Ацы дунейæн йæ æрдзысконд куыд диссаг у, афтæ диссаг стæм мах, чи йыл цæры, уыцы адæм нæхæдæг дæр. Алчи дæр йæ æрдзон хæдхуыз, йæхи удыскондимæ… Мах, цыфæнды кары дæр, фæуарзынц нæхицæй хистæртæ, нæхæдæг та, цыфæнды кары дæр, фæуарзæм нæхицæй кæстæрты, фæбæллæм уыдоны рæзт æмæ размæцыдмæ, фæрайæм се ‘нтыстыл, фæцæрæм сæ цинæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, алчи дæр нæ фыццаджы фыццаг уарзы йæхи хъæбулты – æмæ уый æрдзы æнусон закъон у, уыцы æнкъарæн алкæй уды дæр цæры, стæй алы цæрæгойы уды дæр. Фæлæ ма-иу нæхи хъæбулты уæлдай нæ алыварс чи цæры, немæ иу уæлдæф чи улæфы, иу хъысмæт кæимæ дих кæнæм, уыдоны хъæбулты æнтыстытыл дæр зæрдиагæй кæй бацин кæнæм, уый у нæ иумийаг амонд. Дæ хъæбул кæимæ, кæй æхсæн хъомыл кæны, уыдон хорз куынæ уой, уæд дæхи хъæбул сыгъзæрин куы феста, уæддæр дын цы сараздзæн иунæгæй.

Саулохты æртындæсаздзыд лæппуйы аивалæппу Азæмæт цæстæвæрæн фæцис йæ аивадон æнтыстытæй æмæ йыл мах цин кæнæм иумæ, уымæн æмæ ахæм кæстæртæ Ирыстонæн иумиаг сты, нæ сомбон уыдоныл баст у. Нæхи, чысыл фæлæ уарзон горæт чъребайаг лæппу у, кæд йе скъолайон ахуыры рæстæгæн йæ фылдæр хай Ирыстонæн йæ цæгат хайы, Елхоты æрвиты, уæддæр – Елхоты йæ мады мад цæры. Елхоты клубы хæдархайгæ алыгъуызон къордты дæр уымæн фæисы хайад.

Чъребайаг лæппуйы аивады тæг-тæ сæхимæ хæрз сабийæ райдыдтой æлвасын. Уыцы тæгтæ та алы-гъуызæттæ сты, уымæн æмæ аи-вад алыгъуызон у, бирæкъабазджын. Азæмæт уыцы-иу рæс-тæджы уарзта зарын дæр æмæ кафын дæр, стæй гуымсæгыл цæгъдын дæр йæ уд йæ дзæцц уы-ди æмæ у.

Аивад диссаг у. Адæймаджы уды куы райгуыра, куы дзы бацæра, уæлдайдæр рæзгæ уды, уæд ын йæ фæндæгтæн æрыхгæнæн нал вæййы. Нал æй бауромдзынæ, нал дзы баиргъæвдзынæ дæ сабийы. Цасфæнды йæ уром, цасфæнды йæ иргъæв, уæддæр, абон уа æви сом – суадонау стондзæни, æр-сдонау айгæрддзæн йæ развæндаг. Æниу нырма дæр бæрæг-бæлвырд нæу, суинаг ды тæгтæй сомбон йæхимæ кæцы тынгдæр нылвасдзæн, фæлæ уал мах ныридæгæн цин кæнæм Азæмæт-зарæггæнæджы æнтыстытыл. А-фæстаг рæстæджыты нæ горæты пионерты парчы фæсивæдæн цы ирон хъазтизæртæ вæййы, уыцы хъазтизæрты хайад исгæйæ Азæмæт йæ аивадæн табугæнджыты зæрдæтæ барухс кæны йæ тæлтæг кафтæй дæр æмæ йæ мæлгъæвзаг хъæлæсæй дæр. Кафæн фæзмæ куы рахизы, уæд æм бакæс æмæ – хæххон цæргæс! Кафт куы фæ-вæййы, йæ аивады уацары чи бахауы, уыдонæн йæ сæрæй уæздан куы акувы, уæд та йæ, цыдæр æнæуынгæ тыхау, сæ базыртыл сисынц зарæджы уæлтæмæны зæлтæ. Æмæ уал нын, йæ абоны æнтыстытыл дзургæйæ, зæгъын æмбæ-лы йæ вокалон курдиаты тыххæй. Нырма нын нæ зæрдæтæ йæ рæсугъд минмырон зарæгæй рухс кæны, нырма Азæмæт æмæ зарæг сты æмбæлццæттæ.

