Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Цас цæссыг æмæ маст æрхастой ацы цалдæр дзырды Советон Цæдисы адæмтæн, цас туг, цал цардбæллон уды аныхъуырдтой. Æвыдæй нæ баззадысты ирон адæм дæр. Чысыл Хуссар Ирыстоныл дæр стыр зиæнттæ æрцыд. Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ Хуссар Ирыстонæй ацыдысты дыууын минæй фылдæр адæймаджы. Уыдонæй бирæтæ  баззадысты тохы быдыры. Фашизмы ныхмæ ирон фæсивæды хъæбатыр тох дунейæн диссагæн баззад. Сæ удтыл науæрдгæйæ, уыдон дæрæн кодтой фашистон Германы æфсады æмæ Советон Цæдисы нациты нымæцмæ гæсгæ, иууыл фылдæр хъæбатыртæ дæр ирæттæй уымæн уыд.

Хуссар Ирыстон сæрыстыр у, иумиаг Уæлахизмæ нæ адæм цы хайбавæрд бахастой, уымæй.

Нæ хæстонтæ фронтæй цы фыстæджытæ фыстой, уыдон кæд иууыл нæ, уæддæр дзы ар-хивтæм цасдæр бахауд. Се ‘хсæн ис, тохы быдырмæ бархионæй ацæуын кæй фæндыд, уыдоны куырдиæттæ дæр, æмæ се сгуыхтдзинæдты тыххæй уацтæ цы газетты уыд фыст, уыдон дæр.

Уыцы æрмæджытæй нæм цалдæр æрбарвыста архивы кусæг Лалыты Юля.

Мæнæ цы фыссынц хуссарирыстойнаг фæскомцæдисон чызджытæ, 1941 азы 20 июлы фæскомцæдисы Хуссар Ирыстоны обкоммæ кæй барвыстой, сæ уыцы куырдиæтты: «Нæ бæстæмæ нын немыцаг фашистон тыхгæнджытæ куы ‘рбабырстой æмæ нæ уарзон Райгуырæн бæстæйæн стыр тас куы у, уæд мах Советон бæстæйы чызджытæ-фæскомцæдисонты фæнды, цæмæй активон хайад райсæм Райгуырæн бæстæйы сæрыл тохты. Нæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, мах не ‘фсымæртæ, нæ фыдтæ æмæ не ‘мкъæйттимæ иумæ, уæхски-уæхск, тох кæндзыстæм прогрессивон адæймагады иууыл карздæр знаг – гермайнаг фашизмы ныхмæ, цæмæй тагъддæр дæрæн æрцæуа…»

Курдиатыл сæ къухтæ æрфыстой Джиоты М. И., Николенко Н., Плиты Къ. Г., Цхуырбаты М. Г., Цхуырбаты А. П., Тыджыты К. М. æмæ æндæртæ.

Архивы документты ‘хсæн ис, фронтæй партийы Хуссар Ирыстоны обкоммæ кæй æрæрвыстой, ахæм фыстæджытæ дæр. 1942 азы 12 октябры кæй æрæрвыстой, уыцы фыстæджытæй иуы фыстæуы: «Сымахмæ фыссы уæ хъомылгæнинаг æмæ æмкусæг Кокойты Барис Михаилы фырт… Æвæрд мыл æрцыд стыр бæрндзинад, æвзæрст æрцыдтæн артиллерион хайы партбюройы бæрнон нымæрдарæй. Цæттæ æмæ фидар кæндзыстæм Советон Райгуырæн бæстæйы æнувыд коммунистты, æмæ уыдонимæ иумæ, знаджы ныхмæ тох кæндзыстæм фæстаг туджы æртахы онг…»

