Ӕрӕджы ахӕм тыхст уавӕры бахаудта Эквадоры президент Даниэль Нобоа дӕр. Ацы бӕстӕйы разамынадӕн раздӕр ӕнгом, хъарм ахастытӕ уыд Советон Цӕдисимӕ, стӕй та Уӕрӕсейы Федерациимӕ дӕр, ӕмӕ сӕ гарзджын тыхты ӕхсӕнгӕрзты фылдӕр хай у уӕрӕсейаг. Январы мӕйы сӕм фӕуазӕг сты АИШ-ы делегаци ӕмӕ Нобоаимӕ фембӕлды рӕстӕджы бадзырдтой, ома АИШ 200 миллуан доллары бӕрц баххуыс кӕндзӕн Эквадорӕн — ӕхсӕнгӕрзтӕ, бронежилеттӕ, згъӕрварс машинӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъӕугӕ ӕфсӕддон техникон гӕрзтӕй. Фиддоны хуызы та Эквадор хъуамӕ радта йӕ зӕронд уӕрӕсейаг ӕфсӕддон техникӕ, кӕцыйы рахуыдтой «металлолом». Фӕлӕ «металлолом» афтӕ зынаргъӕй чи ӕлхӕны?

Советон ӕфсӕддон техникӕ Нобоа «металлолом» уымӕн рахуыдта, цӕмӕй йе ’мбӕстӕгтӕ йӕ ныхмӕ ма рацӕуой ӕмӕ йӕм фӕсарӕйнаг коллегӕтӕ дӕр ма рамӕсты уой. Уымӕн ӕмӕ ацы ӕфсӕддон техникӕ кӕдӕм ӕрцӕудзӕн ӕрвыст, уый алчидӕр зоны. Уӕрӕсе ӕмӕ Эквадоры ’хсӕн ис дывӕрсон бадзырд æмæ йæ фӕлгӕтты ӕфсӕддон техникӕйӕн нӕй радтыны бар, «металлолом» куы уа, уӕддӕр. Ам банысан кӕнын хъӕуы уый ӕмӕ Нобоа президентон ӕвзӕрстыты кӕй рамбылдта АИШ-ы ӕхцайы фӕрӕзты фӕрцы. Комкоммӕ зӕгъгӕйӕ та, АИШ-ы дæлбар паддзахадтыл ноджы иу бафтыд.

Украинаг конфликтæй ныры онг Эквадор йӕхи дардта, нейтралон æгъдауæй — куыд дарддæр, афтæ хуыздæр. Фӕлӕ сӕ сӕ «куратор» домы Украинӕйӕн баххуыс кӕнын. Эквадор Советон Цӕдисӕй ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийӕ рагæй ӕлхӕдта алыгъуызон ӕфсӕддон техникӕ — верттӕхджытӕ, ПВО-йы системӕтӕ, ракетӕуадзӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм уӕззау хуызы техникӕ. Латинаг Америкӕйы бӕстӕты фылдӕр хаймӕ ис дзӕвгар советон-уӕрӕсейаг ӕфсӕддон техникӕ, фӕлӕ Эквадор разынд фыццаг ахӕм бӕстӕ, кӕцы сразы ис йæ радтыныл. Фарон Колумби, Никарагуа ӕмӕ Венесуэлӕмӕ АИШ бахатыд, ома уын уӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддон техникӕ ӕлхӕнӕм. Фӕлӕ не сразы сты. Ӕгӕрыстӕмӕй Герман Бразилимӕ дæр ма бахатыд, зæгъгæ, немыцаг «Леопард» танктӕ нын фӕстӕмӕ рауӕй кӕн, фӕлӕ сын сӕ нӕ радтой. Сӕ дзуапп уыд, зӕгъгӕ, Украинӕйы хӕстон архӕйдтытӕ куы ӕрлӕууой, уӕд уын сӕ ауӕй кӕндзыстӕм.

