Аивгъуыйгæ къуыри информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры нæ республикæйы информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария ауагъта радон брифинг. Брифингмæ хуынд æрцыд нæ республикæйы Президенты цур Адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл бæрнджын Тасойты Инал. Фембæлды сæйраг темæ уыд, 2008 азы августы хæстон архайтыты фæстиуæгæн нæ республикæйы цæрджытæ Европæйаг тæрхондонмæ кæй балæвæрдтой, уыцы хъæстытæ.

«Махæй йæ алчи дæр зоны, 2008-æм азы августы цы хæстон архайдтытæ райтынг сты нæ республикæйы, уыдон кæй æрхастой бирæ удызиæнттæ æмæ стыр  æнамонддзинæдтæ. Уый фæстиуæгæн нæ республикæйы æмбæстæгтæ 3300 адæймаджы бæрц индивидуалон хъастытæ балæвæрдтой Европæйаг тæрхондонмæ. Уыдон баст уыдысты адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл Европæйы конвенцийы статьятæ халынимæ. Сæ хъæстыты не ‘мбæстæгтæ лæмбынæг радзырдтой, царды тасдзинад кæй æййæфтой, сæ фæллой пырх æмæ сыгъд кæй æрцыдысты, нæ горæт, хъæутæ æхст кæй цыдысты егъаукалиброн хæцæнгæрзтæй,  Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон архайдтытæ куы райтынг кодта 2008 азы, уæд. Æппæт уыцы хъæстыты лæмбынæг фыст æмæ æвдыст  æрцыдысты ацы æбуалгъ митæ æмæ уымæ гæсгæ  лæвæрд æрцыдысты Страсбурджы тæрхондонмæ. Хъæстытæ лæвæрд сты 2008-æм азы 14 августæй ноябры мæймæ», – фехъусын кодта Тасойты Инал.

Йæ ныхæстæм гæсгæ йе ‘мбæстæгтæ сæ хъæстыты домынц, цæмæй Гуырдзыстоны къухдариуæгад бакæной моралон æмæ материалон æххуыс, æмæ ма уыимæ иумæ,  адæймаджы барты халыны факт банымайой. «Хъыгагæн, нæ хъæстыты иу хай тæрхондон аиуварс кодта. Уыдоны фæдыл тæрхондоны куысты процесс ахæм у: хъастытæ лæвæрд æрцыдысты, уым сæ сахуыр кодтой, æмæ сæм кæд исты фарста сæвзæры, уæд минæварадмæ арвитынц домæн. Æмæ-иу рауадйы афтæ, домынад рæстæгыл нæ хæццæ кодтой минæварадтæм, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, дзуапп нæ лæвæрдтой афоныл, æмæ уый фæстиуæгæн тæрхондоны кусджытæ банымадтой, зæгъгæ, хъастгæнджытæ сæ цымыдисдзинад фесæфтой сæ хъастытæм, æмæ уымæ гæсгæ фæстæмæ æрвыст æрцæуынц минæварадтæм,  1500 хъасты бæрц фæстæмæ æрвыст æрцыдысты сæ минæварадтæм. Хъыгагæн, Европæйаг тæрхондон æркаст цалдæр хъастмæ 10 азы фæстæ æмæ сæ банымадта, райсинаг чи не сты, ахæмтыл. Мах ныфс ис æмæ æввахс рæстæджы тæрхондон æркæсдзæн иннæ хъæстытæм дæр. Цы хъастытæ æрвыст æрцыдысты, уыдоны фæдыл кусынц адвокаттæ. Уыдон сæ сахуыр кодтой, бацæттæ кодтой уæлæмхас бæлвырдгæнæн базæ, цæмæй тæрхондонæн мауал уа фадат, фæстæмæ сæ раздахынæн», – банысан кодта Тасойты Инал.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты интерестæ Европæйаг тæрхондоны куы хъахъхъæдтой уæрæсейаг юристтæ, уæд сын бынаты та æххуыс кодтой Генералон прокуратурæ, адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл уæды æххæстбарджын Санахъоты Давид æмæ Президенты уæды уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ. 2011 азæй ацы хъæстыты фæдыл кусынц 3 адвокатон уагдоны, кæцытæм ис куысты стыр фæлтæрддзинад. Тасойты Инал куыд загъта. Афтæмæй юристтæ тынг арæх æрцæуынц Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй хъæуæг информаци æрæмбырд кæной. Уый фæдыл сын егъау æххуыс бакæны нæ республикæйы къухдариуæгад. Куыд зонæм, афтæмæй Европæйаг тæрхондоны тæрхонгæнджытæй иу у гуырдзиаг Ладо Чъантъуриа, æмæ Тасойты Иналы хъуыдымæ гæсгæ, ацы хъуыддаг дæр хорзæрдæм нæ бандавдзæн тæрхондоны объективон куыстыл. Уый куыд загъта, афтæмæй консультаци кодтой адвокатимæ, цæмæй ацы тæрхонгæнæджы куыстæй аиуварс кæной, фæлæ, хъыгагæн, фарстæн аскъуыдзаггæнæн нæй æмæ дарддæр йæ куыст кæндзæн тæрхонгæнджыты ‘хсæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.