Хицауады сæрдар Джуссойты Константин инспекцион азылды рæстæджы бабæрæг кодта зæронд хиды арæзтад. Йемæ ма уыдысты Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Елдзарты Константин, паддзахадон унитарон куыстуат  «Югосетстройинвест»-ы къухдариуæггæнæг Гæбæраты Алан.

Хиды уавæрыл дзургæйæ арæзтады министр фехъусын кодта, æрæджы Уæрæсейы Федерацийæ цы сæрмагонд бургæнæн машинæ æрластой, уый кæй фехæлд. Уый аххосагæй куыстытæ æрурæдтой æртæ боны æмгъуыдмæ.

«Хиды арæзтад цымыдис кæны республикæйы æгас цæрджыты. Арæзтады процесс цæмæн фæстиат кæны, цы хъæндзинæдтæ уæм фæзыны, уыдон цæмæннæ фехъусын кæнут? Объектыл ацы аз цы куыстытæ бакæнинаг стут, уыдон афоныл кæронмæ бакæнут, нысангонд æмгъуыдмæ! Æнхъæлмæ кæсын дзуаппмæ!», – дзырдта Хицауады сæрдар.

Джуссойты Константин ма бабæрæг кодта, горæты арæзт цы уынгтæ цæуы, уыдоны уавæр. Куыд зонæм, афтæмæй ацы аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты аразынц фараст уынджы: Путины, Медведевы, Кавказаг, Бушы, Гагарины, Икъаты Владимиры, Мичурины, Козаты фырты æмæ Сталины уынджы хай – «Тагъд æххуыс»-ы станцы районы базилæны фадыг. Сæ фылдæрыл куыстытæ кæронмæ хæццæ кæнынц.  Цалдæрыл сæвæрдтой асфальты фыццаг цъар дæр.

Фæлæ Козайы фырты уынджы объект чысыл проблемон кæй у, уымæ гæсгæ ам куыстытæ бакъуылымпы сты. Уынг цæуы дыууæ æмвæзадыл. Уымæ гæсгæ дзы бахъуыд саразын быцæугæнæн сис. Уымæн йæ дæргъæн у 10 метры. Æнæуи уынгыл ныридæгæн арæзт æрцыд æппæт инженерон хызæгтæ. Алы хæдзармæ дæр бауагътой дон, газ  æмæ канализацион хæтæлтæ. Ныр та сæхи цæттæ кæнынц асфальты фыццаг цъар сæвæрынмæ. Къæвдацæуæн къанауты тыххæй сын Джуссойты Константин бацамыдта: «Цæмæй стыр къæвдаты рæстæджы уынг бахизат донивылдæй, уый тыххæй хъæуы ноджы иу канализацион люк сæвæрын. Хуыздæр у абон уыцы проблемæ аскъуыддзаг кæнын. Науæд уæ фидæны  ногæй бахъæудзæн асфальт къахын».

«Доравтодор»-ы кусджытæ Хицауады сæрдарæн ныфс бавæрдтой, фæндагон куыстытæ æмгъуыдмæ конд кæй фæуыдзысты ноябры мæйы æмæ уынг эксплуатацимæ кæй ратдзысты, уымæй.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.