19-æм июны Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты вокалон-инструменталон ансамблæн университеты актон залы уыд концерт. Æвзонг курдиатджын зарæггæнджыты интернеты руаджы базыдтой Хуссар Ирыстонæн æдтейæ дæр. Концертмæ сæрмагондæй фæхуыдтой æмæ дзы хайад райстой нæ республикæйы къухдариуæгад, Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Ардæм фæуазæг ис Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов дæр.

Концертон программæ уыдис цымыдисон æмæ алыгъуызон. Зал уыдис йемыдзаг адæмæй.

Мадзаламонджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй ХИПУ-йы вокалон-инструменталон ансамблæн ацы аз у юбилейон, сæххæст ыл ис фондз азы. Сæ концерт дæр организацигонд æрцыдис сæ архайд æмæ бакæнгæ куысты фæстиуджыты тыххæй.

Ацы вокалон-инструменталон къорды архайынц æвзонг, курдиатджын зарæггæнджытæ æмæ ныридæгæн систы уарзон Ирыстоны бирæ кæмæндæрты. Уыдонмæ арæх байхъусæн вæййы бынæттон радиойы руаджы дæр. Ансамблы солисткæ у Хъодалаты Мария, скъолайон азтæй нырмæ фыссы ирон зарджыты музыкæ æмæ ныхæстæ, афтæ ма цæгъды гитарæйыл дæр. Уымæй дарддæр ма Хъодалаты чызгæн ис тынг рæ-сугъд хъæлæс. Адæм æм хъусынтыл фæвæййынц æмæ йын йæ зардæй райсынц æхцондзинад. Уый зары Хуссар Ирыстоны зындгонд поэтты æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ дæр. Популярон ын ссис дзæнæттаг Гоозты Валерийы æмдзæвгæ «Мæйимæ ныхас»-ыл фыст зарæг.

Концерты ма сæ арæхстдзинад æвдыстой университеты студенттæ Аннæ Тхелидзе, Харебаты Марта, Елбачиты Дианæ, Цæгат Ирыстоны вокалон телеконкурс «Азар ма!»-йы телекæсджыты симпатийы приз рамбулæг Джиоты Любæ æмæ æндæртæ.

Йæ раныхасы университеты ректор Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта нæ республикæйы разамынадæн, университетмæ стыр хъусдард кæй здахынц æмæ йæ фарсмæ кæй æрбалæууынц, уый тыххæй. Стыр бузныг ма загъта студенттæн дæр, ахæм æмбæлон æмвæзадыл кæй сорганизаци кодтой æмæ ауагътой концерт, уый тыххæй. Ректор ма куыд банысан кодта, афтæмæй ХИПУ-йы студенттæ Хуссар Ирыстонæн æдтейæ дæр сæ республикæйы кад сисынц бæрзонд æмæ ахуыры дæр фæстæ нæ лæууынц. «Мæнæн тынг мæ зæрдæмæ фæцыдысты æнæ фонограммæйæ цы зарджытæ сæххæст кодтой студенттæ сценæйыл, уыдон. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр æмæ сценæйыл абон махæн рæсугъд зарджытæ чи æххæст кодта, уыдон се ‘ппæт дæр кæй ахуыр кæнынц тынг хорз æмæ сæ фылдæр та исынц номыл стипендитæ. Ныфс мæ ис, æмæ ма иу ахæм концерт кæй бацæттæ кæндзыстут нæ рауагъдонты хайадистæй», – загъта Тедейы фырт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дæр йæ хъуыдытæ загъта концерты тыххæй æмæ банысан кодта, æвзонг зарæггæнджытæ кæй архайдтой сценæйыл сæ курдиат равдисыныл æмæ сын æхсызгонæй кæй байхъуыста сæ зарджытæм. «Æз федтон университеты къухдариуæгад кæй тырныдта, цæмæй ацы чызджыты курдиат раргом уыдаид æмæ мын тынг æхсызгон у, абон æз дæр уæ концертмæ кæй æрбацыдтæн, уый», – загъта Бибылты Анатоли. Уый ма сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ загъта вокалон-инструменталон ансамблы къухдариуæггæнæг Æлборты Владимирæн студентты арæхстдзинад раргом кæныны сæраппонд йæ бакæнгæ куысты тыххæй.

Концерты кæрон Джиоты Любæ, Харебаты Марта æмæ Хъодалаты Мария хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæй.

Концерты кæрон Джиоты Любæ сæххæст кодта ныридæгæн популярон чи ссис, йæ уыцы зарæг «Дæу тыххæй», кæцыйы автор у Гæбæраты Альзирæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.