Ирыстоны кæмттæй алкæцыдæр рæсугъд у, уыимæ дзы иу иннæйы хуызæн нæу. Уый раст у, фæлæ дзы Губаты Дзаккойы фырт Хазбийæн Цъалагом æмæ Дзомагъгомæй адджындæр нæй. 87-аздзыд лæг йæ тарф фынты дæр райгуырæн уæзæгыл вæййы.

Дзомагъы зæдбадæн комы райгуырд комбæсты разагъды лæгтæй иу – Губаты Дзакко. Адæм дисæн хастой Дзаккойы зондджын дзырдарæхстдзинад, йæ адæмуарзондзинад, фæлмæн зæрдæйы уаг, йæ куырыхон зонд. Номхæссæны куырыхон Дзакко уыд аргъаугæнæг æмæ дæсны кадæггæнæг, йæ къухы æнгуылдзтæй дала фæндыры тæгтыл куыд хорз арæхст, афтæ дæсны цагъта йæ къахы æнгуылдзтæй дæр.

Амондджын сты, уарзондзинадæн стыр кад чи кæны, цырагъау ын ахуыссынæй чи тæрсы, царды сын цы æвзаринаг вæййы, уый æмдих чи кæны. Дыууæ цардæмбалы Дзакко æмæ Дзæгъиаты Надяйы Дунескæнæг кæрæдзийы амондæн кæй сфæлдыста, уый дызæрдыггаг нæу. Сæ кады нæмттæ сын сæ байзæддаг – æхсæз фырты: Муради, Хазби, Будзи, Шамил, Агуыбе, Васкæ æмæ æртæ чызджы: Раисæ, Надисæ, Софи сæуæхсиды рухсыл рухс æфтаугæйæ кадимæ хæссынц. Фырттæй Хазби, абон нæ ныхасы сæр кæуыл у, уый Казахстаны зæрæстон зæххытæ  хуым кодта, ссæдз азæй дзы фылдæр фæкуыста. Фæстæдæр цæрæн бынатæн равзæрста Цæгат Ирыстоны заводы поселочы.

Губаты Хазбийæн хъысмæт балæвар кодта тæхудиаг фыдæлты фарн æмæ йæ йæ уды уазнысанæн цытимæ хæссы, цард ын йæ размæ цы фæрнæйдзаг фæндаг айтыгъта, ууыл авд æмæ цыппарссæдз азы.

Хазбийæн Дунескæнæг цы зонд æмæ фарн балæвар кодта, уыдонæй адæмæн дæтты цардхъомыс æмæ уды фарн. Уый у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сывæллæттæй, йæ сабибонтæ заууат æмæ уырыд кæ-мæн уыдысты. Фараст сывæллоны æнæ фыдæй, ныййарæг мад На-дяйæн, хæххон зын уавæрты æнцон хъомылгæнæн нæ уыдысты. Хазби фыдæй сидзæры уæззау номимæ бацыд æвзонг лæппуйы кары. Сидзæрты хъысмæт æй сахуыр кодта, цардыуæз дæллаг æфсондзы галау хæссын,   иу æргъомы бæсты хаста æртæ æргъомы, уымæн æмæ йæ дæлейы уыдис авд кæстæр мадызæнæджы. Æвзонг лæппуйы уæхсджытыл цы уæз æрæнцад, уый хаста ныфсджынæй, йæ фидæны бæллиццаг нысанмæ цæугæйæ, адæймагдзинад йæ царды сæйраг æмбæлццоныл нымайгæйæ.

Хæхбæсты зæхкусæджы фæллой адæймаджы удмарæн у. Хазбийы хистæр æфсымæр Муради, хо Раисæ, ныййарæг мад Надяйы удтæ цы ныффæрæзтой хуымгæнæнты, хосгæрдæнты, тыллæг æфснайгæйæ, хъæдæй суг ласгæйæ. Хазби æвзонджы бонты æнæмæт царды æхцондзинад кæй нæ банкъардта, уый йæ нæ фæиппæрд кодта фыдæлтæй баззайгæ фарнцардвæндагæй, дунейы йын æппæтæй зынаргъдæр у йæ райгуырæн Ирыстон æмæ Дзомагъгом, йæ фыдыуæзæг Губаты хъæу. Фыццаг къахдзæфтæ кæм акодта, уыцы табуйаг артдзæст. Хазби æмæ йæ удыхай Мæхъиты Зойæ, мæрдтæй сыгъзæрин талатæ суадзæд, чындз æмæ хъæбулы лæггадæй цух никуы ныууагътой, фараст хъæбулы ныййарæг æмæ хъомылгæнæг сидзæргæс Надяйы.

Ныййарæджы уарзт иууыл бæрзонддæр уарзт кæй у, уый Хазбийæн  кадджындæр хæсыл нымад уыд, æмæ йæ мад Надяйæн уырдыг фæлæууыдысты Хазби æмæ Зойæ.

Бирæ дзырдарæхст хистæртæ ис Ирыстоны. Циндзинады куы раку-вынц, зианы куы раныхас кæнынц, уæд сæм адæймаг хъусынæй нæ фефсæды. Уыдонæй у Губаты Хазби дæр – куывды кæнæ чындзæхсæвы куы ракувы, зианы куы раныхас кæны, уæд йæ дзырд, йæ алы хъуыдыйад дæр  зæрдæйыл æмбæлы.      

Губаты æмæ Мæхъиты мыггæгты ‘хсæн хæстæгдзинад æндон рæхысы цæгтау фидар бабастой Хазби æмæ Зойæ. Ныййарджытæн сæ кæстæртæ сæ зæрдæйы уидæгтæ сты, сæ хурыскаст, уыдоны хорздзинад æмæ цинæй цæрынц. Хазби æмæ Зойæйæн Мады-Майрæм балæвар кодта фырыхъулы хуызæн лæппу – Чермены. Хистæрыл аудын, буц æй дарын æмæ йын цыфæнды зынæй дæр кæстæриуæг кæнын, рæстаг ирон адæймагæн уæлæуыл фарны хъуыддаг у, мæрдты та – удыбæстæ. Зойæ йæ хъæбулы хъæбултæ, уы-доны хъæбулты циндзинæдтæ нал федта. Удхæссæг фæразæй. Царды алцæмæндæр ис кæрон, фæлæ хæрзæбонмæ, фæрныг уæвынмæ тырнынæн нæй кæрон. Хазби æмæ Зойæйы кад æмæ фарн уæлдæр систа сæ иунæг фырт Чермен. Фырт сгуыхтдæр куы уа фыдæй, уæд уый цардамонд у! Уыцы æнусон фæтк, æцæгдзинадæй æвдисы хъомыс-джын куыстæй Федералон фæндæгты куыстуат «УПРДОР – Северный Кавказ»-ы цæгатирыстойнаг хайады хицау Губаты Хазбийы фырт Чермен.

 Амонд!.. Цал фарсы йын ис, цал цæстæй худы адæймагмæ цымæ? Амонды зæд йæ сæрты æртæ зылды кæмæн æркодта, амонды рухсдæр, табуйагдæр бынæтты дуæрттæ Арвы дуарау гом кæмæн сты, уый у Губаты Хазбийы æмæ Зойæйы иунæг фырт, дуджы зиууон Чермен! Йæ цардæмбал Джыккайты Изетæ, сæ дыууæ фырты сæ цыппар хъæбулимæ. Царды уын ноджыдæр бантысæд, Дзакко æмæ Надяйы байзæддаг!   

ГУЫЛÆРТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.