Нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министр Евгени Зиничевы йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæныны фыдохы церемонийы.

Церемонийы ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр æмæ  Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министр Цоциты Азæмæт.

Фыдохы мадзæлттæ уагъд æрцыдысты Мæскуыйы Уæлвæткон уавæрты министрады кризисон уавæрты разамынад кæныны фæдыл Националон центры. Евгений Зиничевы бавæрдтой Санкт-Перебургы. Инæлар-булкъон Евгений Зиничев фæмард 8 сентябры Норильскы, йе службæйон хæс æххæст кæнгæйæ. Цыдис ыл 55 азы.

Уымæй размæ Хуссар Ирыстоны паддзахады сæргълæууæг фыдохы тел  арвыста Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинмæ, тæфæрфæс ракодта Евгени Зиничевы бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн.

Бибылты Анатоли Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон Уавæрты министры æнæнхъæлæджы мæлæт банымадта стыр трагедийыл.

«Цардæй ахицæн диссаджы удыхъæды хицау адæймаг, кæцыйæн Фыдыбæстæйæн лæггад кæнын уыд йæ царды сæйраг нысан, уый ноджыдæр бафидар кодта йæ удуæлдай къахдзæфæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.