Бæрæг куыд у, афтæмæй 17 сентябрæй 19 сентябрмæ Уæрæсейы уагъд цæудзысты Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ. Цæмæй уыцы æвзæрстыты хайад райсой не ‘мбæстæгтæ дæр, уый тыххæй 3 сентябрæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны развæлгъау уагъд цæуы хъæлæсæппæрст. Ныры онг уал хъæлæс радтой дыууæ минæй фылдæр адæймаджы.

Æрæджы ацы темæйы фæдыл РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры пресс-конференци уыд Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады консулон хайады сæргълæууæг Сергей Алексеевæн. Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддонтæ æмæ Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы  Арæнхъахъхъæнæг управленийы службæгæнджытæн развæлгъау æвзæрстытæ аххæсдзысты 16-æм сентябры онг. Æвзæрстытæ уагъд цæудзысты  дыууæ этапæй. Æфсæддонтæ хъæлæс дæтдзысты 3-æм сентябрæй  16-æм сентябрмæ.  Хуссар Ирыстоны цæрæг кæнæ та рæстæгмæ уæвæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ та хъæлæс дæтдзысты 17, 18 æмæ 19 сентябры.

Уыцы æртæ боны Хуссар Ирыстоны территорийыл баконд æрцæудзысты 9 æвзарæн фадыджы. Уымæй дарддæр ма сæ æнæниздзинадмæ гæсгæ сæ бон æвзарæн фадгуытæм æрбацæуын цы æмбæстæгтæн нæу, кæнæ та уæззау рынчынтæм чи зилы, уыдонæн сæ бон у бахатой фадыгон æвзарæн къамисмæ, цæмæй сæм хъæлæс дæттыны тыххæй, æввахсдæр цы æвзарæн фадыг ис, уыцы æвзарæн къамисы уæнгтæ хæдзæрттæм бахæссой æвзарæн асыччытæ æмæ афтæмæй хъæлæс радтой.

Цæмæй æвзæрстыты хайад райсой, Цхинвалмæ дæр æмæ республикæйы районон центртæм дæр дæрддзæг цы цæрæн пункттæ ис, уыдоны цæрджытæ, уый тыххæй сæм æвзарæн къамисы уæнгтæ цæудзысты бынатмæ.

Сергей Алексеев куыд загъта, афтæмæй уыцы хъæутæ сты; Цхинвалы районы –   Тъбет, Къостайыхъæу, Дменис, Сатихъар, Гром æмæ Залда;  Дзауы районы – Едыс, Уанел, Хуыцъе, Синагур, Цъон, Хъемулта, Киров; Знауыры районы  – Бехъмар, Балта, Терегуан, Мугут, Зиууат; Ленингоры – Цъинагар, Орчъосан, Монастъер. Йæ ныхæстæм гæсгæ, районты сæргълæуджытæн бахæс чындæуыд, цæмæй цæрджытæн фехъусын кæной, кæм æмæ куыд цæудзæн хъæлæсдæттæн процесс.

«Хуссар Ирыстоны территорийыл 17, 18 æмæ 19 сентябры райсомы 8 сахатæй изæры 8 сахаты онг гом уыдзысты  æвзарæн фадгуытæ се ‘ппæт дæр. Цхинвалы уыдзæн фондз æвзарæн фадыджы: Уæрæсейы минæварады территорийыл, фыццаг æмæ фæндзæм астæуккаг скъолаты, Профцæдисты хæдзары æмæ бирæпрофилон колледжы; Дзауы æмæ Знауыры районты администрациты бæстыхæйтты, Къуайсайы – горæтон кълубы; Ленингоры районы та – Культурæйы хæдзары», – банысан кодта Алексеев.

Хъæлæс дæтдзысты, 18 азы кæуыл сæххæст æмæ фæсарæйнаг паспорт кæмæ ис, уыцы æмбæстæгтæ. Спайдагæнæн ис уæрæсейаг паспортæй дæр. Хуссар Ирыстоны службæйон командировкæйы чи ис, уыдон та сæ бон у спайда кæной дипломатон кæнæ службæйон паспорттæй. Йæ паспорт чи фесæфта, кæнæ та ахæм хæлд кæмæн у, æмæ нæ зынынц æмбæстаджы бæрæггæнæнтæ, уыдонæн сæ бон у уæрæсейаг минæварадæй райсой гоймаг бæлвырдгæнæн гæххæтт æмæ уымæй спайда кæной.

Дипломат куыд банысан кодта, афтæмæй уæлдæр цы документты тыххæй цыд дзырд, уыдон кæмæ нæ уой, уыдонæн та сæ бон у спайда кæной, кæд сæм ис, уæд 1974 азы хуызы Советон Цæдисы æмбæстаджы паспортæй. Паспорты нысан хъуамæ уа Уæрæсейы æмбæстаджы нысан.

Коронавирусы пандемийы уавæрты, æмбæстæгты бахъахъхъæныны нысанæн арæзт æрцæудзæн æппæт дæр, цæмæй вирус ма апарахат уа, уый тыххæй. Хъæлæсæппæрст æхгæд хатæнты куы цæуа, уæд организацигонд æрцæудзысты хи-цæн бахизæнтæ æмæ рахизæнтæ. Бахизæнты бæрæг цæудзæн æмбæстæгты тæвд, хъахъхъæд цæудзæн дистанци. Æвæрд æрцæудзысты санитайзертæ, дезинфекци цæудзысты фыссæн дзаумæттæ.

Дипломат банысан кодта, зæгъгæ, сын æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй стыр æххуыс кæны Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис. «Стыр æххуыс нын бакодта техникон ифтонгадæй дæр, уыцы æххуыс у, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм. Цæмæй æппæт æвзарæн фадгуытыл аххæссæм, уый тыххæй нæм нæй ахæм ресурстæ. Хуссар Ирыстоны ЦÆК нын хъæлæсдæттынæн радта асыччытæ дæр æмæ кабинæтæ дæр. Хъæлæсдæттæн бонты Мидхъуыддæгты министрад ифтонг кæндзæн æдасдзинад æмæ хъахъхъæндзæн фæтк.

Сергей Алексеев куыд загъта, афтæмæй сын  æвзæрстытæ уадзыны тыххæй æххуыс кæнынц уæрæсейаг æмбæстæгтæ æмæ волонтертæ. Уыимæ иумæ ма банысан кодта, зæгъгæ, аккредитаци кæмæ уа, дзыллон информацийы фæрæзты уыцы минæвæрттæн сæ бон уыдзæн æвзарæн фадгуыты уæвын æмæ кусын, æмбæлон нормæтæ хъахъхъæнгæйæ. Уыцы нормæтæ та сты: нæй гæнæн æвзарæн бюллетенты, æвзарджыты номхыгъдты нывтæ исын. Гæнæн уыдзæн æвзарджытæй интервьютæ исын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.