Аивгъуыйгæ аз цахæм уыдис нæ республикæйы цæрджытæн, цы бантыст саразын æмæ дарддæр цахæм хæстæ лæууы районтæ æмæ горæты администрациты, министрадтæ æмæ ведомствоты раз, уыдæтты тыххæй хъуамæ хыгъд радтой сæ къухдариуæггæнджытæ. Сæ бакæнгæ куыстимæ та хъуамæ зонгæ кæной адæм. Ахæм уыд йæ домæн РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикæн республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты къухдариуæггæнджытимæ йæ фембæлды рæстæджы æмæ сæм æрсидт, цæмæй активондзинад равдисой ацы хъуыддаджы. Паддзахадон дзыллон информацийы фæрæзтæ æмæ æххæсткæнынадон хицауиуæгады æмархайды фæхуыздæр кæныны, бæрнон бынæтты кусджыты архайды, æхсæнады ахсджиагдæр фарстытыл уæндондæрæй фыссыны фарстытыл ма йæ раныхасы дзырдта РХИ-йы Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария.

Фембæлды дзырд цыдис дзыллон информацийы фæрæзтæн сæхи архайдимæ баст фарстытыл дæр. Цæвиттон, ныр къорд азты дæргъы хуссарирыстойнаг газеттæ æмæ журнал рафыссын сæ бон нæу, республикæйæн æдтейæ чи цæрынц æмæ сæ рафыссын кæй фæнды, уыдонæн. Ахæмтæ та бирæ ис Цæгат Ирыстоны, Уæрæсейы æндæр рæтты, ацы фарст æвæрынц ирон диаспорæты минæвæрттæ. Нæ газеттæ æмæ журнал республикæйæн æдтейæ рафыссæн кæй нæй, уымæн та йæ аххосаг у, Уæрæсейы прессæйы каталогмæ хаст кæй не сты, уый. Хицауады Сæрдар загъта йæ  хъуыды, æппæт амæлттæ æмæ гæнæнтæй дæр кæй хъæуы спайда кæнын, кæй хъæуы бакусын, цæмæй уыдон хаст æрцæуой каталогмæ æмæ кæй фæнды, уыдонæн та уа сæ рафыссыны фадат æмæ зонгæ кæной нæ республикæйы цардимæ.

Периодикон мыхуыр ног азы фыццаг æмбисæн рафыссыны компани куыд ацыд, уымæ цымыдис кæнгæйæ, Хицауады Сæрдар райста дзуапп, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, уавæр бæрæг кæй ницы фæхуыздæр. Дзыллон информацийы фæрæзты къухдариуæггæнджытæн сæ хъуыды уыд, ацы хъуыддаджы фылдæр бæрндзинад кæй хъуамæ хæссиккой районты æмæ горæтты администрациты, министрадтæ æмæ ведомствоты, уагдæттæ æмæ организациты къухдариуæггæнджытæ. Ацы хъуыдыйыл сразы Пухаты Эрик дæр æмæ ныфс бавæрдта, ацы фарстмæ бæстондæр кæй æркæсдзæн. Фембæлды хайадисджытæ катайдзинад равдыстой, мадæлон æвзагыл цæуæг газет æмæ журнал рафыссыны хъуыддаг уæлдай мæгуыраудæр кæй у.

Фембæлды дзырд цыдис бынæттон телеуынынады нымæцон алæвæрдтæм рахизыны фадæттыл дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.