14 июны Европарламент райста Гуырдзыстоны фæдыл резолюци «Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритæ – Уæрæсейы бабырстæй 10 азы фæстæ», кæцымæ гæсгæ Европарламент хæцы Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинад æмæ суверенитеты æвварс æмæ сиды Уæрæсемæ, цæмæй аива Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны тыххæй йæ уынаффæ.

Гуырдзыстоны фæдыл Европарламенты радон резолюцийы райстæн комментари сарæзтой РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ банысан кодтой, зæгъгæ, сæ Кавказы ног геополитикон реалитæ райсын кæй нæ фæнды, уый документы авторты хъыгдары раразмæгонд азымты æнæхъоладзинад бамбарын, кæцытæ æфхæрдæй нæ тæрсгæйæ пайда кæнынц факттæй циникон æгъдауæй манипуляци кæныны тактикæйæ.

«Сæ ныхæсты бындур у Уæрæсейы адресыл традицион æнæбындур ныхæстæ дзурын æмæ хуссарирыстойнаг адæмы бирæ азты дæргъы куынæг кæныны тыххæй Гуырдзыстонæй бынтондæр азым сисын, кæцыйæн йæ кульминаци ссис 2008 азы августы хæстон агресси, –  банысан  кодтой  Фæсарæйнаг  хъуыддæгты министрады.  Æвæццæгæн, Ныгуылæны хынцынц æрмæстдæр Гуырдзыйы фарсы интерестæ æмæ позици, фæдфæдылонæй хуыздæрыл нымайынц, уæвæг æцæгдзинадæй разамынд кæнын нæ, фæлæ «политикон штамптæй» пайда кæнын».

Ведомствойы ма куыд загътой, афтæмæй резолюцийы æппындæр ницы загъдæуы Хуссар Ирыстоны адæмы позицийы тыххæй.

«Хуссар Ирыстоны ныр 10 азы дæргъы, 2008 азы августæй фæстæмæ, æнкъардæуы реалон стабилондзинад æмæ æнцойад, кæцыйы ифтонг кæны уæрæсейаг æфсæддон контингент уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг бадзырдты бындурыл, – дзырдæуы хъусынгæнинаджы.  Хуссар Ирыстоны адæм бузныг сты уæрæсейаг æфсæддонтæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæй, кæцытæ сты республикæйы æд-дагон æдасдзинады гарант».

Министрады банысан кодтой, зæгъгæ, европарламентаритæм сидгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад радон хатт сиды, агрессоры, куыд æфсæддон фыдгæнæджы, афтæ дырысæй сбæлвырд кæныны æнæмæнг-хъæуындзинадмæ, æмæ уый та у  æнæдызæрдыгæй Гуырдзыстон. Афтæ ма сиды, цæмæй къух сисой æцæгæлон территоритæм бар дарыны фæдыл Гуырдзыстоны хицауиуæгадæн æххуыс кæныныл æмæ архайой, агресси сфæлхатгæнæн кæм нал уа, ахæм гарантиты тыххæй уавæртæ саразыныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.