Бирæгъ тугдзых сырд кæй у æмæ рагæй фæстæмæ фыдбылыз кæй хæссы, уый бæлвырд у. Фæлæ уæддæр ивгъуыд æнусы æвдайæм азты райдианы цуанонтæ, зоологтæ æмæ æрдзуарзджытæ быцæу кодтой, зæгъгæ, йæ марын нæ хъæуы. Иннæтæ та дзырдтой: адæмон хæдзарадæн, стæй пайдахæссæг цæрæгойтæн дæр тынг тæссаг кæй сты, уымæ гæсгæ сæ хъæуы куынæг кæнын.  Ацы быцæ-уаг фарст æнæнхъæлæджы скъуыддзаг æрцыд 1977 азы. Уæд Уæрæсейы бирæгътæ бахордтой минæй фылдæр бæхтæ, хъуццытæ – 3000, фыстæ – 1400, сагтæ та аргæвстой 1700 бæрц. Уыдис ахæм цаутæ дæр, æмæ-иу бирæгътæ адæймагмæ куы фæлæбурдтой. Уымæн æмæ куы сæххормаг уа, уæд ницæуыл ауæрды. Цуанонтæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæхæры бутъро суг дæр.

Фæстæдæр тугдзых сырдæн тæрхон æрцыд, цæмæй фосдарды куыст кæм цæуы, уым бирæгътæн сæ кой дæр ма уа. Уымæ гæсгæ арæзт цыдысты цуанонты æхсæнадтæ.

Нæ республикæйы хъæууон цæрджытæ рагæй фæстæмæ дæр фосдарды куыст кæй кæнынц, уымæ гæсгæ сын бирæгъ кæддæриддæр хаста фыдбылыз. Кæд-иу изæры кæцыдæр стур йæ хизæнуатæй не ‘рцыдис, уæд-иу фыййау кæнæ фосы хицау бандоны къæхтæ бæндæнæй фидар баста. Иуахæмы, мæ фыды мадæн йæ хъуг сæрвæтæй куынæ æрцыд, уæд скъæтæй бæндæн æрбадавта æмæ нæм цы чысыл æртыкъахыг бандон уыд, уый къæхтæ цырд-цырд фидар ныббаста. Афтæ цæр-дæг архайдта, æмæ йæ дисгæнгæ афарстон, уый цы ми кæныс, зæгъ-гæ. Уый ме ‘рдæм кæсгæ дæр нæ ракодта, афтæмæй мын дзуапп радта, зæгъгæ, бирæгъы æфсæртæ бæттын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый бирæгъæн ницы æххуыс фæуыдаид, фæлæ нæ фыдæлтæм ахæм æгъдау уыд æмæ йæ мæ фыды мад дæр йæхи æрсабыр кæныны тыххæй æххæст кодта. Ацы æгъдау уыд Ирыстоны алы ран дæр. Ныр байрох.

Адæм кæй фæлмæцыдысты уымæ гæсгæ советон дуджы мах-мæ, Хуссар Ирыстоны дæр арæзт æрцыдис «Цуанонтæ æмæ кæсагахсджыты» æхсæнад. Уыцы æхсæ-нады кæддæриддæр уыдысты фæлтæрд цуангæнджытæ æмæ би-рæгъты нымæц къаддæрæй-къад-дæр кодта æмæ адæмæн тасдзинад не ‘взарын кодтой. Фæлæ ду-джы фæивдимæ пырх æрцыдис ацы æхсæнад дæр, адæм сæргой фесты æмæ ма кæй æндæвта цуан кæнын. Бирæгъты нымæц та тагъд бирæ кæны, уымæн æмæ иу мадæл бирæгъ апрелы фæстаг къуыри кæнæ майы райдианы ныззайы 6-8 лæппыны бæрц. Уыдон мады гуыбынæй рацæуынц куырмæй æмæ 12-14 боны фæстæ цæстæй ракæсынц. Уыцы рæстæджы мад-би-рæгъ æппынæдзухæй вæййы сæ фарсмæ æмæ сын æхсыр фæдары 4-6 къуырийы бæрц. Иудзырдæй, сыл бирæгъ лæппынты фæхъомыл кæны, нæл та йын хæринаг фæ-хæссы.

