Адæймагæн, æвæццæгæн, иууыл æнæуынондæр сырд у бирæгъ. Уый тыххæй нæ æмæ йæ бакаст йæ зæрдæмæ нæ цæуы. Уымæн æмæ йын уымæй фылдæр зиæнттæ иу сырд дæр нæ кæны. 1880 азы Англисы хицæуттæ горæт Кармантены сæвæрын кодтой цырт… бирæгъæн. Фæстæдæр ахæм цырт æвæрд æрцыд Германы дæр. Æмæ, уæдæ цы хъуыддаджы басгуыхт бирæгъ ацы паддзахæдты раз? Хъуыддаг рауад иннæрдæм. Уыцы паддзахадтæ сæхæдæг басгуыхтысты – сæ зæххыл сæ скуынæг кодтой æмæ сын цыртытæ дæр уымæн сæвæрдтой.

Бирæгъты скуынæг кæнын зын у – уый у тыхджын, фæливæг, фæразон, уыцы миниуджытимæ ма у æнкъараг, къæрцхъус, хорз уыны цæстæй, ис ын æнкъараг æм-будæнтæ. Æмæ кæд адæймаг йемæ æнус-ты дæргъы тох кæны, уæддæр ницы фæразы йе скуынæг кæнынæн æмæ йын бирæ зиæнттæ кæны.

Фæстаг азты нæ республикæйы хъæдты уыдон афтæ сбирæ сты æмæ стыр фыд-былызтæ кæй кæнынц хъæууон цæрджы-тæн, уый сусæг никæмæн у. Уыдон æргомæй сусæгæй лæбурынц фосмæ, æгæрыстæмæй бырсынц цæрджытæн сæ кæртытæм дæр, афтæмæй сын ныргæв-дынц сæ фосæй.

«Не ‘ппæт дæр хорз æмбарæм, хъæууон лæг хъæуы куы цæра, уæд хъуамæ дара фос, кæна зæххы куыст. Афтæ куынæ уа, уæд цæмæй хъуамæ цæра. Фæлæ сын фæстаг азты стыр фыдбылызтæ ракæнынц бирæгътæ. Æз, мæхæдæг æвдисæн  сдæн ахæм цаутæн, Знауыр æмæ Ленингоры хъæуты цæрджытæй дыгай-æртыгай стуртæ кæмæн аргæвстой. Æмæ, уый махæй цуанонтæй, алкæмæндæр уыд тынг зын, уымæн æмæ хъæууон лæг, сæй-раджыдæр, йæхи æмæ йæ бинонты дæр, сæйраджыдæр, фосæй дары. Тыхстдзинад сын  æвзарын кæнынц хæдмæлхортæ дæр. Уыдон дæр æрхъуызынц цæрджыты кæртытæм æмæ разиан кæнынц фосæн, бахæрынц кæрчыты. Афтæмæй фæлмæцынц цæрджытæ. Уымæ гæсгæ бирæгътыл цуан кæныны сезон мах æрбакодтам ивгъуыд аз октябры мæйы», – дзырдта йæ раныхасы «Цуангæнджытæ æмæ кæсагахсджыты» æхсæнады сæрдар Букуылты Чермен.

Букуылы фырт куыд зæгъы, афтæмæй сын æрмæст февралы мæйы бантыст 12 бирæгъ æмæ 101 хæдмæлхоры амарын. Сезоны æрбакондæй фæстæмæ та цуангæнджытæн бантыст 300 тугдзых сырды бæрц амарын. Сæ къухты ахæм æнтыст кæй бафтыд, уымæ гæсгæ хуыздæр цуангæнджытæ хорзæхджын æрцыдысты æхцайы премитæй. Фыццаг бынат лæвæрд æрцыд Дзæгъиаты Махарбегæн, уымæн лæвæрд æрцыд æхцайы преми 5 мин сомы. Премитæ ма лæвæрд æрцыд Куыдзеты Ирмæтæн, бантыст ын 2 бирæгъ æмæ 34 хæдмæлхоры амарын. Куыдзеты Вячеслав та 27 хæдмæлхорæй фервæзын кодта цæрджыты. Дзауы районы цуангæн-джытæй хуыздæртыл нымад æрцыдысты æфсымæртæ Кокойты Давид æмæ Лев.

