Сæрдариуæг дзы кодта РХИ-йы Президент Гаглойты Алан. Штабы рабадты ма хайад истой профилон министрадтæ æмæ ведомствæты къухдариуæггæнджытæ, арæзтадон организациты минæвæрттæ.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй боныгъæдтæ фадат дæттынц 2023 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты арæзтадон куыстытæ активонæй кæнынæн, фæлæ хицæн объекттæ уæддæр графикæй чысыл фæстæдæр зайынц. Зæгъæм, зæронд хиды арæзтад цæуы къуылымпытæй, зæгъынц, зæгъгæ, техникæ ацъæл ис. Уый тыххæй афоныл фехъусын хъæуы æмбæлон ранмæ. Иуæй-иу арæзтадон организациты къухдариуæггæнджытæ фаг хъусдард не здахынц куыстытæ æмбæлон æгъдауыл организаци кæнынмæ. Нæй, зæгъгæ, æруадзæн, цæмæй куыстытæ цæуой авралон режимы. Ахæм подрядон организацитæм æмæ сæ сæргълæууæг министрадтæм уый æрсидт, цæмæй куысты фæстæзаддзинад тагъддæр аиуварс кæной æмæ хъахъхъæной график.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрæн Президент бахæс кодта, цæмæй афæдзы кæронмæ бакæной куыстытæ, графикæй фæстæ ма баззайой. Техникон проблемæтæ сын куы фæзына, уæд та сæ афоныл скъуыддзаг кæной.

«Бацархайдзыстæм, ацы бонты бургæнæн машинæйæн цы хай ацъæл, уый сцал-цæг кæныныл. Хиды бын цы куыстытæ цæуы, уыдон не ‘рлæууыдысты. Кусджытæ бетон кæнынц, хиды каркастæ фидар кæнынц. Цалынмæ фæззыгон æвзæр боныгъæдтæ нæ райдыдтой, уæдмæ графикмæ гæсгæ æмгъуыдмæ куыстытæ кæронмæ бакæндзыстæм», – дзырд  радта Елдзарты Константин.

«Хид хъуамæ арæзт æрцæуа афоныл. Сæйраг та у, цæмæй кусат гъæдджын арæзтадон æрмæджытæй» – ахæм хæс радта паддзахады сæргълæууæг арæзтады министрæн.

Штабы рабадты байхъуыстой Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергеймæ дæр. Уый та рабадты хайадисджыты базонгæ кодта проектон-сметæйон гæххæттытимæ, кæцытæ арæзт æрцыдысты ООО «Северо-Кавказское Проектное бюро»-йы æххуысæй. «Арæзт æрцыд, 2024-25 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы уынгтæ хъуамæ сырæза, уыдонæй æртæйæн проекттæ. 13-æм октябрмæ та бацæттæ кæндзысты Едыс-Цхинвалы донуадзæн хæтæлы проект æмæ ма, Хъорнисы хъæуыл цы хид сырæздзæнис, уый техникон-материалон хатдзæгтæ дæр.

Нæхæдæг кусæм æртæ объектыл, рæхджы сын экспертизæ сараздзыстæм. Реконструкцикæнинаг сты «Знаур», «Дробилка» æмæ Цхинвалы 2-æм скъолайы аварион корпус».

«Уыцы куыстытæ се ‘ппæт дæр хъæуы афоныл бакæнын, цæмæй ног азы Инвестпрограммæмæ хаст объекттæм куы æрæвналæм, уæд нæ разы мацы цæлхдуртæ слæууа», – бафæдзæхста Гаглойты Алан.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.