Фæстаг азты горæты бындуронæй  цалцæг æрцыдысты бирæ уынгтæ. Æрбалæугæ азы та Инвестпрограммæйы фæлгæтты ноджыдæр цалцæг æрцæудзысты 11 уынджы. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр, нырма бирæ уынгтæ ис аразинаг, уæлдайдæр та горæтгæрон цы уынгтæ ис, уыдон.

Нæ горæты Уæлахизы уынджы цæрджытæ бирæ азты домдтой хицауадæй, цæмæй сын æркæсой сæ уынджы уавæрмæ. Газетмæ дæр иу æмæ дыууæ хатт не ‘рбахастой хъаст. «Бафæлладыстæм, дыууын азы бæрц цæуæм иу инстанцийæ иннæмæ, курæм, цæмæй нын æркæсой нæ уынджы уавæрмæ. Дон дзы никуы басур вæййы. Йæ рæстæджы уынг, йæ дыууæ фарс цы хæдзæрттæ ис, уыдонæй бæрзонддæр арæзт æрцыд. Уымæ гæсгæ къæвдабонты сыхаг  уынгты дон дæр æрæмбырд вæййы нæ уынгмæ. Донæй байдзаг вæййынц  нæ ныккæндтæ», – фыстой сæ хъасты Уæлахизы уынджы цæрджытæ.

Æцæгæйдæр, Уæлвæткон уавæрты министрады кусджыты архайдæн нæхæдæг дæр æвдисæн иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдыстæм, ацы уынджы цæрджыты ныккæндтæй-иу дон куыд рацъырдтой алы тæрккъæвдайы фæстæ. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, таксийы шофыртæ арæх нæ разы кодтой  Уæлахизы уынгмæ цæ-уыныл, гъе та-иу бæлццоны рахизын кодтой, уынджы кæрон.

Ацы аз, сæрды мæйты Уæлахизы уынджы арæзтадмæ куы бавнæлдтой, уæд уынджы цæрджыты цинæн кæрон дæр нал уыд. Фæлæ та ацы хатт дæр «нæ атылд» Уæлахизы уынджы цæрджытæн, куыстытæм бæргæ бавнæлдтой, зæххыбын коммуникацитæ дæр ивд цыдысты, фæлæ æгæр ныддаргъ сæ архайд.

Ивгъуыд къуыри РХИ-йы Президенты барамындмæ гæсгæ æфхæрд æрцыдысты автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард æмæ паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-ы гендиректор Лалыты Мурат.

Барамынды дзырдæуы, зæгъгæ, уæлдæр загъдгонд организациты къухдариуæггæнджытæ æфхæрд цæуынц, уынг цалцæг кæныны рæстæджы, арæзтадон нормæтæ кæй фехæлдтой, уый тыххæй.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй Уæ-лахизы уынгыл цы арæзтадон куыстытæ конд æрцыд,  уыдон  фыццаг этапы арæзт   æрцыдысты  нывæзтмæ гæсгæ. Уынг цæттæ цыд асфальтгæнæн куыстытæм, фæлæ цæрджытæ куы бамбæрстой, тротуартæ арæзт дзы не ‘рцæудзæн, уæд сæ хъаст бахастой Президентмæ.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ экс-плуатацийы фæдыл ко-митеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард куыд загъта, афтæмæй, уыдон ногæй æркæсдзысты уынджы арæзтады нывæзтмæ æмæ, гæнæнуæвгæйæ, аиуварс кæндзысты, цы рæдыдтытæ æруагътой, уыдон.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.