Ис ахæм рагонд æмбисонд: лидзæг дæр, дам, Хуыцаумæ куывта æмæ сурæг дæр. Хорз нæ кæуыл æрцæуы, кæй зæрдæ барухс вæййы, уый дæр фыццаг «Табу Хуыцауæн» фæзæгъы. Тыхст, уæззау, тасæвзарæны бахауæгæн дæр йæ фыццаг ныхас: «Хуыцау, баххуыс кæн», вæййы. Уымæн æмæ нын Хуыцау иумæйаг у, уымæ ма у не скаст. Кæд уымæй дæр фыдæнхъæл арæх фæвæййæм, уæддæр. Фæлæ уый нæхи – Хуыцауы сфæлдисгæ адæмæн сæхи аххос у… Хуыцаумæ ма æрмæст кувгæ кæй кæнæм, фæлæ йын йæ фæдзæхстытæ кæй нал æххæст кæнæм, уый фæстиуæг у.

Ис ма ахæм æмбисонд дæр: æмуд цуанæттæ саг марынц, æмуд бинонтæ цард арынц… Хуыцауы бын нæ æмуддзинадыл нæ къух кæй систам, уый дæр ныл, æвæццæгæн, уымæн рахæты. Иумæ куы вæййæм, кæрæдзийы хъæр куы фембарæм, уæд хуыздæр ацæуынц нæ хъуыддæгтæ дæр. Нæуæдзæм азты райдайæны уыдыстæм æмуд, кæрæдзийы ныхасмæ хъуыстам, кæрæдзийы æмбæрстам æмæ фæуæлахиз стæм нæ уæззау хъысмæтыл. Уæд, Республикæ куы расидтыстæм, уыцы рæстæджы бирæты нæ уырныдта, уыцы республикæйæн сомбон кæй уыдзæн, уый. Фæлæ сырæзт, цы райгуырд уый, кæд æй арæх цæсты æмæ тасы бафтауæм, уæддæр.

Ивгъуыд аз нæ республикæ расидыныл æртын азы сæххæсты юбилей нысан кæныны рæстæджы фæзуатмæ цъус адæм кæй æрбацыд, уый Ирыстоны «хъысмæтыл сагъæсгæнджытæ» фæкодтой президенты аххос, уый, дам, æркодта адæмы уыцы уагмæ… Бирæ дзуринæгтæ, бирæ зæгъинæгтæ ис, адæмы æцæгæй чи цы уагмæ кодта æмæ æркодта, уыдонæй алкæйы тыххæй дæр, фæлæ ныртæккæ дзырд ууыл нæ цæуы. Дзырд цæуы бæрæгбоныл æмæ бæрæгбон нысан кæныныл. Боныфæстагмæ, нæхи цы Хуыцауыл фæдзæхсæм, уыцы Хуыцауы бын цытæ æмæ цы митæ кæнæм, ууыл. Уыцы бон президентæн нæдæр йæ гуырæнбон уыд, нæдæр – йæ дзуарыбон! Уыцы бон уыд, Ирыстоны хъæбулты хуыздæртæ сæ цард кæй тыххæй рауæлдай кодтой, ирон адæм æнæкæрон бирæ хъизæмæрттæ кæй тыххæй бавзæрстой, уыцы республикæйы бæрæгбон. Президенты (чифæнды ма уæд) чи нæ уарзы, уымæн йæ бар йæхи у, ма дæр йæ гуырæнбонмæ бацæуæд, ма дæр – йæ дзуарыбонмæ, фæлæ иумæйаг бæрæгбонмæ ма бацæуын искæй æфсон чи фæкæна, уымæн ма Хуыцау дæр цы хъуамæ баххуыс кæна?..  Не стыр, нæ иумæйаг бæрæгбонтæ кæм фæнысан кæнæм, уыцы фæзуат бирæ президенттæ федта æмæ фендзæни, фæлæ мах иу Ирыстон йедтæмæ нæ федтам æмæ нал фендзыстæм. Уыцы бон Ирыстоны знæгтæ бынтондæр нæ хъуыды кодтой, Ирыстоны президент чи у, адæм бæрæгбонмæ цæмæннæ æрбацыдысты, уыдæттыл, уымæн æмæ уыдонæн уыдæттæ уæлдай сты. Уыдонæн сæйраг уыд, æртын азы размæ Ирыстоны хæдбардзинад чи расидт, уыдоны равзæрст фæндагыл ирон адæмы абоны фæлтæр æнувыд кæй нал сты, уый æппæт адæмтæн бауырнын кæнын. Æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта, уымæн æмæ логикон æгъдауæй раст сты… Европæйаг лæгæн ницы хуызы бауырнын кæндзынæ, кæй ис афтæ гæнæн æмæ иумæйаг паддзахадон бæрæгбонмæ искæй фыдæнæн ма æрбацæуай…

Ныртæккæ дæр та стæм, ноджы стырдæр, æппæт рæстагон адæмтимæ иумæйаг бæрæгбон нысан кæныны къæсæрыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый нæ хæдбардзинады бон нæу, уый æрмæст мах бæрæгбон нæу, фæлæ 9-æм майы бæрæгбон куынæ уыдаид, фашизм дæрæн æмæ куынæг куынæ æрцыдаид, уæд нал уыдаид Ирыстон дæр æмæ хæдбардзинад чи расидт, уыцы ирон адæм дæр.

Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе, уым ирон туг дæр ныккалд. Ныккалд, бирæ адæмтæй æнæвгъаудæрæй, цæстуарзондæрæй. Кæд Гитлеры æрцыдмæ урс бæх сыгъзæрин фæлыст саргъимæ чи æрцæттæ кодта, нæ иумæйаг райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй чи рацыд, уыдонæй хуыздæр нæ цæрæм, уæддæр мах искæйты ма хъуамæ фæзмæм. Мах, нымæцмæ гæсгæ хъайтардзинадæй фыцццаг бынат кæй бацахстам, уый тыххæй æрмæст дзургæ ма хъуамæ кæнæм, фæлæ йæ æвдисæм хъуыддагæй, уыцы хъайтарты тугкалдæй сæрыстыр кæй стæм æмæ сын сæ кад, сæ намыс кæй никуы ферох кæндзыстæм.

Милуангай адæймæгты цард чи ахаста, зæххы къорийы иу хай арт æмæ зынджы хай чи бакодта, уыцы стыр хæсты ирон адæм нымæцмæ гæсгæ  иууыл стырдæр хъайтардзинад куыд равдыстой, иууыл стырдæр æфхæрд дæр афтæ баййæфтой. Æрмæст иугай хæдзæрттæй æвдгай, æхсæзгай, фæндзгай фырттæ цы Ирыстонæй ацыд тохы быдырмæ, уыцы Ирыстоны ма мыггаг адарддæргæнджытæ куыд баззад, уый диссагæн дзуринаг у! Нæ уæды иумæйаг райгуырæн бæстæйы цæрджытæй йæ ныппырхы фæстæ нард хæйттæ кæмæ æрхауд, уыцы æндæр адæмтæ æмæ нацитæй бирæтæ сæдæгæйттæ, мингæйттæй сæхи æмбæхстой, хæстæй сæхи бафснайдтой, армыдзаг ирон адæм та æзфæраздæронæй сæхи хæсты цæхæрмæ æппæрстой. Æмæ бынсæфт фæцис Ирыстон. Дыууынæм азы геноциды фæстæ йæ къахыл æдæрсгæ чи нæма слæууыд, уыцы цагъдуæлдай Ирыстоны демографион уавæрыл ногæй æрцыд фыдусы æлгъыст. Кæд бындурзылд нæ фестæм, уæддæр хæсты фæд нæ адæмы нымæцыл афтæ разынд, уый бæрц сцыбыр æмæ слæмæгъ стæм, цæмæй та нæм не ‘нусон знæгтæ – гуырдзы, ногæй сæ ныфс бахæссой цæгъдынмæ, скуынæг кæнынмæ. Уæлдай зындæр æмæ кæуинагдæр уый у, ирон адæм ахæм æдых æмæ æнæбоны уавæрмæ цы Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау тохы фæстиуæгæн æрхаудтой, уыцы Райгуы-рæн бæстæ гуырдзыйæн фæлмæн «макæ» дæр кæй нæ загъта…

Фæлæ цы кæнæм, кæмæн скæуæм. Хуыцауы фæндæй не ‘ргъомбасты цы фæцис, уымæн нын цынæ хæсгæ ис. Мах хъуамæ æмбарæм, уыцы стыр хæсты йæ туг чи ныккалдта, уыдон нæ разы бынтондæр кæй ницы аххосджын сты. Уыдон сæ цард радтой уый тыххæй, цæмæй мах цæрæм. Æмæ мах хæсджын стæм, цæмæй сæ ма ферох кæнæм, алы бæрæгбоны дæр сын арæм сæ рухс ном. Мах, абоны фæлтæр, афтæ куынæ кæнæм, нæ рæзгæ фæлтæрæн цæвиттон куынæ уынын кæнæм, уæд сомбон ничиуал хъуыды кæндзæн мах дæр æмæ уæд бынтон бынысæфт æмæ æвæдмæ цæуæм. Мах дæр æмæ Стыр Уæлахиз æрхæссыны хъуыддаджы сæйраг уæлахизхæссæг чи у, уыцы стыр уырыссаг адæм дæр.

Ныртæккæ Стыр Уæлахизы бон цæстысындз кæмæн у, адæймагады иууыл фæрнæйдзагдæр æмæ хæрзиуæгондæр æргъадтæ æцæгæлон кæмæн систы, уыцы европæйаг æмбыд хæрвы тыхт политикæйы фыдæнæн хъуамæ фидар фæлæууæм æмæ фенын кæнæм, цардæн рæстдзинад æмæ лæгдзинады барæнтæй чи аргъ кæны, ахæм адæм æмæ адæмтæн басæттæн кæй нæй.

9-æм майы нæм, Стыр Уæлахизы бон аккагæй банысан кæнынмæ æнхъæлмæ кæсы хъайтар горæт Цхинвалы сæйраг фæзуат!

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.