Ирон сылгоймаг-фыссæг, тæлмацгæнæг, Ирыстоны Фысджыты æмæ журналисты цæдисы уæнг, Нафийы номыл национ  премийы лауреат Наниты Асиат æрæджы банысан кодта йæ 80 азы юбилей. Уый цытæн 8-æм марты бæрæгбоны хæдразмæ Цхинвалы районы Хелцуайы хъæууон клубы ауагъд æрцыдис цытджын изæр. Изæр бацæттæ кодта Цхинвалы районы Культурæйы хайад. Хайад дзы райстой районы разамынад, республикæйы Культурæйы министрады минæвæрттæ, фысджытæ, Сатихъар æмæ Хелцуайы хъæуы библиотекæтæ æмæ клубты кусджытæ.

Изæр байгом кодта Цхинвалы районы Централон библиотекæйы директор Уалыты Нанули. Уый арфæйы ныхæстæ загъта Асиатæн йæ 80 азы юбилейы цытæн. Сылгоймæгты æппæтдунеон бæрæгбоны цытæн ма раарфæ кодта залы уæвæг сылгоймæгтæн.

 Асиаты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй мадзалы раныхас кодта Цхинвалы районы Централон библиотекæйы методист Хъазиты Маринæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Асиат Захъоры астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта сæ хъæу Цъиры хæууон библиотекæйы сæргълæууæгæй, фæстæдæр та Цхинвалмæ цæрынмæ куы æрцыд, уæд кусынмæ бацыд раздæры газет «Советон Ирыстон»-ы редакцимæ. Йæ фæллойадон фæндаг адарддæр кодта рауагъдад «Ирыс-тон»-ы.  2003 азæй фæстæмæ та кусы журнал «Фидиуæг»-ы редакцийы.

Раныхасгæнæг ма банысан кодта, зæгъгæ, Асиат цы цалдæр чиныджы рауагъта, уыдоны ирдæй кæй зыны сылгоймаджы уæздан æмæ рæсугъд уды æнкъарæнтæ. Йæ бæстæ æмæ йын йæ адæммæ стыр уарзондзинад кæй ис, уый.

Хуссар Ирыстоны адæмон артист Гуккаты Эвелинæ та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, мæн дисы æппары ацы хъæуы адæмы хъæбатырдзинад. Гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы нæ хъæутæй стырдæр зиæнттæ  кæуыл æрцыд, уыдонæй иу у Хелцуайы хъæу, фæлæ куыд уынæм, уæ ныфс нæ асаст, сæтгæ нæ, фæлæ ма уæ ахæм мадзæлттæ аразын дæр фæнды æмæ сæ аразгæ дæр кæнут.

Изæры уыдысты æмæ дзы раныхас кодтой Цхинвалы районы культурæйы хайады сæргълæууæг Гаглойты Ростик, Сатихъары хъæууон администрацийы сæргълæууæг Дыгъуызты Никъала, поэтессæ Чехойты Оля, ансамбль «Симд»-ы раздæры артист Гаглойты Венерæ æмæ æндæртæ.

Хелцуа æмæ Сатихъары скъолаты ахуыргæнинæгтæ кастысты æмдзæвгæтæ, сæ ахуыргæнæг Джыгкайты Хадзы-Умары разамындæй та сæххæст кодтой цалдæр ирон зарæджы.

Фембæлды раныхас кодта Асиат йæхæдæг дæр. Уый раарфæ кодта мадзал организацигæнджытæн æмæ дарддæр æрдзырдта фыссæджы куысты нысаниуæгыл.  

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.