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ Кокойты Барис куыста Хуссар Ирыстоны обкомы организацион хайады инструкторæй. Фашистон Герман нæ бæстæмæ куы æрбабырста, уæд Барис йе ‘ртæ æфсымæримæ ацыд Райгуырæн бæстæ фашисттæй бахъахъхъæнынмæ. Уый службæ кодта зенитон артиллерийы, активон хайад раста Керчы сæрыл тохты. Уым уæззау цæф фæцис. Куы фæдзæбæхдæр, уæд дарддæр тох кодта знаджы ныхмæ. 1941 азы 20 декабры йе ‘мкъаймæ йæ фыстæджы уый фыста: «Мæ зы-наргъ Тасенька! Бирæ рæстæджы дæргъы дæ фыстæг нæ истон æмæ дæ  фæстагмæ райстон ацы æхсызгон фыстæг. Райгуырд нын дыккаг лæппу Мельс. Æмæ нæ чысыл Анзорик та куыд у? Галиу митæ ма кæны? Зæгъ ын, дæ фыд, дам, тагъд æрцæудзæн.

Мæ зынаргъ Тася! Зонын æй, сусæгæй дæ цæссыгтæ калыс. Æмбарын дын дæ уæззаудзинад, уæлдайдæр та дыууæ сывæллонимæ æмæ мæ зæронд мадимæ æппæт уæз де уæхсчытыл кæй æрынцад, уый. Æгæр тынг уæ мысын, мæ зынæргътæ. Фенынмæ уал, уæхи Барис».

Барис Михаилы фырт йæ райгуырæн уæзæгмæ æрыздæхт фронтæй бирæ ордентæ æмæ майдантимæ.

Зæгъын мæ фæнды, Дзауы районы Нæзыджыны хъæуæй чи рацыд, Лалыты уыцы бинонты тыххæй.

Лалыты Къола Тъатъейы фырт æмæ йе ‘мкъай Цхуырбаты Наталья Гудийы чызгæн уыд 9 сывæллоны – 2 лæппуйы æмæ 7 чызджы.

Къола (Никъала) уыд зынгæ революционер, активон тох кодта Хуссар Ирыстоны Советон хица-уад ныббиноныг кæныныл. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд йæ лæппуимæ иумæ бархийæ ацыдысты фронтмæ.

Къолайы хистæр лæппу Владимир райгуырд 1917 азы горæт Сталиниры. Каст фæцис педагогон институт. Бацыд компартийы рæнхъытæм. Куыста Тамарашены сывæллæтты хæдзары директорæй. Фæстæдæр кусынмæ рахызт Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитетмæ. 1941 азы бархийæ ацыд фронтмæ. Уым æй снысан кодтой ротæйы политикон разамонæгæй. Знаджы ныхмæ тох кодта Керчы æрдæг сакъадахы. 1941 азы 15 сентябры йæ ныййарджытæм цы фыстæг æрæрвыста, уым фыста: «Уæ бон хорз уæд, мæ зынаргъ гыцци æмæ мæ уарзон хотæ. Базыдтон æй, мæ фыд æмæ мæ кæстæр æфсымæр Георги (Гогичка) бархийæ фронтмæ кæй ацыдысты, уый. Фыд фæлтæрд у революцион тохты, цыфæнды кары дæр уый хъахъхъæндзæн нæ Райгуырæн бæстæ, фæлæ Георги нырма æнахъом у, нæй йæм фæлтæрддзинад æмæ йæм мæ зæрдæ æхсайы. Гыцци, мах тыххæй ма æнкъард кæн. Мах не ‘ппæт дæр ныздæхдзыстæм уæ-лахизимæ æмæ нæ сæрыстыр уыдзыстут.

Зонын æй, гыцци, дæуæн æхсæв дæр æрхуыст нæй, цæмæй хæрдцух ма баззайой нæ бирæ бинонтæ, махмæ дæ зæрдæ æхсайы. Ма маст кæн, гыцци, тагъд дæм зындзыстæм. Мæ хотæ, хъусут гыццимæ, мацæуыл æй мæсты кæнут, æххуыс ын кæнут алы хъуыддаджы дæр. Пъатæ уын кæнын.  Уæхи Валодя».