Æрæджы Æхсæнадæмон музыкалон чемпионаты фæлгæтты номинаци «Эстрадон зарæг»-ы Азæмæт бацахста фыццаг бынат æмæ хорзæхджын æрцыд сыгъзæрин медалæй.

Дзырд дæр ыл нæй, Азæмæтмæ æмбæлд ацы радон хорзæх, уымæн æмæ йæ рамбылдта йæ курдиат æмæ аивадыл æнувыдзинады фæрцы. Зарæг сæххæст кæнынмæ арæхстдзинад, зарыны техникæ æмæ культурæ равдыста бæрзонд æмвæзадыл. Жюрийы уæнгты йæ уацары бакодта æрмæст йæ æрдзы ратгæ вокалон фадæттæй нæ, фæлæ артистизмы рæсугъд æууæлтæй дæр. Азæмæтмæ ис, зарæггæнджытæ цырагъы рухсæй кæй фæагурынц, ахæм тæхудиаджы арæхстдзинад – концертмæкæсджытимæ æнгом бастдзинад ссарын, æмæ, кæй æххæст кæны, уыцы уацмысы мидис сæм ирдæй фæхæццæ кæ-нын.

Цæгат Ирыстон-Аланийы Суанты Кимы номыл Паддзахадон националон оркестры солист, Азæмæты аивадон къухдариуæггæнæг Хъæдохты Алан фестивалы фæстиуджытыл дзургæйæ æнæхъуаджы нæ загъта æвзонг зарæггæнæджы тыххæй:

– Азæмæт зарæг «Наш Кавказ» сæххæст кодта бæрзонд уæлтæмæнадимæ!

Уыцы конкурсмæ бирæ музыканттæ æрцыд дунейы алы рæттæй: Сомихстонæй, Белорусæй, Абхазæй æмæ афтæ дарддæр, хайад дзы райстой куыд Хуссар Ирыстонæй, афтæ Цæгат Ирыстонæй дæр. Вокалон конкурс «Лазурная волна – Сочи 2019» уагъд æрцыд ахæм номинациты: «Соло-æххæсткæнынад», «Зарæггæнджыты хор», «Инструменталон æххæсткæнынад», «Эстрадон зарæг», «Классикон зарæг» æмæ «Адæмон за-рæг».

Ацы конкурс, ома, «Лазурная волна – Сочи 2019» у æрвылазон конкурс æмæ йын ис бæрæг-бæлвырд нысаниуæг. Уый у рæзгæ фæлтæры алыгъуызон фæдыздæхтыты аивадон ахуыргæнæндæтты форум, цыран зонгæ кæнынц кæрæдзийы дæсныйад æмæ фæлтæрддзинадимæ, уынаффæ кæнынц музыкалон æмæ вокалон сфæлдыстады дарддæры рæзт æмæ размæцыдыл.

Конкурсы стыр ахадындзинад æмæ вазыгджындзинадыл дзурæг у уый дæр, æмæ йæ организатортæ кæй сты Дунеон Артийон Комитет, Евроазион континенталон Артийон комитет, ахуырад, зонад æмæ культурæйы фарстаты фæдыл Иугонд Нациты Организаци (UNESCO), Уæрæсейы Федерацийы Ахуырады министрад, Гнесинты хоты номыл Уæрæсейаг музыкалон академи, Евразийы Композиторты цæдис.

Ахæм бæрзонд æмвæзадыл уагъдцæуæг æмæ вазыгджын конкурсы не ‘мбæстаг, суинаг лæппу хайад иса æмæ дзы йæ къухы цæстæвæрæн æнтыстытæ бафта, уый нæ иумиаг сæрыстырдзинад у. Æмæ нæ иумиагæй фæнды, цæмæй йæ царды фæндæгтæ кæной рæсугъдæй-рæсугъддæр, хиза иу æнтыстæй иннæмæ. Фæнды нæ, цæмæй дзы кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр сæрыстыр уой йæ бинонтæ æмæ, йе нтыстытæй кæмæн кад кæны, уыцы Ирыстон!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.