Адæймагæн дунейы иууыл зынаргъдæр чи сты, уыдон – йæ сабитæ, йæ хъæбултæ, стæй æрмæст йæ сабитæ нæ, йæ уарзондзинады æнкъарæнтæ равдисы алы сабимæ дæр. Уымæн æмæ хистæртæй хъауджыдæр саби æнæхин, æнæлаз у.  

Хорз,  рӕсугъд у гыццылӕй алы саби дæр, фӕлӕ дзы уӕддӕр адӕймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ йӕхи сабийӕ ӕввахсдӕр ничи лӕууы. Ӕмӕ махӕй, хистӕртӕй, алкӕйы дӕр фӕфӕнды, цӕмӕй адӕмы рӕгъы рацӕуа, царды басгуыха, хорз адӕймаг дзы рацӕуа. Гъе, фӕлӕ уыцы бӕллицтӕ царды сӕххӕст кӕнынмӕ алчи нӕ фӕцарӕхсы, алчи сӕ хъомыл кӕныны фаг бӕрндзинад нӕ равдисы ӕмӕ бирӕ сабитӕн сӕ фидӕны царды фӕндӕгтӕ ныггӕлиртӕ вӕййынц. Афтӕ уыд ивгъуыд заманты, афтӕ у ныртӕккӕ дӕр, кӕд цард цивилизацийы фӕндагыл стыр къахдзӕфтӕ размӕ акодта, уӕддӕр. Сабиты мӕгуырдзинад, сабиты фыдракӕнддзинад, сабитӕм тыхбахаст ӕмӕ ноджыдӕр семӕ бастуӕвӕг ӕндӕр проблемӕтӕ абон дӕр карзӕй лӕууынц дунейы бирæ бӕстӕты раз.

Раздӕры Советон Цӕдисы ныппырх мӕгуырауӕрдӕм бандӕвта йӕ территорийыл сырӕзгӕ ног паддзахадты сабиты хъысмӕтыл. Царды ӕмвӕзад зынгӕ кӕй ӕрхауд, уый, фыццаджыдӕр, сӕхиуыл банкъардтой сабитӕ. Нал сӕм уыд фаг хъусдард, куыд паддзахадты, афтӕ ныййарджыты ‘рдыгӕй дӕр ӕмӕ дуг йемӕ цы ӕвзӕрдзинӕдтӕ ӕрхаста, уыдоныл ӕнцонӕй цайдагъ кодтой.

Махӕй алкӕмӕндӕр йӕ цард сабидугӕй райдайы ӕмӕ нӕ алчидӕр хъуыды кӕны, уыцы азтӕ йын цахӕм уыдысты, уый. Хистӕрты ныхӕстӕй хъуыстам ӕмӕ хъусӕм, уыдонӕн сӕ хистӕр фӕлтӕртӕн та цахӕм уыдысты сӕ сабион бонтӕ, уыдӕттӕ. Хъыгагӕн, зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ сӕ царды рагуалдзӕджы азтӕй, бонтӕй раппӕлӕн кӕй никуы уыдис уыдонӕн. Ӕмӕ дзы куыд раппӕлдӕуа, кӕд ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ, хӕхты цъассыты цӕргӕйӕ, тухийӕ ӕрвыстой сӕ царды бонтӕ. Карз ӕрдзон уавӕрты цӕргӕйӕ, сӕ гуыбын фаг не ‘фсӕстой, фаг ӕмбӕрзт нӕ уыд се рагъ дӕр. Сӕ царды ахӕм уавӕр ӕндӕвта сӕ сабитыл дӕр ӕмӕ сӕ сабибонтӕ ӕрвыстой уӕз-зау уавӕрты, се ‘взонг удты  сын карзӕй ӕфхӕрдта дуг. Сӕ сабион цард сын равдисыныл, рухс дунемӕ сын фӕндаг айгӕрдыныл фӕлвӕрдтой, ирон аив литературӕмӕ фыццаг къахдзӕфтӕ чи арӕзтой, уыцы фыццаг фысджытӕ, рухстауджытӕ. Фӕлӕ куыд хистӕртӕн, афтӕ сабитӕн дӕр Къостайы хуызӕн ничи балӕггад кодта. Кӕд сын сӕрмагондӕй йӕ фыст уацмыстӕ бӕрцыл сты, уӕддӕр сӕ ахадындзинад ӕгӕрон у. Къоста нын ныв кӕны, цахӕм уӕззау уавӕрты хъомыл кодтой ирон бинонты ‘хсӕн сывӕллӕттӕ, уӕлдайдӕр та, сӕ дарӕг кӕмӕн амардис, уыдон. Цы ми кодта Къостайы сидзӕргӕс? «Сидзӕртӕн хъӕдуртӕ Се ‘хсӕвӕр хуыдта. Афтӕмӕй сын дуртӕ Цуайнаджы фыхта…»

Йӕ дуджы Ирыстоны хӕх-хон хъӕуты скъолатӕ тынг цъус уыдис. Фӕлӕ Къоста сидтис ӕмӕ фӕдзӕхста алы сабийы дӕр, цӕмӕй тагъд йе скъоламӕ уайа, ма зивӕг кӕна.

Скъоламӕ уайыны фадат та алы сывæллонæн дæр фӕцис Къостайӕн йӕ царды фӕстӕ – ивгъуыд ӕнусы 20-30-ӕм азты.

