Фарн…цы у фарн? Чи ратдзæн иууыл цыбырдæр æмæ æххæстдæр дзуапп ацы фарстæн? Æвæццæгæн, нæй ахæм дзуапп ссарæн, кæд ын йæ мидис хорз æмбарæм, уæддæр. Уый æххæссы, адæймагæн йæ уды цыдæриддæр хорзæй ис, адæймагæй адæймаджы ‘хсæн аккаг ахастытæн ахъазгæнæг цыдæриддæр у, æппæт уыдоныл иууылдæр. Ис дунейы фарн, бæсты фарн, адæмы фарн фыдæлты фарн, бинонты фарн, адæймаджы фарн, ныхасы фарн…

Фарн адæмæй аразгæ у, адæм æй фæлдисынц æмæ нæ не знæт, æнæнцой дуджы дунейы фарн дæр куыннæ тыхсын кæны, уыцы дунейы иу хай уæвгæйæ, фæлæ мæ цыбыртæй зæгъын фæнды, æввахсдæр, хицондæр нын чи у, уыцы фыдæлты фарны тыххæй. Цæмæй фарн уæва, уый тыххæй хъуамæ уой адæм æмæ уыдон кæм цæрой, уыцы бынат. Гæнæн ис æмæ адæм сæ цæрæн бынат фæивой æмæ уæд сæ фарн сæ раздæры бынаты нæ зайы – адæм æй семæ хæзнайæн ахæссынц. Цæвиттон, нæ рагфыдæлтæ цæугæ цард кодтой, цыдысты иу ранæй иннæмæ æмæ семæ хастой се ‘гъдæуттæ, сæ традицитæ, се ‘взаг, сæ удварны æппæт хæрзиуджытæ. Сæ бынæтты-иу чи ‘рцард, уыдонæн дзы ницы уагътой, ныр археологион къахæг-гæгтæм, историон цыртдзæвæнтæм æмæ æндæр материалон хæрзиуджытæм, чи хауынц, уыдонæй дарддæр.

Нæ фыдæлтæ цы фарн сфæлдыстой, уый фæлтæрæй фæлтæрмæ мидисджындæр, хъæздыгдæр кæнгæйæ, æрхæццæ ис абоны фæлтæры онг. Абоны фæлтæрты хæс у, цæмæй сæм цы хуызы æрхæццæ, ахæмæй йæ уæддæр адæттой кæстæр фæлтæртæм. Цы уынæм ныр та?

Куыд ма загътам, афтæмæй фарн цæры, адæм кæм цæрынц, уыцы бынаты, уыцы бынаты цæрæг адæмы удты. Нæ адæм горæтты цæрæг нæ уыдысты  хæхбæсты уыд сæ цæрæнбынат. Хъæуæй хъæумæ кæрæдзимæ кастысты, кæрæдзимæ сæ бирæ цæуын нæ хъуыд. Цæрынæнбæзгæ бынаты хъæу уыдис. Æвадат рæтты дæр фадæттæ арæзтой сæхицæн цæрынæн. Æмæ уыдис нæ хæхбæсты фарн. Уымæн æвдисæн – нæ горæты цæрæг хистæр фæлтæр, кæцытæн сæ зынгæ хай хъæуты цæрæг уыдысты. Нæ хæххон хъæуты цæрæг уыдысты, Цæгат Ирыстонмæ, Уæрæсейы, Гуырдзыстоны алы къуымтæм цæрынмæ чи фæлыгъдысты, уыдон. Нæ хæхты райгуырдысты æмæ астæуккаг ахуырад райстой, алы рæттæм сæ ахуыр адарддæр кæнынмæ чи ацыдысты æмæ сæ уæзгуытæм фæстæмæ чи нал баздæхтысты, уыдон.

Æмæ ихсыд йæ адæмæй нæ хæх-бæстæ. Нæ цæстыты раз æдзæрæг кодтой æмæ кæнынц æнæхъæн хъæутæ. Стыр хъæутыл нымад чи уыдысты, уыдоны ма «тæлфы» бæрцыл цæрæг хæдзæрттæ…

Адæмæй куыд ихсыйы нæ хæхбæстæ, афтæ ихсыйы йе стыр фарн дæр. Сæ уæзгуыты чи ныууадзынц, уыдон æй хайгай сæ удты алырдæмты фæхæссынц æмæ кæм æрцæрынц, уым дæр ыл кæд къух нæ сисынц, сæ удты фæцæры, уæддæр æцæгæлон ран æцæгæлон адæмы ‘хсæн йæ хъахъхъæнын зындæр вæййы. Æмæ уадз, уымæн зынаргъ уæт йæ фыдæлты фарн, макуы йын фæкайæд, фæлæ цы уыдзæн йæ кæстæр, уымæн йæ кæстæр? Хайджын ма уыдзæн йæ фыдæлты фарнæй? Уадз, хонæд ахæм йæхи ирон æмæ сæрыстыр дæр уæд, ирон кæй у, уымæй, фæлæ йæм ирондзинадæй, йæ адæмы фарнæй исты уыдзæн?

Афтæ, æмæ нæ хæхбæсты фарныл хъомыл, фарныл хæст цæрджытæ къаддæрæй къаддæр кæнынц æмæ уый дæр лæмæгъ-дæр кæны, ивзыйы, суйтæ, скъуыдтæ кæны.