Сæрды æмбисмæ лæппынтæ бирæ хæрын райдайынц. Уымæ гæсгæ мад-бирæгътæ ноджы сæ цуан фæтыхджындæр кæнынц. Æмæ ахæм рæстæджы бахæрынц æнæбон цæрæгойтæ – сагты, сæгуытты лæппынты æмæ хъыбылты. Уыцы рæстæджы ма уыдон фосмæ фæлæбурынц сæрвæтты æмæ хъæугæрон хизæнуæтты дæр. Фæззæджы та бирæгътæ цæуын райдайынц балтæй æмæ уæд ноджы стырдæр фыдбылызтæ ракæ-нынц адæмæн дæр.

Адæмы тыхстдзинад уынгæйæ, 2011 азы ногæй æндидзыд æрцыд «Цуанонтæ æмæ кæсагахсджыты» æхсæнад. Сæрдарæй йын урæд æрцыдис Букуылты Чермен. Уыдон бæргæ архайдтой уæдæй фæстæмæ бирæгъты фæстæ цуан кæнын æмæ сæ марыныл, фæлæ сын уавæртæ нæ уыд. Нæ сæм уыдис нæмыг, ифтонг нал цыдысты æртагæй. Сæхицæн та сæ балхæныны фадæттæ нæ уыд. Уый нæ, фæлæ ма-иу сын раздæр бирæгъ марæггаг бафыстой æхца дæр. Ныр дзы ахæмтæй ницыуал уыд æмæ цуанонтæ тынг зивæг кæнын райдыдтой сырдты фæстæ рахау-бахау кæнынмæ.

«Бирæгъыл цуан кæнын æнцон нæу, зонын ын хъæуы йæ миниу-джытæ. Маргæ та йæ хъуамæ акæной дыууæ къорды цуанонтæ, уымæн æмæ у тынг хинæйдзаг цæрæгой. Арæх вæййы афтæ, æмæ йæ скъæргæ цы цуанонтæ ракæнынц, уыдоны иувæрсты фæстæмæ ахъуыззы, нæ бахæццæ вæййы, рындзыл æм чи фенхъæлмæ кæсы, уыцы цуанонтæм. Би-рæгътæн дæр ис сæхи закъæттæ. Иу дзы иннæйы территоримæ нæ цæуы. Иу ран та 2-3 бонæй фыл-дæр нæ лæууы. Кæм фæцуан кæны, уый фæахсы цалдæр квадратон метры. Холы бафиппайгæйæ, сæхи ныхъхъус кæнынц æмæ йæм хъуыззын райдайынц. Исты тæссаг уавæры куы бахауынц, уæд та сæ лыгъдыл цæст дæр нæ фæхæцы», – зæгъы Букуылты Чермен.

Букуылы фырт ма куыд радзырдта, афтæмæй сæ куысты уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй уый бахатыд бирæ æмбæлон инстанцитæм, фæлæ уавæр йæ бынатæй никуы феггуырст. Ныр æрæджы бахатыд Президент Бибылты Анатолимæ æмæ уавæр рараст. Рахицæн сын æрцыд æхцайы фæрæзтæ æмæ дзы цуанонтæ баззадысты райгондæй.

«Нæ куыст ныр размæ феггуырст. Адæм тынг стыхстысты сырдтæй, сæ уавæр сын æмбæрстам, фæлæ нæ бон нæ уыд нæхи тыхтæй уыцы хæрдзтæ бакæнын. Цуанонтæ дæр райгондæй райдыдтой архайын, уымæ гæсгæ стыр бузныг зæгъæм нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн. Ныридæгæн уал цуанонтæн бантыст Зары хъæды территорийыл 20 хæдмæлхор æмæ 2 бирæгъы амарын». Уый ма куыд загъта, афтæмæй-иу бирæгъ амарæггаг цуанонæн фыст цæудзæнис 2 мины, хæдмæлхор амарыны тыххæй та – 1 мин сомы. Фæнд кæнынц, цы уставмæ гæсгæ куыстой, уый фæивын дæр. Уый тыххæй «Цуанонтæ æмæ кæсагахсджыты» æхсæнад фæнд кæнынц конференци ауадзын. Чермен куыд зæгъы, афтæмæй уæд сæ куыст фæтыхджындæр кæндзысты.

                          БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.