Сылгоймæгты æппæтдунеон бон – 8-æм марты бæрæгбон банысан кодтой Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ. Ардæм ма æрбацыдысты æмæ бæрæгбонон мадзалыл бацин кодтой ахуырдзауты ныййарджытæ, фæсивæды минæвæрттæ æмæ æвзонг мæдтæ, хъуыстысты музыкæйы зæлтæ, алкæй цæсгомыл дæр хъазыд æхсызгон мидбылхудт.

Куыд æндæр бæрæгбонон мадзæлттæ, афтæ та сылгоймæгты кадджын бон бацæттæ кæнын æмæ ауадзыныл зæрдиагæй бакуыста скъолайы организатор Бæззаты Оксанæ. Мадзаламонджытæ зæрдиаг арфæтæ ракодтой æрæмбырдуæвджытæн, банысан кодтой, сылгоймаг кæй у зæрдæхæлар æмæ быхсаг, аудаг æмæ уарзæгой æмæ сæйраджыдæр та хъомылгæнæг. Æстæм къласы ахуыргæнинæгтæ сæххæст кодтой зарæг «Мæ мад у иууыл хуыздæр» æмæ сын æрæмбырдуæвджытæ кодтой зæрдиаг арфæтæ æмæ къухæмдзæгъд.

Кæстæр тынгдæр фæуарзы йæ ныййарæджы æмæ фыццагкъласонтæ сæ номыл радзырдтой æмдзæвгæтæ, фæстæ нæ фæлæууыдысты 2-аг æмæ 3-аг къласонтæ дæр æмæ сæ зæлланггæнаг хъæлæстæй дзырдтой аив рæнхъытæ. Скъолайы кафджыты къорд та аив сæххæст кодтой «Хæххон кафт» æмæ «Хонгæ». Зæрдæмæдзæугæ уыдысты, зарæггæнджытæй цы зарджытæ рантыст, уыдон дæр – «Нанайы лæппу» æмæ Гуырдзыбегты Георгийы «Милая мама». Ныййарæг мад у иууыл æввахсдæр, иууыл уарзондæр адæймаг а-дунейы. Уый æдзухдæр хъуыды кæны йæ хъæбултыл, нæ йын вæййы æхсæв æмæ бон дæр, куы бахъомыл вæййынц, куы слæгтæ вæййынц, уæддæр сыл æдзухдæр фæузæлы, уæддæр ын чысыл сывæллæттæ вæййынц нырма. Сæ номыл Джиоты Миланæ бакаст æмдзæвгæ «Берегите матерей». Кæстæртыл, рæзгæ фæлтæры ахуыр æмæ хъомыладыл, сæ æппæтварсон курдиат райхалыныл æппæты тынгдæр чи тыхсы æмæ ауды, уыдон сты сæ ахуыргæнджытæ.

Дзæвгар у ахуыргæнæджы фыдæбон, нæй йын æрулæфт, æдзухдæр йæ хъуыдыйы вæййы кæстæрты зонындзинæдтæй схотыхджын кæнын, царды раст фæндагыл сæ бафтауын. Уый тыххæй сæ номыл хъуыстысты зæрдиаг арфæйы ныхæстæ. Нæ чысыл хуртæ канд сæ ныййарæг мæдтыл не сты иузæрдион, уыдон къаддæр нæ уарзынц æмæ аргъ кæнынц сæ нанатæн дæр æмæ сын концерты сæ зæрдæтæ барухс кодтой рæсугъд рæнхъытæй. 6-æм къласы ахуыргæнинаг Хуыбиаты Миленæ та сæ номыл радзырдта æмдзæвгæ. Бæрæгбонон мадзалмæ чи каст, уыдон райгондæй баззадысты æмæ сын кодтой зæрдиаг арфæтæ.

                                                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.