр хъусдард кæй аздæхта æмæ сын алыварсон æххуыс кæй кодта, уый тыххæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.