Зæрдиаг арфæ кæнын дзыллон информацион фæрæзты æппæт кусджытæн – журналисттæ æмæ мыхуыргæнджытæн, литературон æмæ техникон кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.

Абоны реалиты стыр нысаниуæг ис дзыллон информацион фæрæзтæн. Оперативон æгъдауæй æмæ информаци цæсгомджынæй радæттын, æрцæугæ цауты анализ, цæрджыты проблемæтæ равдисын, паддзахады æмæ адæмы ‘хсæн бастдзинад ифтонг кæнын – æппæт адæттæ фадат дæттынц нырыккон медиа тыгъдады сырæзтæн.

Ног информацион технологиты тагъд рæзт æмæ коммуникациты алыгъуызон каналты уавæрты ахсджиаг у адæмы онг информаци хæццæ кæнын. Бæрзонд профессионализм, бæрндзинад, сфæлдыстадон цæстæнгас, аналитикон ахастадон æппæт домæнтæ не сты нырыккон журналистмæ. Журналисты уæхсчытыл ис стыр бæрндзинад, алы мыхуыргонд æрмæгыл, алы ралæудыл, позитивон у æви критикон. Уымæн æмæ дзырдæн ис стыр тых æмæ журналисттæ уый хъуамæ алы хатт дæр сæ зæрдыл дарой.

Стыр бузныг дæн журналисттæй, бирæ азты дæргъы сæ зын профессийы, нæ адæмы зын рæстæджыты, 1990 азты информацион блокадæйы рæстæджы тырныдтой уæрæхдæр аудиторийы онг республикæйы цы цаутæ æмæ хабæрттæ цæуынц, уыдон ба-хæццæ кæнын.

Ацы нысаниуæгджын бон масс-меди-айы æппæт кусджытæн мæ цæст уарзы фи-дар æнæниздзинад, фæрныгад, куысты æнтыстытæ, сфæлдыстадон уæлтæмæнтæ æмæ позитивон цаутæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.