Æрвылаз дæр Хуссар Ирыстоны уæрæхæй банысан кæнынц Стыр Уæлахизы бæрæгбон.  Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ ацы Стыр Уæлахизы тыххæй сæ сæртæ нывондæн æрхастой милуангай адæймæгтæ, уыцы нымæцы Ирыстоны фырттæ æмæ чызджытæ дæр. Куыд Уæрæсейы Федерацийы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр ацы бæрæгбон нымайынц иууыл ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иуыл. Хъыгагæн, ацы аз Стыр Уæлахизы 75 азы бæрæгбон зæрдæйы фæндиаг нæ банысан кодтой куыд Уæрæсейы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр карантины тыххæй. Фæлæ уæддæр нæ республикæйы алыгъуызон мадзæлттæй ссардтой уæлахизхæсджыты нæмттæ.

Иу ахæм мадзал «Будут жить, пока помним», зæгъгæ,  уагъд æрцыд Дзауы районы дæр. Бацæттæ йæ кодтой  районы администрацийы культурæйы хайады кусджытæ Цхуырбаты Галинæйы къухдариуæгадæй. Мадзалмæ æрбацыдысты Дзауы районы  администрацийы кусджытæ Джиоты Андрейы сæргълæудæй, районы хъæууон администрациты сæргълæуджытæ æмæ кусджытæ, культурæйы фадыджы минæвæрттæ, районы ветеранты советы сæрдар Гатыгкоты Мананæ.

Райдианы уал æрæмбырдуæвджытæ бацыдысты, Дзауы поселочы Кады аллеяйы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты номыл цы цырт æвæрд ис, уырдæм. Районы администрацийы кусджытæ Джиоты Андрейы сæргълæудæй венок æмæ дидинджытæ сæвæрдтой цырты раз. Цырты раз ма венок æмæ дидинджытæ сæвæрдтой УФ-йы æдасдзинады федералон службæйы арæнгæрон управленийы минæвæрттæ, районы тыхон структурæты кусджытæ æмæ поселочы цæрджытæ. Уыдон, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой хæсты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæ ацыдысты районы киноконцертон залмæ, цыран уагъд æрцыд цытджын мадзал Стыр Уæлахизы цытæн. Мадзал амыдта Хуыцъейы хъæууон администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Тотыр. Уый арфæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ радзырдта, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты  рæстæджы советон адæм цы фыдæвзарæнтыл рацыдысты, уый тыххæй. Афтæ ма банысан кодта Стыр Уæлахизы нысаниуæджы тыххæй. «Абон бирæ бæстæтæ, уыцы нымæцы АИШ фæлварынц истори сзыгъуыммæ кæныныл. Фæлæ уый сæ къухы нæ бафтдзæн, уымæн æмæ Стыр Уæлахизы тыххæй советон адæм стыр аргъ бафыстой. Хъуамæ нæ зæрдыл дарæм нæ ветеранты сгуыхтдзинæдтæ æмæ сæ дзурæм рæзгæ фæлтæртæн. Абон мах уыдоны фæрцы цæрæм сабыр арвы бын. Стыр плæнттæ нын бæргæ уыд, хъуамæ уæрæхæй банысан кодтаиккам Уæлахизы 75 азы бæрæгбон, фæлæ ко-ронавирус кæй апарахат, уымæ гæсгæ ивд æрцыдысты. Фæлæ уæддæр мах нæ хæсыл банымадтам хæсты ветеранты нæмттæ иу чысыл мадзалæй ссарын». Районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей дæр æрдзырдта иууыл дæргъвæтиндæр æмæ тугкалæндæр хæсты советон адæмы, уыцы нымæцы Ирыстоны хæстонты хъæбатырдзинæдты тыххæй.

«75 азы размæ фашистон Герман дæрæн æрцыд йæ лæгæты æмæ афтæмæй фактон æгъдауæй Советон Цæдис йæ уи-дæгтæ стыдта фашизмæн. Ацы Стыр Уæлахизмæ стыр хайбавæрд бахастой Хуссар Ирыстоны цæрджытæ дæр. Æрмæст Дзауы районæй хæстмæ ацыдысты 2 минæй фылдæр адæймаджы. Уыдонæн се ‘мбис дæр нал æрыздæхтысты сæ Райгуырæн бæстæмæ. Ацы цытджын мадзалы мах арæм нæ кадджын ветеранты нæмттæ», – банысан кодта Джиоты Андрей.

Уый фæстæ райдыдта концерт, цыран хайад райстой зарæггæнджытæ Къæбысты Маир, Санахъоты Алан, Хуыцъейы Культурæйы хæдзары вокалон къорд «Нартæ». Уы-дон сæххæст кодтой хæстон, хъайтарон зарджытæ.

«Бæрæгбонон мадзалы хъуамæ хайад райстаиккой районы скъолаты ахуыргæнинæгтæ дæр, фæлæ нæ республикæйы коронавирус кæй фæзынд, уымæ гæсгæ сæ нал бауагътам сæ номыртæ сæххæст кæнын. Фæлæ та уыдзæн рæстæг æмæ уæд уæрæхдæрæй банысан кæндзыстæм ацы ахсджиаг бæрæгбон», – загъта Цхуырбаты Галинæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.