Букуылты Чермен куыд фехъусын кодта, афтæмæй сын ацы æхцайы фæрæзтæ иу чысыл уæддæр фæахъаз уыдзысты æртаг æмæ нæмгуытæ балхæнынæн. Сæхицæн уыййас фадæттæ нæй. Уый ма куыд ра-дзырдта, афтæмæй сæ куысты уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй бирæ хæт-тыты бахатыд æмбæлон инстанцитæм, фæлæ уавæр йæ бынатæй не ‘ггуырст. Ныр, Президент Бибылты Анатолимæ бахатгæйæ, уавæр рараст. Рахицæн сын æрцыд æхцайы фæрæзтæ æмæ дзы цуангæнджытæ баззадысты райгондæй.

«Æз тугдзых сырдтыл æхцайы тыххæй нæ цуан кæнын. Бирæгъты нымæц æгæр бирæ кæны æмæ тыхсынц адæм. Уымæ гæсгæ мæ фæнды сæ уавæр сын фæрог-дæр кæнын. Иу мадæл бирæгъæн вæййы 6-8 лæппыны бæрц. Цалынмæ сæ лæппынтæ байрæзынц, уæдмæ мад-бирæгътæ тынгдæр фæцуан кæнынц хъæды æнæбон цæрæгойтæ – сагты, сæгуытты лæппынтыл æмæ хъæддаг хуыты хъыбылтыл. Лæп-пынтæ куы байрæзынц, уæд цуан кæнын райдайынц балтæй æмæ уæд ноджы стырдæр фыдбылызтæ ракæнынц канд хъæддаг сырдтæн нæ, фæлæ адæмæн дæр. Стыр бузныг стæм Президент Бибыл-ты Анатолийæ йе ‘ххуысы къух нæм кæй фæдардта, уый тыххæй. Ацы æхцайы премитæ махæн хорз ахъаз сты нæмгуытæ æмæ æртаг самал кæнынæн», – загъта йæ раныхасы Дзæгъиаты Махарбег.

Бирæгъты тыххæй сæ хъуыды фергом кодтой Кокойты æфсымæртæ Давид æмæ Лева дæр. Сæ раныхасы уыдон дзырдтой, зæгъгæ, зæххыл бирæ хъæддаг сырдтæ цæрынц, фæлæ уыдонæй иууыл хинæйдзаг æмæ æмбæхстдæр у бирæгъ. «Бирæтæ сты йæ амарыны ныхмæ, хонынц æй хъæды санитар. Фæлæ уый раст нæу. Ацы тугдзых сырд стыр знаггæдтæ кæй кæны хæдзарон фосæн, уый тыххæй сæ хъæуы цæгъдын. Æнæмæнг ын зонын хъæуы йæ миниуджытæ. Бирæгъ дыууæрдæм фæкæны иу фæндагыл, фæлæ тасдзинад куы бафиппайы, уæд йæ фæндаг æнцонæй фæивы. Хæцæнгарзæй уæлдай бирæгътимæ тох кæнын хъæуы æндæр мадзæлттæй дæр. Адæм сæхæдæг дæр хъуамæ архайой се скуынæг кæныныл, цæмæй се знаггад фæкъаддæр уа. Мах – цуангæнджытæ дæр архайæм нæ уавæртæ куыд сты, афтæ», – зæгъынц æфсымæртæ.

«Цуангæнджытæ се ‘ппæт дæр сæ куыст уарзынц, зивæг нæ кæнынц сырдты фæстæ рахау-бахау кæнынмæ. Фæлæ сын нæй транспорт, сæрмагонд уæлæдарæс. Уымæ гæсгæ сырдты фæстæ ацæуынц сæхи транспортыл. Бакуыстам нæхи сæрмагонд программæйыл дæр. Фæлæ ма ноджыдæр æвзарæм иу серьезон проблемæ. Нæй нын, кæм æмбырд кæнæм æмæ нæ куысты фæдыл кæм æрдзурæм, ахæм бынат. Уымæ гæсгæ фембырд вæййæм  мæхи хæдзары. Раст зæгъгæйæ раздæримæ абаргæйæ ныр нæ уавæр бирæ фенцондæр», – загъта Букылы фырт.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.