Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзæн проект «Здравствуй Россия»-йы, кӕцы уагъд ӕрцӕудзӕн горӕт Мӕскуыйы августы мӕйы. Информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры проекты тыххӕй журналисттӕн радзырдта «Россотрудничество»-йы минӕварады къухдариуӕггӕнӕг Сергей Скворцов. Хуссар Ирыстонӕй Мӕскуымӕ цы командӕ ацӕудзæн, уыдон ӕхсӕн ис 18 сывӕллоны, 14 азӕй 17 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕмтӕ. Ацы фӕсивӕд сты алыгъуызон сфӕлдыстадон конкурсты, уырыссаг ӕвзаг, истори ӕмӕ  культурӕ зоныны фӕдыл викторинӕтӕ ӕмӕ  олимпиадӕты уӕлахиздзаутӕ.

«Ӕрвылаз дӕр ӕппӕт дунейы рахицӕн кӕнынц 14-17 аз кӕуыл цӕуы, ахӕм курдиатджын сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ сӕхи равдисынц хуыздӕр фарсӕрдыгӕй алыгъуызон мадзӕлтты. Уыдон, фыццаджыдӕр, баст вӕййынц уырыссаг истори ӕмӕ культурӕимӕ.  Проекты сӕйраг нысан дӕр уый у, цӕмӕй ӕвзонг фӕсивӕд сӕхи цӕстӕй феной ӕмӕ базонгӕ уой Уӕрӕсейы культурӕимӕ, йӕ ӕнтыстытимӕ. Афтӕмӕй фӕсивӕд райсдзысты уæлæмхас фадæттæ уырыссаг æвзагыл дзурынæн, ног æмбæлттæ ссарынæн. Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы зонынц ӕмӕ йӕ уарзынц, уымӕ гӕсгӕ сын ӕнцондӕр уыдзӕн проекты хайад райсын. Фӕлӕ ӕндӕр бӕстӕтӕн та уый фадат ратдзӕн Уӕрӕсейы фенын ӕмӕ йемӕ базонгӕ уӕвынӕн»,- банысан кодта Сергей Скворцов.

Ацы аз проекты хайад райсдзысты дунейы 50 бӕстӕйӕ фылдӕр скъоладзаутӕ. «Россотрудничество»-йы ацы проект у уникалон фӕсарӕнты цӕрӕг æмфыдыбæстæйонтæн. Сергей Скворцовы ныхӕстӕм гӕсгӕ йӕ хайадисджытӕ дих ӕрцӕудзысты командӕтыл, алкӕцы командӕйӕн дӕр уыдзӕнис йӕхи маршрут.  Проекты хайадисджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы хъӕздыг ӕмӕ цымыдисон программӕ. Уыдонæн фадат уыдзӕнис Уӕрӕсейы сӕйраг горӕттӕ Мӕскуы, Санкт-Петербург ӕмӕ Казанмӕ ацӕуынӕн. Ӕнхъӕлмӕ сӕм кӕсы алыгъуызон цымыдисон экскурситӕ, зынгӕ адӕмимӕ фембӕлдтытӕ, фендтаг бынӕттӕм ацӕуын. Проекты хайадисджытӕ  хайад райсдзысты Уӕрӕсейы Федерацийы Адӕмон артист Сергей Безруковы концерты, кӕронбӕттӕны сын уагъд ӕрцӕудзӕнис бал.

Цхинвалы скъола-интернаты ахуыргӕнӕг Бететы Олеся у проекты хайадисджытӕн дзуапп чи дӕтдзӕн, уыдонӕй сӕ иу. Олеся куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ сын проекты архайджытимӕ ныридӕгӕн уыд цалдӕр фембӕлды, скъуыддзаг кодтой алыгъуызон фарстатӕ. Проекты хайадисджытимӕ иумӕ командӕ «Нартский Эндельвейс»-ӕн фадат уыдзӕн ӕндӕр бӕстӕты се ‘мкарӕнтӕн радзурой абон Хуссар Ирыстон куыд цӕры, уый тыххӕй. Уыдон бацӕттӕ кодтой тынг цымыдисон видеоролик, цыран цыбыртӕй ӕвдыст цӕуынц нӕ республикӕйы фендтаг бынӕттӕ, культурӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй.  Музыкалон номыр сæххӕст кæндзæн дунеон бирӕ конкурсты ӕмӕ фестивалты хайадисӕг Зассеты Максим.

«Фидарӕй мӕ фӕнды зӕгъын ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ кӕй сты тынг курдиатджын, уый бӕрӕг уыдис ролик аразыны рӕстӕджы дӕр. Хуссар Ирыстоны хайадисджытӕн фадат уыдзӕн ӕндӕр бӕстӕты фӕсивӕды хъусдард аздахын нӕ респуликӕмӕ, нӕ традицитӕ ӕмӕ сын культурӕйыл ӕрдзургӕйӕ. Ныфс мӕ ис ӕмӕ сӕхи кӕй равдисдзысты аккагæй»,- банысан кодта уый.

Проекты хайадисӕг, алыгъуызон конкурстӕ ӕмӕ фестивалты уӕлахиздзау, уырыссаг культурæйы IХ Ӕппӕтадӕмон конкурс «Истоки»-йы I къӕпхӕны лауреат Зассеты Максим фембӕлды радзырдта, зӕгъгӕ йӕ Мӕскуыйы фенын фӕнды Кремль ӕмӕ ВДНХ-йы.

«Электроникӕйӕ кӕй архайын, уымӕ гӕсгӕ мын тынг цымыдисон у Уӕрӕсейы Технопарк фенын. Ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын ацы проектмӕ, тынг цымыдисон уыдзӕнис ӕндӕр адӕмыхӕттыты адӕмимӕ ныхас кӕнын», – загъта Максим.

Сывӕллӕттӕ Мӕскуыйы фӕуыдзысты фондз боны бӕрц. Короновирусы тыххӕй хъахъхъӕд ӕрцӕудзысты ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр.

Культурон-ахуырадон программӕ «Здравствуй Россия» уӕвынад кӕны 2014 азӕй фӕстӕмӕ, кӕцыйы сорганизаци кӕны «Россотрудничество». Ахӕм хуызы балцытӕ дунейы ӕвзонг фӕсивӕдӕн фадат дӕттынц Уӕрӕсеимӕ зонгӕ кӕнынӕн.

КОКАЙТЫ Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.