Йе ‘мкъай Любæ та фыста: «Зынаргъ Люба! Боны  фæстаг-мæ дæ райстон, бирæ рæстæ-джы дæргъы кæмæ æнхъæлмæ кастæн, дæ уыцы фыстæг. Нæ дæ бауырндзæн, фæлæ йæ куы бакастæн, уæд фырцинæй мæ-хицæн бынат дæр нал ардтон, лæппу – Сослан нын кæй рай-гуырд, уый тыххæй. Зонын æй, дзидзидай сывæллонимæ дын зын у, фæлæ… Фидар лæуу. Знаг тагъд дæрæн æрцæудзæн. Мах куынæг кæнæм немыцаг тыхæйисджыты. Снысан мæ кодтой нæ хайы политикон разамонæгæй. Бæрнон куыст у, фæлæ йæ дæхæдæг хорз зоныс, æз кæмфæнды ма кусон, уæддæр куыстæй нæ тæрсын. Тагъд уæм уæлахизимæ зындзынæн. Валодя».

1942 азы газет «Красная звезда»-йы  цы уац фыст уыд, уый дзурæг уыд Лалыты Владимиры сгуыхтдзинæдтыл. Уацы автор фыста: «Тугкалæн тохтæ цыд Хъырымы зæххыл. Стыр æхсардзинад равдыста политикон разамонæг Лалыты Владимир. Æрмæст иунæг бон уый скуынæг кодта знаджы 50 салдат æмæ афицеры».

Владимиры кæстæр æфсымæр Георги Цхинвалы астæуккаг скъолайы дæсæм кълас каст куы фæцис, уæд æнтысгæйæ фæлварæнтæ радта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ. Гъе, фæлæ æвзонг лæппуйы йæ ахуыр нал æндæвта, уæлдайдæр та йæ фыд æмæ йæ хистæр æфсымæр фронтмæ куы ацыдысты, уæд фидарæй аскъуыддзаг кодта бархионæй фронтмæ ацæуын æмæ немыцаг фашисттæй йæ Райгуырæн бæстæйы бахъахъхъæнын.

1942 азы декабры мæнæ цы фыссы уый йæ фыстæджы: «Уæ бонтæ хорз уæд, мæ зынæргътæ! Мæ зæрдæ уæм тынг æхсайы. Æз удæгас æмæ æнæниз дæн. Æцæг уæ æрымысыдтæн. Зонын æй, цæрын уын кæй фæзын, фæлæ мæ ныфс ис, знаг тагъд дæрæн кæй æрцæудзæн, уымæй. Æрмæст иунæг бон мæхæдæг скуынæг кодтон 40 фашисты. Уый тыххæй мын мæ командæгæнæг саккаг кодта «Æхсардзинады тыххæй» майдан. Ныртæккæ стæм уæззау уавæры. Тугкалæн тохтæ цæуы Сталинграды сæрыл æмæ хæдзармæ куынæ уал æрыздæхон, уæд ма маст кæнут, зонут æй, нæ адæмы сæрибардзинад æмæ амонды тыххæй кæй фæмард дæн». Æмæ æцæгдæр, Сталинграды сæрыл карз тохты хъæбатырæй фæмард Георги. Лалыты бинонтæ бирæ фенхъæлмæ кастысты Владимир æмæ Георгийы æрцыдмæ, фæлæ се ‘нхъæлмæкаст дзæгъæлы фæцис. Сæ дыууæ дæр абоны онг нымад цæуынц æбæрæг сæфтыл.

Фронтæй æрыздæхт сæ фыд Къола. Йæ фырттæ куы никæцæй зындысты, уæд бирæ фæмаст кодта, фæлæ йæхи не ‘руагъта, йæ цардæмбалимæ схъомыл кодтой аккаг чызджытæ.

Сæ нæмттæ рох никуы уыдзысты, нæ адæмы сæрибардзинады тыххæй се ‘взонг удтæ чи радта, уыдонæн.

Осиаты Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.