Уӕрӕсейы минӕвар Эквадоры Владимир Спринчан бафӕдзӕхста Нобоайы, зӕгъгӕ, ахӕм ӕнӕсӕр къахдзӕфӕн кӕй уыдзӕн фӕстиуджытӕ. Эквадорӕн йӕ бюджеты фылдӕр хай ӕмбӕрзы бананты экспорт. Сӕ бананты экспорты иумӕйаг гуырахсты 20% бӕрц сын ӕлхӕны Уӕрӕсе. Ӕрмӕст банантӕ сӕ не ’лхӕны Уӕрӕсе, фӕлӕ ма ӕндӕр дыргътӕ ӕмӕ дидинджытӕ дӕр. 2023 азы Уӕрӕсе Эквадорӕй ӕрмӕст дыргътӕ балхӕдта 800 милуан долларӕй.

2 февралы Россельхознадзор фехъусын кодта, зӕгъгӕ, эквадойраг бананты ссардтой холерхæссæг бындз «муха-горбатка». Уымӕ гӕсгӕ эквадойраг компанитӕн Уæрæсе лицензитӕ ӕрӕхгӕдта. Ахӕм цыбыр рӕстӕгмӕ Эквадор уыйбӕрц банантӕн ӕлхӕнӕг не ссардзӕн, стӕй хъӕугӕ дӕр кӕй кӕнынц. Уымӕй уӕлдай ма банан бирӕ нӕ лӕууы ӕмӕ сын ӕмбийын райдыдтой.

Россельхознадзор ууыл не ’рлӕууыд — эквадойраг дидинджыты «ссардтой» зианхӕссӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ сын сӕ сертификаттӕ ӕрурӕдтой.

Эквадоры разамынад банымадтой сӕ зиӕнттӕ ӕмӕ йӕ бамбӕрстой, стыр бӕллӕхы кӕй бахаудтой. Уӕрӕсемӕ экспорты фӕрцы сӕм егъау ӕфтиӕгтӕ цыд (750 милуан доллары бæрц) ӕмӕ сӕ куы фесафой, уӕд цӕрджыты фӕрныгадыл тынг бандавдзӕн. Ӕнӕуый дӕр сӕм январы мӕйы змӕстытӕ уыдис — ахӕстӕттӕ растадысты, сӕ фылдӕр раирвӕзтысты ӕддӕмӕ ӕмӕ дзы ныккалд бирӕ туг. Эквадоры разамынады бахъуыд ӕфсӕддонтӕй спайда кӕныны сӕр ӕмӕ сӕм нырма дӕр уавæр не ’рсабыр. Уымӕ гӕсгӕ эквадойраг цӕрджытӕ цухдзинӕдтӕ куы райдайой ӕййафын, уӕд та ӕнӕмӕнг растдзысты Нобоайы ныхмӕ.

Нобоа уайтагъд фембӕлд Владимир Спринчанимӕ ӕмӕ йын фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Эквадорӕн уыдис æмæ уыдзæн нейтралон статус ӕмӕ никӕмӕн уал дӕтты йӕ хӕстон ӕхсӕнгарз. Дыккаг бон Россельхознадзор эквадойраг экспортертӕн Уӕрӕсемӕ банантӕ ласыны бар радта.

Куыд ма рабӕрӕг, афтӕмӕй Даниэль Нобоайы бинонты къухты ис егъау компани «Нобоа Групп», ома, эквадойраг бананты экспортæн йе ’мбис контролгæнæг компани.

Эквадоры разамынад бахаудтой къӕпхӕны ӕмӕ сын ныр ацы уавӕрӕй рахизын зын уыдзӕн. АИШ-ӕн цахӕм реакци уыдзӕн, уый зын базонӕн у. Гӕнӕн ис ӕмӕ сӕ бафӕнда паддзахадон фӕфӕлдӕхт саразын, ӕнцондӕрдзырд президенты снысан кӕныны сæраппонд…

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.