Ныхас хæхбæсты фарныл æрцыд, уымæн æмæ уыцы хæхбæстæй бирæ адæм ралыгъд хæхтæн сæ дæлвæтджитæм дæр. Æмæ ам дæр хуыздæр уавæры нæй нæ фарн. Акæсæм ма, цытæ кæнæм, наци цæмæй стæм, уымæн  – не ‘взагæн. Арвистон дзы аразæм. Нæ ныхасы иумæ схæццæ вæййынц ирон, уырыссаг, гуырдзиаг ныхæстæ. Ирон аив ныхас нын æцæгæ-лондæр кæны. Æцæгæлон нын кæнынц ирон чиныг, журнал, газет. Скадавар сты ирон фысджытæ. Проблемон ссис ирон газетмæ сфæлдыстадон кусæг райсын. Æхсæнадон мадзæлтты, алыгъуызон æн-дæр мадзæлтты, æгæрыстæмæй зианы уæлхъус дæр иронау чи раныхас кæна, ахæм нын агуринаг фæвæййы. Уæдæ чындзæхсæвы кувæджы ныхæстæ музыкæйы гуыбар-гуыбуры бын куы фæвæй-йынц, уæд кæсдæр куыд базона, куыд сахуыр уа уыцы куывдтыл, куынæ сæ хъуса, уæд? Уæдæ фынджы фарсмæ хистæртæ кæстæрты дæлейæ куы рабадынц, уый дæр æгъдауыл дзурæг у?

Иннæ ахæм нæ бæрæгбонтæ, дзуарыбонтæ куыд нысан кæнæм, уый. Мах сæрыстырæй фæдзурæм, фæстæмæ кæй здæхæм нæ фыдæлты бæрæгбонтæ нысан кæнынмæ. Уым æвзæрæй ницы ис, фæлæ, хъыгагæн, ахæм бæрæгбонтæ фæвæййынц æрмæстдæр цæл-минасыл. Цæй тыххæй сæ нысан кæнæм, сæ мидис цы у, уый нæ айрох вæййы.

Хорз хъуыддаг у, не скъолаты хъусдард кæй аздæхтой ирон æгъдæуттæ ахуырдзаутæн амонынмæ. Фæлæ цас ахадæн хъуамæ уой уыцы иугай уроктæ, кæд æмæ раздæр адæймагæн йæ райгуырдæй йæ амæлæтмæ уыцыиу урок уыдис, йæ цард æппæтæйдæр цыдис ирон фарны æндæвдады бын.

Царды фæивд нын бирæ хъизæмæрттæ бавзарын кодта. Рæстæг ныл йæ æгъатыр, дæрзæг арм æруагъта. Адæмы æрмæст гæвзыкдзинадмæ не ‘ркодта, фæлæ ма сын сæ удтæм дæр бавнæлдта æмæ дзы бирæты фыдвæндагыл ныллæууын кодта. Фæлæ бирæтæ ахæм дугæн дæр фидар фæлæууыдысты – нæ фесæфтой сæ адæймагон миниуджытæ, сæ удты фарн.

Чизоны исчи зæгъа, зæгъгæ, раздæр нæ хæхбæсты, нæ фыдæлтæм æмæ рагфыдæлтæм дæр цы фарн уыд, уый ивгъуыд дугты уыдис, ныр та бынтон æндæр дуг у æмæ уæды дугты адæммæ цы фарн уыдис, уый рæстæджы ивæнтимæ хъуамæ фæивтаид. Фæлæ уый, æвæццæгæн, раст хъуыды нæ уыдзæн. Адæм раздæр цæмæн аргъ кодтой, хорзыл цы нымадтой сæ кæрæдзимæ ахастыты æмæ адæмы ‘хсæн хи дарыны, уыдон абон дæр æнæаивгæйæ баззадысты. Уый ирдæй зыны, цы дзыхæй-дзургæ адæмон сфæлдыстад нæм æрхæццæ ивгъуыд замантæй, уымæй дæр. Раст у, ивгъуыд царды уыдис ахæм æгъдæуттæ, кæцытæ дзуапп нал дæттынц нæ абоны царды домæнтæн æмæ сæ нымайын райдыдтам зианхæссæгыл. Фæлæ уыдон дæр æнæбындурæй нæ фæзындысты, сæ рæстæджы уыдысты хъæуæг. Цæвиттон, тугисын. Тугæн –  туг. Лæгмардæн – лæгмард. Ацыдысты-иу æндæр фæндагыл дæр  – туджджынты-иу бафидауын кодтой дзырддзæугæ лæгтæ. Ахæм уыд, барадхъахъхъæнæг системæ кæм нæ уыд, уыцы æхсæнады царды фæтк. Фыдгæнæг иста æмбæлон æфхæрд. Иууыл карздæр адæмон æфхæрды хуызтæ уыдысты куыдзæппарæн къæдзæхæй æппарын æмæ хъоды бакæнын. Фыдгæнæг карз æфхæрд кæй иста, уый ахъаз кодта адæмы фарн бæрзонддæр кæнынæн.

Фæрнджын уæвынæн æнæмæнгхъæуæг нæу ивгъуыд дугмæ аздæхын. Фæрнджын алыхатт дæр уæвæн ис алы рæстæджыты дæр. Хъæуы æрмæстдæр фарны хъуыддæгтыл хæст уæвын, чысыл сты æви стыр, дæхицæн сæ аразыс æви æндæр искæмæн, уымæ нæ кæсгæйæ. Уыцы æмбарынад нæ алкæмæ дæр куы уа, уæд йæ уды фарн бæрзонд уыдзæн. Нæ удты фарнæй та рæзы нæ адæмы удварн.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.