Фæстаг азты тугдзых сырдтæ – бирæгътæ, хъæддаг куыйтæ, æрсытæ, рувæстæ æгæр сарæх сты канд хæххон хъæуты нæ, фæлæ ма горæтмæ хæстæг цы хъæутæ ис, уыдон алфæмблай дæр. Цы  зиан хæссынц, уый та чысыл нæу. Арæх аргæвдынц фос хисæрмагонд хæдзæрттæм æввахс. Иу къуырийы размæ Бихъары хъæуы бирæгъты амæттаг фесты гал æмæ хъуг. Сæ дыууæ дæр хызтысты сæрвæты. Галы бахордтой, хъуг ма бæргæ алыгъд, фæлæ бирæгъы хæстыты фæстиуæгæн уый дæр дыккаг бон амард. Ахæм цаутæ бирæ хатт æрцыд фæстаг цалдæр азы нæ республикæйы территорийыл. Дампъалеты хъæууон администрацийы сæргълæууæг Гаглойты Евгения куыд зæгъы, афтæмæй æрæджы Монастъеры хъæуы бирæгътæ бахордтой хъуццытæ. Иу æхсæвыгон та хъæддаг куыйтæ кæйдæр кæрты фæхæцыдысты дыууæ родыл.

Цхинвалы районы ветеринарон управленийы сæргълæууæг Дудайты Леонид куыд зæгъы, афтæмæй хъæддаг сырдтæ хæдзарон фосæн кæй зиан кæнынц, уый проблемон фарст у. Вæййы афтæ дæр, æмæ фос аирвæзынц тугдзых сырдтæй, фæлæ уый фæстæ уыдонæн бахъæуы зынаргъ препараттæй хос кæнын.

Ветеринарон службæтæ куыд амонынц, афтæмæй тугдзых сырдтæ æрмæст фосы нæ хъыгдарынц, уыдон сты хуыты африкæйаг емынæ, гæбæрниз, трихинеллез æмæ æрраниз парахатгæнæг дæр. Уыцы низтæ та тæссаг сты адæймæгты цардæн дæр. Тæссаг у, цы хъæутæм цæуынц, уым бынæттон цæрæгыл дæр куы фæхæцой, уымæй. Ахæм цаутæ та иу æмæ дыууæ хатт нæ уыд махмæ дæр æмæ Цæгат  Ирыстоны дæр. Цалдæр азы размæ Цæгат Ирыстоны Црауы хъæуы бирæгъ фæхæцыд иу сылгоймаг æмæ æртæ нæлгоймагыл. Се ‘ппæтæн дæр уыцы æхсæв хъæууон амбулаторийы фыццаг медицинон æххуыс бакодтой. Фæлæ æрра бирæгъ кæуыл фæхæцыд, уыцы цыппар адæймагæй 16 боны фæстæ æртæйæ амардысты. Адæмы зæрдæтæ сыл куыннæ фæрыстысты, фæлæ зиæнттæм цæуын дохтыртæ никæй бауагътой. Чи сæ ныгæдта, уыдон та противогазтæ бакодтой. Нæхимæ дæр æрцыд ахæм хабар, Знауыры районы цæрæг æвзонг нæлгоймагыл фæхæцыд æрра низæй рынчын куыдз, нæлгоймаджы ма бæргæ аластой Цæгат Ирыстонмæ дæр, фæлæ йын ацы низы ныхмæ йæ рæстæгыл вакцинæ арæзт кæй не ‘рцыд, уый аххосæй бабын.

Ам ма зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ кæд бирæгъæн хатт йæ холы йæ къухы нæ бафты, уæддæр æрра бирæгъ цы кæртмæ бахизы, уым хъæуы дезинфекци кæнын. Æмæ канд уыцы кæрты нæ, фæлæ ма æмткæй хъæуы  дæр. Уымæн æмæ бирæгъ æхсæвæй-бонæй цы уынгты ацæуы, кæй кæрты нæ балæууы, уым иууылдæр тæссаг у низ парахат кæнынæй. Ветеринарон кусджытæ ма радзырдтой ахæм цау дæр, дыууæ æфсымæр бирæгъ амардтой. Цæмæй æнхъæл уыдысты æрра у, къухæй йæм бавнæлдтой æмæ йæ басыгътой. Уый адыл сыл бахæцыд низ æмæ къорд боны фæстæ амардысты.

Адæмы тыхстдзинад уынгæйæ, 2011 азы арæзт æрцыд «Цуанонты æхсæнад» сæрдарæй йын урæд æрцыд Букуылты Чермен. Уыцы æхсæнад бæргæ архайдта, фæлæ сын уавæртæ нæ уыд æппынæдзух уыцы куыст æгас республикæйы территорийыл кæнынæн. Уый нæ, фæлæ ма-иу раздæр бирæгъмарæггаг бафыстой æхца. Ныр дзы ахæмтæй ницыуал уыд æмæ цуанонтæ зивæг кæнын райдыдтой сырдты фæстæ рахау-бахаумæ.

 Букуылты Чермен нын куыд радзырдта, афтæмæй æнцон нæу бирæгътыл цуан кæнын. Физикон хъаруйæ æххæст уæвынæй дарддæр цуаноны фæхъæуы транспортон хæрдзтæ бакæнын, нæмыг æмæ ма ноджыдæр цуанонæн æнæмæнгхъæуæг цы спецификон дзаумæттæ сты, уыдон дæр сты зынаргъ. Уыдон та цуанон хъуамæ балхæна йæхи фæрæзтæй, «Цуанонты æхсæнад»-ы та фæрæзтæ нæй. Раздæр ацы æхсæнад æппæт хъомысæй куы архайдта æмæ куыста, уæд бирæгътыл цуан кодтой, æрмæст зиан кæм хастой, уымыты нæ, фæлæ областы æппæт территорийыл дæр. Цуанонтæ-иу сезон амардтой 50-70 бирæгъы онг, æмæ уый чысыл ахъаз нæ уыд, цæмæй тугдзых сырдтæ хæдзарон цæрæгойтæм арæх ма лæбурдтаиккой.

Букуылты Чермен куыд загъта, афтæмæй сæ æхсæнады куысты уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй уый æрæджы бахатыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатолимæ. Уый хъуыддагмæ равдыста æмбаргæ ахаст, рахицæн сын кодта æхцайы фæрæзтæ. Цуанонтæ чысыл сæ бынатæй фенкъуыстысты. Ныридæгæн уал цуанонтæн бантыст Зары хъæды  территорийыл 20 хъæддаг куыдз æмæ 2 бирæгъ амарын. Фæлæ цæмæй æппынæдзух куыст цæуа, уый тыххæй та хъæуы сæрмагонд программæ райсын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.