Афтӕ фӕзӕгъынц, зæгъгæ, курдиатæн бамбæхсæн нӕй, стӕй йын балхӕнӕн дӕр нӕй. Уæдæ курдиатджын фӕсивӕд куыд нӕй Ирыстоны дæр.

Афтæ мæм фæкæсы, цыма аивадимæ баст адæм бынтон æндæр сты удыхъæдæй æмæ уагæй. Аивадимæ баст адæймагæн йæ хъуыдытæ æвзæр никуы уыдзысты. Аивад куыд рæсугъд у, афтæ рæсугъд вæййынц сæ удтæ, зæрдæтæ.

Нæ республикæйы цæрджытæ ныридæгæн хорз зонынц æмæ уарзынц æвзонг чызг Джиоты Любæйы. Сыгъзæрин зæрдæйы хицау, удæй балхæдта адæмы зæрдæтæ, уарзынц ын йе сфæлдыстад, йæ цардбæллондзинад.

Джиоты Любæйы ном Ирыстоны дыууæ хайы дæр айхъуыст телеканал «Осетия-Ирыстон»-ы вокалон проекты уæлахизы фæстæ. Уый у ХИПУ-йы журналистикæйы фа-культеты рауагъдон, «ЮОГУ-ТВ»-йы кусæг. Чызг æрæджы рамбылдта Цӕгат Ирыстоны национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон»-ы вокалон конкурс «АЗАР МА». Хъæлæсæппæрсты хатдзæгтæм гæсгæ Джиоты Любæ райста иууыл фылдæр хъæлæстæ æмæ фæхайджын ис «Приз зрительских симпатий»-йæ. Уый фæстæ цыбыр æмгъуыдмæ йæ конкурсон зарджытæ  систы Ирыстоны дыууæ хайы дæр уарзон – зæлынц радиойæ, машинæтæй, телефонтæй.

Мӕскуыйы 20 октябры уыдзæн Любæйы дыккаг солон концерт, уый тыххӕй фехъусын кодта зарӕггӕнӕг йӕхӕдӕг. Концерты организатортӕ сты не ‘мбӕстӕгтӕ – оперон зарӕггӕнӕг Хӕбӕлаты Лали, Битеты Наталья ӕмӕ Гасситы Фатимӕ.

«Уыдзӕн дзы зарджытӕ ӕрмӕст Хъодалаты Марияимӕ нӕ иумӕйаг альбом «Хурӕн зарыд мӕй»-йӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр популярон тректӕ, кӕцытӕ раздӕр зарыдтӕн. Аудитори ацы хатт уыдзӕн фылдӕр фыццаг концертмӕ абаргӕйӕ», – загъта уый.

«Кӕмӕдӕрты чизоны афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ зарæг «Хурӕн зарыд мӕй» ӕнкъард зарӕг у, фӕлӕ йӕм дзӕбӕх куы байхъусай, уӕд дзы ис бирӕ  позитив. Куы зарын ацы зарӕг, уӕд мӕм ӕрмӕстдӕр ахӕм ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕры», – банысан кодта Мария.

Мӕскуыйы солон концерты размӕ Джиоты Любæ ӕмӕ Хъодалаты Мария спрезентаци кӕндзысты альбом «Хурӕн зарыд мӕй» Цхинвалы. Музыкалон изӕр ацӕудзӕн 27 сентябры 19.00 сахатыл Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры.

Хъодалаты Мария у ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл зарджытӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕты автор. Цалдӕр азы размӕ ӕвзонг зарӕггӕнӕг ныффыста йӕ фыццаг клип «Ӕз бузныг дӕн» зарӕгмӕ. Уый ӕрхаста Марияйӕн канд Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны нӕ, фӕлӕ ма фӕсарӕйнаг хъусджыты уарзондзинад дӕр.

Ныртæккæ, хъыгагæн, зарæджы тексты мидисмæ зарæггæнджытæ уадиссаг сæ хъус нал дарынц. Æрмæст музыкæ зæрдæмæ хъуысæд, уый йедтæмæ, зæгъгæ, ныхæстæн ницы нысаниуæг ис. Æмæ фылдæр зарæггæнджытæ цыдæр далум-уалумтæ æрымысынц. Нæдæр сæ хъуыды вæййы, нæдæр – рифмæ, нæдæр дзырдтæ  кæрæдзийыл баст вæййынц…

Ацы чызджыты зарджытæ сты æндæр æмæ æндæр темæтыл – бирæвæрсыг, эмоционалон, цардмæ разæнгардгæнæг, зæрдæскъæф  сты сæ хъæздыг нывтæй, сæ ирд сурæттæй, цыбыр сюжеттæй æмæ мелодийы æххæстдзинадæй.

Аивад бæрзонд æмæ тыхджын у, йæ тæгтæ зæрдæйы тæгтау сты, уарзын æмæ æнгом кæнынц адæмыхæттыты, нæ бæстæйы цы бирæ нацитæ цæрынц, уыдоны алы культурæты. Аивады арф æвæрд ис адæмы зæрдæ, сæ цин, сæ хъыг, сæ истори, сæ æрвылбоны цардуаг. Æппынфæстаг, аивад адæймаджы кæны удæй хъæздыг, хъомысджындæр, хатт адæймагыл базыртæ базайы æмæ йæ фæфæнды æрмæстдæр хорздзинад тауын.

Хорз зарæг нæ зæронд кæны, æнусты цæры. Махмæ, сыхаг республикæты, кавказæгтæ æмхуызон цырен зард кæнынц сæ ритмикæмæ гæсгæ. Фæлæ ирон музыкæ, ирон мелоди æндæр у, хицæн. Ирон зарæгæн ис йæхи æнцой, йæхи зæлæвæрд, йæхи хицæндзинад. Иннæ адæмыхæттытæм куы акæсæм, уæд сæ мелодитæ сты иухуызон тагъд, схъиуд, гæпдугъ. Ирон зарджытæй алчи дæр йæхи исы уæзбынæй, æнцæйтты бæрзонддзинадмæ. Джиоты Любæ йæ зарджыты йæ уд бавæры, цæмæй райхæла дидинæгау, адæмы зæрдæмæ бацæуа, исты фæд ныууадза хъуыдыйæ, æвæрд мелодийы зæлæй. Хъуамæ иу бонон, чъиуы æууылдау, ма уа. Йæ зарджыты ис цавæрдæр тых, цыма адæймаджы йæ базыртыл сисынц, афтæ… Асыгъдæг кæнынц удрæбын къуымтæ рыст æмæ мастæй, адæймаджы зæрдæмæ хур ныккæсы, æмæ адæймагмæ цæрын æрцæуы.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.