Ӕмӕ кӕд раздӕр нӕ интеллигенцийы минӕвӕрттӕ бӕрцыл уыдысты, уӕд, хъӕуты скъолатӕ байгом кӕнын ӕмӕ ахуырдзинад райтынг кӕныны фӕстиуӕгӕн, хъомыл кӕнын райдыдтой царды ӕппӕт къабӕзты дӕр нӕ фидӕны интеллигенцийы аккаг минӕвӕрттӕ.

О, фадат фӕцис нӕ сабитӕн ахуыры, царды рухс фӕндагыл ныллӕууынӕн, фӕлӕ сыл уӕддӕр цъус цӕфтӕ нӕ уад дуджы азарӕй. Мӕгуыр уӕвгӕйӕ, кӕмӕн йӕ ныййарджыты кулӕкты номхыгъдмӕ хастой, кӕмӕн та троцкизмы азарӕй басыгъдысты ӕмӕ сабийӕ кардзыдмӕ фӕхастой уыдоны сывӕллӕтты дӕлдзиныггӕнӕг ном.

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст. Нал ныууагътам куыстхъом адӕймаг нӕ хъӕуты. Фӕцу ӕмӕ ма ‘рцуйы фӕндагыл ӕрвыстам сабиты дарджыты. Ӕмӕ стыр тохы хъӕбатырдзинад ӕвдыстам. Хъайтардзинадӕй ма фыццаг бынат дӕр бацахстам. Уӕдӕ нӕ тохы быдыры цас баззад, уымӕй дӕр фӕстаг бынат кӕм бацахстаиккам. Ӕмӕ баззадысты бирӕ, тынг бирӕ сабитӕ сидзӕрӕй.

70-80-ӕм азты цы сабитӕ рахъомыл, уыдонӕн цард цадӕггай сӕ къух арӕзта – уыд сабырад, цард хуыздӕрӕй-хуыздӕр кодта. Фӕлӕ та уыцы дуг дӕр бирӕ нӕ ахаста. Сабыр дуджы чи райгуырд ӕмӕ рахъомыл, уыдоны дӕр бахъуыд хӕсты цӕхӕрыл рацӕуын. Ныр та сӕхи райгуырӕн къуымы. Ацы хатт сабиты сӕ фыдтӕм дзыназын нӕ хъуыд дард фронтмӕ – хӕст цыдис сӕ цӕстыты раз. Ӕмӕ дзы лыгъдысты, ӕмбӕхстысты дзы, фӕлӕ уӕддӕр знаджы нӕмыг цал ӕмӕ цал ӕнӕаххос ӕвзонг удты баййӕфта. Ӕгӕрыс-тӕмӕй, сӕ мардтой мады гуыбынмӕ дӕр.

Сабиты ӕнӕхин удты ма гуылмыз, дӕрзӕг кӕнынц нӕ дуджы царды уавӕртӕ. Раздӕры заманты, кӕд нӕ адӕм мӕгуыр цардысты, уӕддӕр бинонты ‘хсӕн цы бирӕ кӕстӕртӕ хъомыл кодтой, уыдон ӕвӕгӕсӕг нӕ уыдысты. Ӕдзух уыдысты хистӕр кар бинонты хъусдарды бын ӕмӕ сӕ сӕхи цӕвиттонӕй, хъомыл кодтой ирон ӕгъдӕуттыл, ирон фарныл. Уыимӕ ма хистӕр сывӕллӕттӕ дӕр ӕндӕвтой кӕстӕрты хъомыладыл.

Ахӕм царды уаг абон тынг фӕивта. Ныййарджытӕй иутӕ сӕ мӕгуырӕй рахау-бахауаг систы ӕмӕ сӕ арӕх нал равдӕлы сӕ сывӕллӕттӕм. Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ сывӕллӕттӕм нал равдӕлы, чи сбонджын сты, уыдоны дӕр ӕмӕ бинонты хъармӕй, ныййарӕджы рӕвдыдӕй цух аззайынц. Бирӕ сабитӕн хӕдзарӕй уынг фӕадджындӕр вӕййы ӕмӕ адзӕгъӕл вӕййынц. Афтӕмӕй дардӕй-дарддӕр кӕны ныййарджытӕй сывӕллӕтты ‘хсӕн дӕрддзӕг ӕмӕ уыимӕ лӕмӕгъ кӕнынц, цы фидар тӕгтӕй баст вӕййынц, уыдон дӕр.

Фӕлӕ уӕддӕр иууыл дуджы аххос нӕу. Уартӕ ма хӕсты уӕззау азты дӕр не ‘хсӕн ӕгъдауджын ӕмӕ цӕвиттойнаг сабитӕ цъус нӕ хъомыл кодтой, ахӕмтӕ бирӕ ахуыр кодтой не скъолаты дӕр. Уыдонӕн сӕ нымӕц рӕзы, фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны.

Max арӕх фӕазымджын кӕнӕм кӕцыдӕр сабийы йӕ ӕнӕуаг миты тыххӕй. Афтӕмӕй та аххосджын, сӕйраджыдӕр, мах, хистӕр фӕлтӕр вӕййӕм. Кӕмдӕр ӕм йӕ ныййарджытӕ, стæй скъолайы фаг хъусдард нӕ аздахынц. Йӕ ных ын нӕ бакъуырынц, кӕй цӕстыты раз фӕкӕны ахӕм митӕ, уыдон дӕр, ӕмӕ йе ‘нӕуаг митӕ кӕддӕр рахизынц фыдракӕндтӕм…

ЦХУЫРБАТЫ Луизæ,

6-æм астæуккаг скъолайы мадæлон

æвзаджы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.